ФУТБОЛ

Цхинвалы бынæтон командæтимæ хæларадон хъæзтытæ акодта Дзæуджыхъæуы сывæллæтты футболон командæ «Барс». Уый уал нырма фембæлд командæ «Фæранк»-имæ. Хъазты фыццаг æмбисы фысымтæн бантыст 2 пуртийы бакæнын, фæлæ фембæлды дыккаг хай уазджытæн сæ бон ссис хыгъд сæмхуызон кæнын æмæ афтæмæй хъазт фæцис  2:2 хыгъдæй.

«Тынг хорз командæ у «Барс». Уыдон арæх хайад фæисынц алыгъуызон турнирты. Хъуамæ рамбылдтаиккам, фæлæ нын хъазтмæ фаг рæстæг кæй нæ уыд, уый аххосæй командæ хорз цæттæ нæ уыд. Стыр бузныг дæн уазджыты командæйы тренер Æлборты Русланæй. Стæм хатт нын исчи сразы вæййы Цхинвалмæ æрцæуыныл», – банысан кодта цхинвайлаг командайы тренер Бекъойты Ацæмæз.

«Барс»-ы командæйы тренер Æлборты Русланæн ма бузныг загъта РХИ-йы  футболон скъолайы тренер Бестауты Къæдзæх. Уымæн та йæ командæ-имæ дзæуджыхъæуккæгтæ ахъазыдысты дыккаг бон. Ам æнтыстджындæр разындысты фысымтæ æмæ рамбылдтой 2:1 хыгъдæй.

 

СПОРТИВОН ХЪÆБЫСХÆСТ

Францы фæцис дунейы чемпионат спортивон хъæбысхæстæй. Уæгъдибар хъæбысхæсты ерысты Уæрæсейы æмбырдгонд командæ рамбылдта æртæ æвзист æмæ дыууæ та бронзæ майданы. Уыдонæй иу æвзист майдан рамбылдта Цæболты Хетæг (74 кг), фæйнæ бронзæ майданы та – Гогаты Алан (65 кг) æмæ Уалыты Владислав (86 кг).

Ирон хъæбысхæсты скъолайы минæвæрттæй ма майдантæ рамбылдтой Сомихстоны спортивон кад хъахъхъæнæг Четиты Георги (97 кг) æмæ Азербайджаны командæйы сконды архайæг Æлборты Асланбег.

Хуриты Батрадз  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.