Республикæ Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстыты фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцион закъоны 49-æм статьямæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамис  уынаффæ кæны:

  1. Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстытæ нымад æрцæуæд.
  2. 2017 азы 9 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстыты фæдыл хъæлæс дæттыны фæстиуджытæм гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы 2017 азы 12 апрелы суагъæ фидар æрцæуæд.
  3. 2017 азы 9 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны президентон æв-зæрстыты хъæлæс дæттыны фæстиу-джытæм гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бынатмæ æв-зæрстыл нымад æрцæуæд Бибылты Анатоли Ильяйы фырт.
  4. Ацы уынаффæ мыхуыр æрцæуæд дзыллон информацийы фæрæзты æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Цент-ралолн æвзарæн къамисы сайтыл.

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы сæрдар Плиты Б. В.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы нымæрдар Аулохты К.И.

г. Цхинвал, 2017 азы 12 апрель

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.