Нæ горæты чысыл базар кæй хонæм, ома,  Исахъы уынджы чи ис, уый цалдæр азы размæ ногæй кæй сырæзт, уый бирæбæрцæй фæрогдæр кодта куыд базаргæнджыты къух, афтæ æлхæнджыты къух дæр. Иуæй базаргæнæн бынæттæ фæфылдæр сты, иннæмæй та дзы уавæртæ бæрæг фæхуыздæр сты. Ног базары сырæзт ма фæахъаз, æддейæ уынгты чи базар кодтой, уыдонæн мидæгæй бынæттæ фæзындзынæн. Уыдон-иу афтæ сбирæ сты, æмæ-иу тротуартыл ахизæн нал уыд фистæгæй цæуджытæн. Джиоты Аланы уынг æмæ Исахъы уынджы тигъыл 2-æм скъолайы ныхмæ дæр ма лæууыдысты. Хъæууон цæрджытæй дæр йæ продукци чи ласта, уыдон дæр лæууыдысты ам. Базаргæнджытæ канд тротуартыл цæуджыты нæ хъыгдæрдтой, фæлæ ма антисанитари дæр æвзарын кодтой.

Базармæ мидæмæ кæй нæ куымдтой, уымæн йæ аххосаг хуыдтой базары домæнтæн, дам, дзуапп нæ дæтты, зæгъгæ. Зымæгон бонты, дам, дзы вæййы дымгæ. Уымæй дарддæр, дам, мидæгæй фаг бынæттæ нæй.

Афтæмæй ацы проблемæ бирæбæрцæй скъуыддзаг æрцыд. Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фæлгæтты цы объекттæ арæзт æрцыдысты, уыдон æмрæнхъ сырæзт базар дæр. Проектмæ гæсгæ базар дих æрцыд дыууæ зонæйыл – æхгæд базарадон павильоны æмæ гом базаргæнæн фæзуат. Æхгæд павильоны ис дзидза, æхсыры продукттæ æмæ кæсаг уæйгæнæн хайадтæ. Гом базаргæнæн фæзуаты та æвæрд ис тæрхджытæ, чи не згæ кæны, ахæм зестæй. Уый, сæйраджыдæр, арæзт  æрцыд, хъæуæй сæ хъæууонхæдзарадон продукттæ чи ласта, уыдонæн. Къорд рæстæг базары раз фæтк уыд. Йæ разы ничиуал лæууыд, базаргæнинæгтæ уæй цыдысты мидæгæй.

Фæлæ та ныр фæстаг рæстæджы базары раз фенæн ис, дыргътæ æмæ халсæрттæ чи уæй кæны, ахæм базаргæнджыты. Сæ разы вæййы цыхты гуымбылтæ æмæ æхсыры продукттæ дæр. Уыдон та сты, хъæутæй чи æрцæуы йæ уæййæгтимæ, ахæм базаргæнджытæ. Кæд сæ искæмæн бантысы сæ продуктты иу хай ауæй кæнын, кæннод сæ ратты асламдæр аргъыл базары мидæгæй æппынæдзух чи лæууы, уыдонмæ. Кæд мидæгæй сæрибар бынæттæ разыны, уæддæр хуыздæрыл банымайынц æдтейæ, уынджы сæ продукттæ равæрын. Уый та уымæн, æмæ хъæууон цæрæг фæтагъд кæны фæстæмæ йæ хæдзармæ. Фæфæнды йæ, цæмæй йын тагъддæр ауæй уой æмæ дарддæр йæ куыстытæ бакæной.

О, фæлæ та тæссаг у раздæры уагмæ раздахынæй.

О, ис ма нæ горæты стыр базар, Гуыбаты æфсымæрты уынджы, чи ис, уым уæйгæнæн бынæттæ бирæ ис, фæлæ цæмæдæр гæсгæ ам æрмæстдæр хуыцаубон бонты базар кæнынц, иннæ бонты йæм æлхæнджытæ нæ цæуы. Хъæууон лæджы та фæнды, йæ уæййаг фылдæр адæм кæм змæлы,  уырдæм хæссын, тагъддæр сæ ауæй кæнын.

Мах кад кæнæм йæ къухты, йæ тыхы руаджы чи бакусы æмæ афтæмæй чи фæуæй кæны хи æркæнгæ дыргътæ æмæ халсæрттæ. Æмæ сын æмбæлон фадæттæ хъуамæ уа сæ продукттæ реализаци кæнынæн.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.