Республикæ Хуссар Ирыстоны алы хатт дæр стыр цытимæ, алыгъуызон мадзæлттимæ банысан кæнынц Уæрæсейы бон.

Хуссар Ирыстоны Национ музей Уæрæсейы боны цытæн бацæттæ кодта бæрæгбонон равдыст «Уæрæсеимæ иумæ».

Равдыст байгом дыууадæсæм июны. Мадзалмæ æрбацыдысты Хуссар Ирыстоны культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, æхсæнады ми-нæвæрттæ, студенттæ, скъоладзаутæ æмæ сæ   ахуыргæнджытæ.

Мадзалмæ æрбацæуджытæ цымыдисæй бабæрæг кодтой равдыст. Музейы кусджытæ алкæмæн дæр сæ фарстатæн æхсызгонæй лæвæрдтой дзуаппытæ, алкæмæн дæр уыд бæрæгбонон хуыз. Мадзалы райдианы уазджытæн, мадзалы æппæт архайджытæн бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта музейы директор Зассеты Мераб.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, махæн Уæрæсе у сабырдзинады æмæ размæцыды гарант, нæ республикæйы адæм стыр аргъ кæнынц нæ бæстæтæ æмæ нæ адæмты ‘хсæн хæларадон ахастытæн. «Ныфс мæ ис æмæ мæ уырны, ацы ахастытæ дарддæр дæр кæй рæздзысты æмæ фидар кæндзысты. Ацы паддзахадон бæрæгбон Уæрæсейы бирæнацион адæмтимæ иумæ мах дæр нысан кæнæм сæрыстырæй. Арфæ уын кæнын æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы бирæ хорздзинæдтæ. Фæнды мæ, цæмæй уæ зæрдыл дарат æмæ аргъ кæнат, Стыр Уæрæсе нæ адæмæн цы стыр æххуыс кæны, уымæн, цæмæй ацы бæрæгбон – Уæрæсейы бон мах дæр нысан кæнæм алы хатт хъæлдзæгæй æмæ зæрдæрухсæй».

Арфæйы ныхæстæ ма ракодта культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ. Бузныг загъта мадзалы организатортæн, мадзалмæ æрбацæуджытæн æмæ хайадисджытæн. «Махæн ацы бæрæгбон иумæйаг у, æмæ йæ нысан кæнæм 12 июны Уæрæсейы адæмимæ иумæ. Уæрæсейы хъысмæт мах адæмы хъысмæт дæр у», – загъта ма уый.

Равдыстæй дарддæр ма музейы кусджытæ скъоладзаутæн бацæттæ кодтой хиирхæфсæн программæ. Мæскуыйаг микрорайоны фыццæгæм скъолайы ахуыргæнинæгтæ аив бакастысты æмдзæвгæтæ Уæрæсейы тыххæй, сæххæст кодтой кæфтытæ æмæ зарыдысты зарджытæ. Мадзаламонджытæ, 1-æм скъолайы хистæркъласонтæ, дзырдтой бæрæгбоны сæвзæрыны историйы тыххæй, Уæрæсе æмæ Ирыстоны ‘хсæн ахастыты тыххæй, зындгонд адæймæгты ныхæстæй цитатæтæ.

Сывæллæттæн ма ауагътой викторинæ дæр. Фылдæр фарстатæн чи сдзуапп кодта, уыцы сывæллæттæн радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Мадзалы кæрон музейы кусджытæ уазджытæн æмæ мадзалы хайадисджытæн сæвæрдтой адджын фынг.

Музейы директор райгондæй баззад мадзалы архайæг Мæскуыйаг микрорайоны 1-æм скъолайы    ахуыргæнинæгтæй. Бузныг загъта ацы скъолайы директор Гобозты Русуданæн, ахуыры хайады сæргълæууæг Радул Анжелайæн æмæ хæдархайгæ къорды разамонæг Хуыгаты Вандайæн, мадзал кæй барæсугъд кодтой, уый тыххæй.

Дзебысаты Г.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.