Гуырдзыстоны райстой ног закъон «О защите семейных ценностей и несовершеннолетних» ӕмӕ тагъд рӕстӕджы ивындзинӕдтӕ бӕхӕсдзысты бӕстӕйы Конституцимӕ ӕмӕ Уголовон кодексмӕ. Закъоны фӕлгӕтты ЛГБТ-йы пропагандӕйы акцитӕ уадзыны бар нал уыдзӕн ӕмӕ адӕймаджы ӕрд фӕивынӕн операцитӕ саразыны фӕдыл та хӕсдзысты уголовон бӕрндзинад. Ацы хъуыддаг фылдӕр хауы дохтыртӕм, кӕцытӕ нырӕй фӕстӕмӕ карзӕй ӕфхӕрд цӕудзысты ахӕм фыдракӕндтӕ саразыны фӕстиуӕгӕн – ахӕстонмӕ сӕ ӕрвитдзысты суанг цыппар азы ӕмгъуыдмӕ.

Уымӕй уӕлдай ма Конституцийы сфидар кӕндзысты, цӕмӕй бинонтыл нымад цӕуой ӕрмӕстдӕр нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг, кӕцытыл цӕуа 18 азӕй фылдӕр. Кӕцыфӕнды паддзахадон документыл дӕр комкоммӕ хъуамӕ фыст уа дыууӕ ӕрды – нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг, ӕртыккагӕн дзы бынат нӕй. Стӕй ма нал уадздзысты фидиссаг царды уаг гетеросексуалты ӕмӕ ӕндӕр ахӕм «демократон» фӕзындтӕ пропагандæкæнæг мадзæлттæ. Интернеты тыгъдады ӕмӕ дзыллон информацийы фӕрӕзты дӕр нӕ уадздзысты ӕнӕмбӕлон информаци парахат кӕнын. Ахуырадон уагдӕтты дӕр бынат нӕ уыдзӕн ахӕм зианхӕссӕг пропагандӕйӕн.

Ацы ивындзинӕдтӕ Гуырдзыстоны цӕрджыты зӕрдӕмӕ цӕуынц, ӕгӕрыстӕмӕй сӕм ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кастысты. Уымӕн ӕмӕ бинонты традицитӕ арф бадынц бынӕттон цӕрджыты хъуыдыкӕнынады, се ‘рвылбонон царды. Хъӕууон цӕрджыты фылдӕр хай 4-5 фӕлтӕры цӕрынц сӕ фыдӕлты хӕдзӕртты ӕмӕ уыдон ахӕм европӕйаг демократи кӕм бахъуыд.

Ныры разамынад архайы, цӕмӕй Гуырдзыстоны ӕхсӕнады хъахъхъӕд цӕуой бинонтӕ, ӕнахъомтӕ ӕмӕ традицион ӕгъдӕуттӕ. Ӕмӕ йӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй традицион ӕгъдӕуттӕ сты ныгуылӕн демократийы цыфыддӕр знӕгтӕ. Уымӕ гӕсгӕ ацы бындурон ивындзинӕдтӕ АИШ ӕмӕ сӕ фӕсдзӕуинты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыдысты. Уыдон афтӕ ӕнхъӕлдтой ӕмӕ Гуырдзыстон фӕстӕмӕ сдзурын нал бауӕнддзӕн, уыдзӕн коммӕгӕс. Фӕлӕ сӕ фӕндтӕ сӕхи фӕндиаг нӕ цӕуынц.

Политикон парти «Грузинская мечта»-йы нымӕрдар Мамука Мдинарадзе йӕ раныхасы бамбарын кодта, зӕгъгӕ Гуырдзыстоны ӕхсӕнады, уӕлдайдӕр та рӕзгӕ фӕлтӕры, нӕ хъӕуы псевдолибералон пропагандӕ ӕмӕ, ома, архайдзыстӕм нӕ рагфыдӕлты традицитӕ бахъахъхъӕныл.

Гуырдзыстоны ӕхсӕнад рагӕй нӕу разы ныгуылӕн цардуагимӕ, фӕлӕ сӕм «уӕйгӕнджытӕ» ӕгӕр бирӕ ис ӕмӕ сӕ хӕццӕ кӕнынц. Кӕд ӕмӕ чысыл паддзахадыл нымад у, уӕддӕр дзы ис 31 минӕй фылдӕр фӕсарӕйнаг организацийы. Уыдонӕн сӕ нысан у зианхӕссӕг пропагандӕ парахат кӕнын, ӕхсӕнад кӕрӕдзийы ныхмӕ кӕнын. Ахӕм хуызы фӕсарӕнтӕй ӕнцон у контроль кӕнын ӕппӕт процесстӕ. Цыбыр ныхасæй, Гуырдзыстоны  разамынад рацыд йе ‘лдары ныхмӕ æмæ æлдар йæ ехс кæд сисдзæн, уый фендзыстæм.

ДЖИОТЫ Алыксандр 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.