Чысыл лæппу ма уыдтæн, афтæмæй райдыдтон уацхъуыдтæ фыссын газетты редакцитæм. Мæ фыстытæм йæ хъус лæмбынæг фæдардта «Рæстдзинад». Дур-Дурæй горæтмæ цæуын куы райдыдтон, уæд-иу алыхатт дæр бауадтæн редакцимæ æмæ зонгæ кæнын райдыдтон йæ кусджытимæ. Уыдон мæ цæсты тынг уæлейау æвæрд уыдысты. Фыццаг хатт газеты сæйраг редактор Челæхсаты Аслæнджерийы куы федтон, уæд мæм афтæ фæкасти, цыма Лениныл фембæлдтæн. Уыцы рæстæг ма ноджы кæимæ базонгæ дæн, уыдон ранымайдзынæн стыр æхсызгонæй: Тегаты Сулейман, Хъесаты Дафа, Хуымарты Хъамболат, Токаты Иван, Бутаты Тотырбег, Андиаты Мæхæмæт, Дзугаты Савели, Гæлуаты Аким, Хуытъинаты Дæдæгка, Мыстулаты Дзантемыр, Саукуйты Иссæ, Хуытъинаты Махарбег, Мыкагъаты Геор, Гуытойты Сергей, Абайты Харитон, Алæгаты Тимофей, Таутиаты Умар…

1959 азы кусын райдыдтон «Рæстдзинад»-ы редакцийы… Æхсызгонæй мысын, бирæ ахсджиаг цаутыл фыссыны кад мæм кæй хаудта, уый. Уыдон се ʻппæт зын фæнымайæн сты, уымæн æмæ уыцы диссаджы рæстæг Ирыстоны цард æхсысти цæджджинагау, дзыллæтæ кодтой хъæбатыр фæллой, рæсугъд цаутæ ивтой кæрæдзийы…

                                       МÆХÆМÆТТЫ  Ахуырбег,

                                              ЦИПУ-йы Президент,

                                  историон наукæты доктор, академик

 

                                 Зæрин хурау æнусон у дæ балц

Гуылæрты Барис

«Рæстдзинад» советон дуджы газет у, кæд уыцы амондджын дугыл ныртæккæ рохы бæзджын фæлм ныффæлдæхтой буржуазон цардфæливæн æмæ йæ мæнгард хицауад, уæддæр. Газет йæ зæрдæ никуы сивта, зын фæндæгтыл цæугæйæ, хистæр фæлтæры традицитыл, сыгъдæг-æвидигæйæ хæссы йæ табуйаг ном – «Рæстдзинад».

Ирон газеткæсджытæ æмæ, ирон дзырды фарнæн удуæлдай лæггад чи кæны, уыдонæн газет «Рæстдзинад» у республикон, национ, литературон æмæ адæмон дæр. Ирон адæмон газетæн йæ азфыст æппæтæй дæр баст у Иры дзыллæ æмæ дзырдаивадимæ. Республикæйы хæдзарадон æмæ культурон арæзтадмæ стыр æвæрæн бахæссыны тыххæй 1973 азы газетæн лæвæрд æрцыд стыр паддзахадон хæрзиуæг «Кады нысан»-ы орден, 2000 азы та – Къостайы номыл преми.

                                                                   Гуылæрты Барис,

                                                             Газет «Рæстдзинад»-ы

                                                             æхсæнадон уацхæссæг

                «Рæстдзинад» – мæ фæндаджы райдайæн

Уаниты-Хетæгкаты Оксанæ

Æз мæ царды бонты никуы ахъуыды кодтаин æмæ «Рæстдзинад»-ы кусдзынæн. Фæлæ Хуыцаумæ æндæр фæндтæ уыди. ЦИПУ-йы журналистикæйы хайад куы фæдæн, уæд кусынмæ бацыдтæн «Рæстдзинад»-мæ. Уый уыд 2006 азы. Хъуыды кодтон иу чысыл дзы акусон, мæ зæрдæ æхсайдта телеуынынадмæ. Фæлæ мын газет дæр æмæ йæ кусджытæ дæр, стæй газеткæсджытæ цыбыр рæстæгмæ афтæ уарзон систы æмæ мæм цæуыны хъуыды нал фæзынд. «Рæстдзинад» у ирон журналистикæйы куырдадз. Æз уым цы скъола фæдæн, уый цæрæнбонты дæр уыдзæн мемæ. Мæ куысты райдианы мын сæ фæлтæрддзинад цæстуарзонæй амыдтой Цгъойты Хазби, Тохсырты Къоста, Черчесты Хъасболат, Багаты Аврам, Цомайты Ростик, Малиты Хасан… Ахæм ныфс мæ уагътой æмæ мæм афтæ касти, æз цыфæнды зындзинæдты сæрты дæр ахиздзынæн. Мæнæй кæстæр дзы ничи уыди æмæ мæм кастысты хъæбулы цæстæй. Куыст дзы бирæ уыди, фæлæ дзы не ʻфсæстæн, уыййас удæнцой æмæ дзы цин истон æмæ йæ ныхæстæй зын зæгъæн у.

Иууыл æхсызгон дæр иу уыдис, газеткæсджытæ-иу мæ искуы куы базыдтой, уый. Стæй æрмæджытæ фысгæйæ цас хорз адæмимæ бахæлар дæн. Кусынмæ æрбацыдтæн, Фидараты Булат ма куы уыд редактор, уæд. Уый фæстæ æрбацыд Битарты Маринæ. Уый æрбакодта бирæ ног сфæлдыстадон фæлтæр. Уымæй газеты ног тых бауагъта. Цас ног проекттæ скодтам æмæ нын цы цин хастой. Нæ 95 азы юбилей дæр афтæ уæрæх скодтам æмæ нæ уый ноджыдæр æрбангом кодта.

Уаниты-Хетæгкаты Оксанæ,

  Журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор

                                         

                      «Рæстдзинад» – ирон æвзаджы къона

Тахъазты Федар,

Нæ мадæлон æвзаджы тыххæй арæх дзурæм, фæлæ цалынмæ алчидæр йæхицæн хæсыл банымайа не ʻвзаджы рæзтмæ иу гыццыл бавæрæн бахæссын, уæдмæ бонвыддæргæнгæ цæудзæн йæ уавæр. Уыцы бавæрæнтæй иу у газет «Рæстдзинад» рафыссын æмæ кæсын. «Рæстдзинад» у ирондзинад хъахъхъæнæг, ирон æгъдау тауæг, йæ парахатгæнæг, культурæйы фидиуæг, ирон адæмы иугæнæг.

Арæх фехъусæм, не ʻвзаг бахъахъхъæнæм, зæгъгæ. Æмæ йæ чи хъуамæ бахъахъхъæна, мадæлон æвзагыл цы иунæг газет цæуы, уый куы ничи рафысса, уæд? Уæвгæ, социалогон æрфарст дæр нæ хъæуы, цал адæймаджы тыхсы æцæгæй йæ мадæлон æвзаджы фидæныл, уый базонынæн. Цал адæймаджы рафысса газет «Рæстдзинад», уый уыдзæн, ирондзинады тæваг ма цал адæймагмæ хæццæ кæны, уый æвдисæн.

                                                                    Тахъазты Федар,

                                                         Филологон наукæты доктор

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.