НÆ ЦАРДЫ АЙДÆН – ГАЗЕТ «ХУРЗÆРИН»

Рæстæг æнæрынцойæ тындзы размæ, адæймаджы, æхсæнады царды бонгай, мæйгай, афæдзгай фæстейæ уадзгæйæ. Уадзы йæ фæстейæ, æрвиты йæ ивгъуыдмæ, фæлæ æвæдæй нæ фесæфы. Цы ахсджиагдæр цаутæ дзы æрцæуы, уыдон баззайынц адæймаджы мысынады, фыст æрцæуынц историйы æмæ сæ фидæны фæлтæртæн дæр рох кæнын нæ уадзы.

Нæ адæмы царды ахæм ахсджиаг цаутæй иу ссис 95 азы размæ газет «Хурзæрин»-ы фыццаг номыры рацыд. Раст у, уый размæ дæр бафæлвæрдæуыд æмæ рухс федтой мадæлон æвзагыл цалдæр газеты, фæлæ цæрæццаг разындысты æрмæстдæр «Хурзæрин» – Хуссар Ирыстоны æмæ «Рæстдзинад» та – Цæгат Ирыстоны.

Зын у саргъгæнæн ацы дыууæ газетæн национ хиæмбарынады рæзты, адæмы царды уæрæх фæндагмæ ракæныны хъуыддаджы. Сæ фæзынд уыдис дуджы домæн, кæд уæды дуг æнæнцой, уæззау уыдис, уæддæр. Уый уыд стыр ивæн дуг – æнусты дæргъы нæ фыдæлтæ фæлтæрæй фæлтæрмæ цы талынг цард кодтой, уый хæлд æмæ йæм рухсы тынтæ хъуызын райдыдтой. Уыцы рухс та семæ хастой, чи сарæх сты, уыцы скъолатæ, чиныг æмæ бирæ-бæрцæй – нæ газеттæ дæр.

Газеттæ хæццæ кодтой æгас Ирыстоны талынг къуымтæм æмæ йыл цин кодтой, кæсын чи нæ зыдтой, уыдон дæр. Кæсын чи зыдта, уыдон сын зæрдиагæй кастысты, цы хабæрттæ сæ уыд мыхуыр, уыдон. Бирæты-иу бафæндыд, цæмæй йæхæдæг базыдтаид дамгъæты æмæ газет кастаид йæхæдæг. Афтæмæй ахъаз кодтой адæмы ‘хсæн æнæахуырдзинад скуынæг кæнынæн.

«Хурзæрин»-æн йæ хъысмæт, йæ царды фæндаг, «Рæстдзинад»-имæ абаргæйæ, уæлдай зындæр рауадис. Цæуын райдыдта, Гуырдзыстоны меньшевикон хицауад Хуссар Ирыстоны зынджы хай куы бакодта, йæ цæрджытæ цæгатырдæм лидзинаг куы фесты, уымæй бæрцæй цалдæр азы фæстæ. Бирæтæ ацы геноциды амæттæгтæ фесты, бирæтæ фæстæмæ нал раздæхтысты, чи раздæхтысты, уыдонæн та сæ цард æххæстæй сæндидзын кæнын нæма бантыст. Ахæм уыд газетæн йæ фыццаг кæсджыты хъысмæт.

Газет æмæ йæ кæсджытæн дæр уæззау дуг уыдис ирон фыссынад гуырдзиаг алфавитмæ гæсгæ ра-кæнын. Æрмæст газет нæ, фæлæ журнал, чингуытæ дæр мыхуыр цыдысты гуырдзиаг алфавиты  бындурыл æмæ нæ размæцыды бирæбæрцæй фæстæмæ алæу-уыдыстæм.

Уæззау фыдæвзарæнтыл рацыд ивгъуыд æнусы кæрон æмæ ныры æнусы райдианы дæр…Уыдон æнæндавгæ нæ уыдысты газетыл дæр. Фæлæ цард уæддæр æрмæст сау хуызы нæ вæййы. Вæййы дзы рухс, ирд, зæрдæйы æхцон мысинæгтæй чи баззайынц, ахæм цаутæ дæр. Æмæ уыдоны иувæрсты дæр нæ хызт «Хурзæрин» – фыста сæ йæ фæрстыл æмæ сæ хæццæ кодта йæ кæсджытæм. Ныр ацы газеты, йæ фыццаг номырæй райдайгæйæ, фæлдахын куы райдайай, уæд бонгай дæ цæстыты раз сыстдзæнис Хуссар Ирыстоны истори. Цæстытыл ауайдзысты, йæ фыццаг номыртыл адæм цахæм цины æнкъарæнтимæ æмбæлдысты, къухæй къухмæ куыд цыдис, кæсын чи нæ зыдта, уыдонæн æй куыд кастысты æмæ алчидæр куыд бæллыд, куыд архайдта, цæмæй йæ йæхæдæг кастаид. Куыд цымыдис кодтой, сæ хъæуæй, сæ комæй дарддæр цы хабæрттæ цæуы, уыдоны базонынмæ. Газет фæлдахгæйæ, адæймаг базоны, нæ хъæуты коллективизаци куыд цыдис, хъæуты колхозтæ куыд арæзтой, фыццаг сæудæджерадон куыстуæттæ куыд фæзындысты. Газет уын радзурдзæн, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты Хуссар Ирыстон йæ сагсур фыртты куыд фæндараст кодта немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ мæлæтдзаг тохмæ, фæсчъылдым чи баззадысты, уыдон цы удуæлдай куыст куыд кодтой, фронтмæ куыд æрвыстой дарæс, продукттæ, æхцайы фæрæзтæ, цæмæй знаг тагъддæр дæрæн æрцыдаид.

Газет йæ кæсджытæн æхсызгонæй хъусын кодта, фæсхæсты азты адæм ногæй куыд бавнæлдтой сæ цард æндидзын кæнынмæ, сæ цард хуыздæрæй хуыздæр куыд кодта. Фыста нæ сæудæджерадон куыстуæтты, колхозты, совхозты фæллойгæнджыты фæллойадон æнтыстытыл.

Газет æвдисæн уыдис адæмы сабыр царды фехæлдæн – Советон Цæдисы ныппырхæн дæр. Уый фæстæ та газеты цæуын бахъуыд, нæ зæххыл цы хæсты арт сивæрзт, уый цæхæрыл. Фыста, куыд мардысты нæ адæмы хуыздæр фырттæ, æнæаххос зæрæдтæ, сылгоймæгтæ, сывæллæттæ. Фыста бирæнымæц лигъдæтты уæззау хъысмæтыл, чи федзæрæг сты, уыцы сыгъд хъæутыл. 2008 азы августы хæсты бонты газет нæ цыд, фæлæ йын йæ уæззау фæстиуджытыл абон дæр фæфыссы.

«Хурзæрин» æдзух нæ адæмимæ ис, се ‘хсæн ис сæ цинты æмæ сæ хъыгты дæр. Стыр лæггад сын бакодта 95 азы дæргъы сæ культурон размæцыды. Нæ фысджытæй иу стæмтæй дарддæр газеты редакцийы чи нæ куыста, ахæм нæй. Йæ фæрстыл уый фыста æмæ абон дæр фыссы царды ахсджиагдæр фарстатыл, рæгъмæ хæссы, царды цы цухдзинæдтыл æмбæлæм, уыдоны.

Газет йæ кусджытæй газет у. Йæ уæвынады рæстæджы «Хурзæрин» цалдæр фæлтæр журналистты раивта. Абон уыдонæн сæ фылдæр не ‘хсæн нал сты. Не ‘хсæн нал сты, ирон журналистикæйæн бындур чи æрæвæрдтой, уыдон. Не ‘хсæн нал сты, сæ фæстæ чи цыдысты, сæ хъуыддаг сын чи дарддæр кодта, уыдонæй бирæтæ. Цард цард у, мæлæт карæй кæнгæ нæу – кæй ацæргæйæ æрæййафы, кæй – æвзонгдæрæй. Æмæ абон не ‘хсæн чи нал сты, уыдонæн газеты юбилейон бонты мах мысæм сæ рухс нæмттæ. Газет рауадзыныл чи нал кусынц, улæфты чи сты, уыдон сæхи, сæ хиуæтты æмæ цы коллективы фæкуыстой, уыдоны фæндиаг цæрæт. Абон сын сæ хъуыддæгтæ чи дарддæр кæнынц, уыдон та хизæт бæрзонддæр сфæлдыстадон æнтыстытæм æмæ адæммæ æрмæстдæр хорз хабæрттæ хæссæг уæт.

БИАЗЫРТЫ Роланд,

газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редактор

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.