Нæ уарзон горæт фæстаг рæстæджы тынг фæивта хуыздæрæрдæм, æмæ уый зæрдæйæн æхсызгон у. Раст у, нырма аразджыты раз дзæвгар хæстæ лæууы, уыцы бæрндзинад æнкъарынц сæхæдæг дæр æмæ дарддæр дæр сæ къухты айст бæрæгæй зыны горæты аивдзинадыл. Фылдæр кæнынц, хæрзарæзт цы уынгтæ цæуынц, уыдон нымæц, бирæуæладзыгон цæрæн хæдзæртты та цæуынц арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ. Иудзырдæй, уыдзæн рæстæг, æмæ Цхинвал раздæр куыд уыд, уымæй бирæ фæрæсугъддæр уыдзæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт уыцы æвæрццаг фæстиуджытæ раппæлинаг сты æмæ аразджытæн бузныг зæгъын æмбæлы. Фæлæ уæддæр хорздзинæдты ‘хсæн къуыхцытæ, аиппытæ дæр разыны æмæ уыдон тыххæй дæр зæгъын æмбæлы. Уымæн æмæ уыдонмæ абон нæ хъус куыннæ æрдарæм, куынæ сæ аиуварс кæнæм, уæд ныры чысыл аиппытæ фæстæдæр стырдæрмæ асайдзысты, уæд сыл фылдæр кусæгдых æмæ æхцайы фæрæзтæ бахъæудзæн хардз кæнын.

Сæйраг æмæ къаннæг уынгтæй дæр бирæтæ скалдтой сæ хуыз аразджыты фæрцы æмæ сыл æдæрсгæ цæуынц, куыд фистæгæй цæуджытæ, афтæ ма алыгъуызон транспорт дæр. О, фæлæ уæддæр ам рабæрæг сты иуæй-иу аиппытæ æмæ уынгтæн ныридæгæн æвидыц кæнынц сæ иумиаг хуыз. Аразджытæ иу кæнæ æндæр куыстытæ æххæст кæныны рæстæджы не ‘нкъардтой бæрндзинад, стæй сыл нæ уыд фаг контроль дæр æмæ ныр сæ куыстыты гъæд-мæ ис фау æрхæссæн. Хицæн тротуарты иуæй-иу бынæтты плиткæты бын, куыд æмбæлы, афтæ не ‘рнадтой, æмæ ныр фæбæрæг сты сæ хъæндзинæдтæ. Уыдæтты аххосæй зæхх ныфсæрста бынмæ æмæ тротуар фæдзыхъхъытæ. Æмбæлон куыст нæ бакодтой плиткæтæ æвæрыныл дæр æмæ уый аххосæй фæиппæрд сты сæ бынæттæй. Иугæр дзы цалдæр схауд, уæд сæ цыма иннæтæ дæр фæзмгæ бакæнынц, уыйау радгай сыз-гъæлынц. Уæлдæр ранымадгонд  згъуыдтæ фенæн ис Джиоты Аланы проспекты, Хъайтарты, Октябры, Харебаты Исахъы æмæ æндæр уынгты тротуарты. Ацы цухдзинæдты кой уый тыххæй кæнын, æмæ рæстæг куыд цæуы, афтæ тротуартæ хæлдзысты тынгдæр. Уымæ гæсгæ æнæмæнгхъæуæг у, цæмæй сæм æмбæлон подрядон организацитæ æркæсой афоныл æмæ сын радтой сæ раздæры хуыз. Афтæ куынæ бакæной, уæд арæзтадон куыстыты фæзуат фестырдæр уыдзæн, ныр та сæ бакусын æнцондæр у, сæ аиуварс кæныны тыххæй æхцайы фæрæзтæ хардз кæнын дæр къаддæр бахъæудзæн.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.