Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон таможнæйон службæйы минæвæрттæн æрæджы нæ горæты Анахарсисы номыл библиотекæйы æмбырдгæнæн залы уыд фембæлд Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны ‘хсæн таможнæйы  минæвæрттимæ.

Ацы мадзал ауадзыны нысан уыд таможнæйыл хизыны фæтк, уæзтæ ласын æмæ къорд таможнæйон процедурæтыл æруынаффæ кæнын.

Мадзалы хайад райстой,  БТК-4, «Ирсæн», «Нæртон» æмæ æндæр куыстуæтты минæвæрттæ дæр.

Цæгат Кавказы таможнæйон управленийы таможнæйон процедурæты хайады сæргълæууæг Хайты Аликы ныхæстæм гæсгæ, уыдонæн сæ хуссайраг коллегæтимæ ис хорз ахастытæ. Уымæ гæсгæ æнцонтæй скъуыддзаг цæуынц цыфæнды вазыгджын фарстатæ дæр. «Абон мах иууыл тынгдæр цы фарст тыхсын кæны, уый у хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ сæхиуыл цы транспортон фæрæзтæ сфидар кодтой, уыдон хъысмæт. Уымæн æмæ уыдон таможнæйы сæрты ахизынц æмæ-иу фæстæмæ дæр, бæрæг æмгъуыдмæ хъуамæ рахизиккой. Кæннæд таможнæйон фæтк куыд амоны, æмæ дыууæварсон бадзырдон-барадон закъонмæ гæсгæ, бæрæг æмгъуыдмæ фылдæр кæнынц сæ таможнæйон фиддонтæ æмæ проценттæ. Арæны сæрты та ахæм адæймаг куы хиза, уæд урæд æрцæудзæн æмæ хъуамæ бафида уыцы фиддонтæ. Фиддонтæ куы нæ бафида, уæд ын нæ уыдзæн пункты сæрты ахизыны бар. Уымæ гæсгæ мах хатæм Хуссар Ирыстоны цæрæг æмбæстæгтæм, кæцытæ иу кæнæ иннæ аххосæгтæм гæсгæ фæсайд сты, сæхиуыл сфидар кодтой кæйдæр транспорт, цæмæй рæстæгыл æрбацæуой кæнæ бынæттон таможнæмæ, науæд та Зæрæмæджы таможнæйон постмæ æмæ радтой раст информаци, кæнæ та фæстæмæ рæстæгыл аласой арæны сæрты, цы транспортон, фæрæзтæ сыл фидар сты, уыдон. Кæд хæлд сты, уæддæр æрбакæнæт транспорт, мах æй рæстæгмæ бауромдзыстæм нæхимæ, сараздзыстæм æмбæлон акттæ, цæмæй сæ фиддонтæ ма фылдæр кæной», – загъта Хайты Алик.

Уый ма дзырдта ахæм автотранспорты тыххæй сæм цы статистикон бæрæггæнæнтæ ис, уыдон æн сæ нымæц 2 500 кæй ахызт. Зæрæмæджы таможнæйон посты сæрты цы алыгъуызон транспортон фæрæзтæ ахызтысты Уæрæсейы территоримæ, уыдон фидаргонд кæуыл æрцыдысты, ахæмтæн сæ фылдæр уыдысты пенсиисджытæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæй ныртæккæ бирæтæ æгас нал сты, фæлæ уæддæр курæг у, уыдон бинонтæй, цæмæй ма æмбæхсой уыцы транспорт. Уый ма бахатыд Хуссар Ирыстоны сæ коллегæтæм дæр, цæмæй инспекцион-сгарæн мадзæлтты руаджы рафæлгъауой уыцы адæймæгты цæрæн бынæттæ. Бæрæг куыд у, афтæмæй иуæй-иу æмбæстæгтæ нæ лæвæрдтой сæ цæрæнбынæтты тыххæй раст информаци.

Фембæлды дзырд цыд Евразиаг экономикон цæдисы таможнæ-йон арæныл фитосанитарон хъусдарды бын цы товартæ ис, уыдон ласыны фæткы фæдыл дæр. Уый тыххæй та дзырдта Куымæридтаты Давид. «Сусæггаг нæу, æрвылбон дæр таможнæйон посты урæд кæй æрцæуынц алыгъуызон контрабандон уæзтæ. Уыцы нымæцы тамако, нозт, фыдызгъæл, кæцыйæн нæй ласæн Хуссар Ирæй Уæрæсейы Федерацимæ. Уыдон фылдæр вæййынц æмбæхст. Ацы факттæ рабæрæг æрцæуынц рентгенон комплексæй спайда кæнгæйæ. Уый, цæмæндæр, адæмы ‘хсæн æвзæрын кæны тыхстдзинад æмæ уымæй арæны сæрты уадзæн пунктыл цы æмбæстæгтæ хизынц, уыдон таможнæйы кусджыты куыстмæ хæссынц хæццæдзинад. Хъыгагæн, бирæ хæттыты фехъусæн вæййы ахæм ныхæстæ, зæгъгæ, ацы комплекс у адæмы æнæниздзинадæн зианхæссæг. Цæгат Ирыстоны цы товартæ æлхæнынц адæм, уыдон дæр, цалынмæ уæйгæнæн бынатмæ бахауынц, уæдмæ рацæуынц ахæм процедурæты сæрты æндæр уадзæн пункты», – дзырдта Куымæридтаты Давид.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй ацы процедурæйæ пайда цæуы дунейы æндæр таможнæты дæр. Стæй ма дзы æрмæст таможнæйон органтæ нæ пайда кæнынц, фæлæ æндæр структурæтæ дæр. Дæллаг Зæрæмæджы уадзæн пункты дзы пайда цæуы 2010 азы райдианæй. «Рентген» рацыд санитарон-эпидемиологон экспертизæ. «Роспотребнадзор»-ы хатдзæгтæм гæсгæ ацы процедурæ ницы зиан хæссы.

Амалиуæггæнджыты бирæ алыгъуызон фарстатæн, дзуапп лæвæрдта Цæгат Кавказы тамож-нæйы управленийы сæйраг таможнæйон инспектор Ирина Кононова.

Уый лæмбынæг бацамыдта, арæны сæртыл хизæг амалиуæг-гæнджытæ товар ласгæйæ тамож-нæйон фиддонтæ, ивартæ, проценттæ куыд хъуамæ фидой, уый. Дзырд цыд Уæрæсейы Федерацимæ цæуын æмæ фæстæмæ рацæуыны бар цы æмбæстæгтæн нæй, уыдонимæ баст фарстытыл дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.