Фæзæгъынц, зæгъгæ, царды фæндæгтæ алыгъуызон сты. Адæймаджы сæ фæдыл фæхонынц ахуырмæ, куыстмæ, зынтæн фæразынмæ, кæстæрты царды рæсугъд æмæ раст фæндагмæ разæнгард кæнынмæ. Афтæ куы зæгъон, æмæ Тадтаты Иракъли ацы фæндæгтæй алкæуыл дæр рацыд, уæд нæ фæрæдийдзынæн. Уый райгуырд Хуссар Ирыстоны, Знауыры районы Уæллаг Дуаны хъæуы. Йæ фыд Григори уыд сырх партизан, активон хайад иста гуырдзиаг меньшевикты ныхмæ карз тохты. Амард, Иракълийыл фондз азы куы сæххæст, уæд. Иракълийæн йæ фыдыфсымæр Зауырбег Тбилисы цард æмæ йæ йæхимæ акодта. Уым аст къласы каст фæцис 45-æм астæуккаг скъолайы. 1941 азы та иттæг хорз нысæнттыл бакаст Цхинвалы 2-аг астæуккаг скъола. Ахуыры рæстæджы цыд аэроклубмæ дæр.

Уыд 1941 азы сæрдыгон хъарм бон. Иракъли йе ‘мбæлттимæ рацæйцыд скъолайæ æмæ раст 12 сахатмæ æввахс, Театралон фæзуаты радиойæ райхъуыстис диктор Левитаны хъомысджын хъæлæс. Хæст кæй райдыдта… Уый фехъусгæйæ фæсивæдæй алчидæр йæхинымæр загъта: фæцис не ‘взонгад. Лæппутæй алчидæр æвзæрста, цы хуызы æфсæддон хæйттæм сæ фæнды, уый.

Иракъли йе ‘мбал Лалыты Георгиимæ сфæнд кодтой Тбилисы артиллерион       ахуыргæнæндонмæ ацæуын.

Æрбалæууыд 1942 азы август. Цæгат Кавказы цыдис карз, туккалæн тохтæ. Уыцы рæстæджы Тадтайы фырт æнтысгæйæ каст фæцис Тбилисы артиллерион ахуыр-гæнæндон æмæ йæ арвыстой, Цæгат Кавказы фронтмæ 392-æм фистæг æфсæддон дивизийы 955-æм артиллерион полкы       взводы командирæй.

Горæт Беслæнмæ хæстæг Даргъ-Къохы æфсæнвæндагон станцмæ нæма ныххæццæ сты, афтæмæй сын сæ хæстон эшало-ныл бомбæтæ нызгъæлстой знаджы хæдтæхджытæ. Ам махуæттыл æрцыдис стыр зиæнттæ. Августы райдианы уыцы æфсæддон хай хайад райста æфсæнвæндагон станц Змейкæ-Майскаяйы цур карз тохты. Уый фæстæ сæхи æрфидар кодтой Цæгат Ирыстоны цæугæдон Урухы былтыл. Немыцаг-фашистон тыхæйисджытæн сæ фæнд уыдис цыфæнды аргъæй дæр горæт Дзæуджыхъæу сисын. Знаг æдзух архайдта æппæт амæлттæй дæр не `фсæдты хъахъхъæдад атоныныл, уæззау танктæй пайда кæнгæйæ. Фæлæ Сырх Æфсады активон архайдтыты руаджы фæсыкк сты знаджы фыдвæндтæ. Раст уæд фæцæф ис Иракъли уæлæнгай цæф Урухы цæугæдоны был-гæрон Сырх Дигорайы хъæуы цур. Æртæ мæйы бæрц уæззау тохты фæстæ сын сæ дивизийы немыцæгтæ бакъуыммæ кодтой Балхъарты зæххыл Кавказы хохрæбынтæм. Уым Баксаны цæгат хай немыцæгтæ 392-æм дивизийы ныхмæ бакалдтой, гуырдзиаг уацайрæгтæй арæзт чи æрцыд, ахæм батальон. Командæ йыл кодта Къахетæй алидзæг меньшевик булкъон Мчъедлидзе. Уыдон нейтралон зонæйы сæвæрдтой радиорепродуктортæ æмæ цалдæр боны дæргъы гуырдзиаг æвзагыл дивизийы хæстонты агитаци кодтой, цæмæй сæхи радтаиккой, ныфс сын æвæрдтой хорз цардæй. Иу æхсæв гуырдзиаг батальонæй ралыгъд дыууæ хæстоны. Штабы уыдон загътой, зæгъгæ, батальоны хæстонтæй бирæты фæнды ралидзын æмæ, дам, сын баххуыс кæнут. Уыцы æхсæв дзы сæ иуы фæстæмæ арвыстой. Загътой йын, дыккаг æхсæв кæд æмæ кæуылты хъуамæ рахызтаиккой, се ‘хсæнгæрзтæ кæм хъуамæ ныууагътаиккой, æппæт уыдæттæ. Нæ сыл æууæндыдысты, æмæ сæ рахизæн бынæтты дыууæсæдæ метры æддæдæр баурæдтой æртæ батарейы. Сæ иуæн дзы разамынд кодта Тадтайы фырт. Сæхи æрцæттæ кодтой хæцынæввонг. Фæлæ æрцыд, æнхъæл цæмæй нæ уыдысты, ахæм цау. Гуырдзиаг батальоны  разынд уæйгæнæг æмæ сын тох рауад немыцæгтимæ. Раирвæзт ма дзы æрмæстдæр 12 адæймаджы бæрц, иннæтæ фæцагъды сты. Уыцы цауы фæстæ немыцæгтæ уацайрæгтæй нал арæзтой националон дæлхæйттæ.

1942 азы октябры фæудты дивизи уæззау уавæры бахауд. Немыцæгтæ йæ балхъывтой хохрæбынтæм. Уыдис ма йын æрмæстдæр иунæг амал, хæхты сæрты Фæскавказмæ рахизын. Æмæ октябры фæудты та хæхтыл зын уыд рахизын, фæлæ сын æндæр гæнæн нал уыдис æмæ сæ хæстон техникæйæ кæй ныгæнгæ бакодтой, кæй та дзы былæй акалдтой. Хызтысты Бечо æмæ Дунгузуйы æфцгуытыл. Аст бонæй фылдæр бахъуыдысты. Æрцыд сыл стыр зиæнттæ. Уæлдæр сæйраг командæкæнынады минæвæрттæ хæхтыл дивизийы рахызт схуыдтой Альпы сæрты Суворвы æфсæдты рахызты хуызæн.

Дивизи хæхты сæрты куы рахызт, уæд æрвыст æрцыд горæт Батуммæ йæ хæс-тонты нымæц ын фæфылдæр кæнын æмæ йæ техникæйæ сифтонг кæныны сæраппонд. Батумæй Иракъли цалдæр афицери-мæ æрвыст æрцыд Фæскавказы æфсæддон округмæ æмæ уырдыгæй та 1943 азы июны æрвыст æрцыд сармадзанты 26-æм хицæн бригадæ Белорусимæ, райдианы уый уыд батарейы командиры хæдивæг, æмæ уый фæстæ та батарейы командир. Йæ разамындæй батарейы хæстонтæ знагæн стыр зиæнттæ ракодтой горæт Орея, Карачаев æмæ бирæ æндæр цæрæн бынæтты. Ам уый фæцæф ис дыккаг хатт.

1945 азы райдианæй хæсты фæудмæ Иракъли, 106-æм гвардион артиллерион нарвайаг сырхтырысаджын Кутузовы орденджын полчы сконды райдианы батарейы командир æмæ стæй дивизионы штабы хисдæр уæвгæйæ, активон хайад иста дыккаг æмæ æртыккаг украинаг фронтты тохты. Коммунистон партийы рæнхъытæм дæр фронты раззаг хаххыл бацыд уыцы азы райдианы.

Белорус, Венгри æмæ Чехословаки сæрибар кæныны рæстæджы немыцаг ты-хæйисджыты ныхмæ тохты активон хайад исын æмæ уыимæ иумæ æхсардзинад равдисыны тыххæй Иракъли хорзæхджын æрцыд цыппар хæстон орденæй æмæ 18 майданæй. Уыдонæй дарддæр ма уымæн Уæлдæр Сæйрагкомандæгæнæг И. Сталинæй лæвæрд æрцыд 5 бузныджы гæххæтты.

Хæст фæцис. Тадтайы фырты дæр фæндыд йæ райгуырæн уæзæгмæ æрцæуын, æфсадæй йæ ссæрибар кæныны тыххæй фыста рапорттæ дæр, фæлæ йын корпусы командир инæлар-лейтенат Утвенко загъта: «Ссæрибар кæнæм, ссæрибаркæнинагыл кæй нымайæм, æрмæстдæр ахæмты». Æмæ Иракъли дарддæр кодта йе службæ уæлдæфон-десантон æфсæдты. Уыдис ын парашютон спорты инструкторы  æфсæддон ном. Уый æдæппæт парашютыл хæд-тæхæгæй рагæпп кодта 225 хатты. Службæ кодта, фæлæ  иу уысм дæр нæ рох кодта, йе ‘фсæддон теоретикон æмæ практикон зонындзинæдтæ фылдæр кæнын æй кæй хъæуы, уый. 1949 азы уый иттæг хорз ны-сæнттимæ каст фæцис уæлдæфон-десантон æфсæдты уæлдæр афицерон скъола, 1958 азы – Ленинграды артиллерион акаде-мийы уæлдæр артиллерион скъола æмæ 1961 азы та горæт Бакойы Марксизм – Ле-нинизмы партион скъола.

1963 азы Бакойы службæ кодта 80-æм па-рашютон-десантон полчы артиллерийы хисдæрæй. Уыцы дуджы Азербайджаны сæ гарнизоны хистæр æмæ 4-æм армийыл командæгæнæг уыдис нæ номдзыд æмбæстаг, Советон Цæдисы дыууæ хатты хъайтар æмæ Монголты Адæмон республикæйы Хъайтар, инæлар-булкъон Плиты Иссæ. Йæ службæйы фæдыл Иссæйыл дыууæ хатты сæмбæлд Тадтаты Иракъли, æмæ, дам, тынг цымыдис кодта Ирыстоны хъуыддæгтæм.

Бирæ азты уæлдæфондесантон æфсæдтæн командæгæнæг армийы инæлар Маргелов, хъахъхъæнынады министримæ  бадзургæйæ, Иракълийæн балæвар кодта автомашинæ ГАЗ-69.

Æфсадæй запасмæ цæугæйæ, Иракълийæн фадат уыд, баззадаид Тбилисы, кæнæ Бакойы. Уыд ын дзы æртæхатæнон фатер фæлæ Тадтайы фырты йæ зæрдæ тынгдæр хаста, кæм райгуырд, йæ сабибонтæ кæм арвыста, йæ туг, йе стæг адæм кæм цардысты, уыцы фыдыуæзæгмæ, æмæ æрыздæхт Ирыстонмæ, йæ райгуырæн хъæумæ 1947 азы. Хъæубæстæ йыл тынг фæцин кодтой, дзырдтой йын, йæ хæстон сгуыхтдзинæдтæ йын кæй хъуыстой æмæ сын тынг æхсызгон кæй уыд.

Йæ райгуырæн Ирыстонмæ æрцæугæйæ Иракъли куыста адæмон хæдзарады æндæр æмæ æндæр къабæзты, æмæ ма æмбæстагон хъахъхъæнынады системæйы дæр. Йæ къух-иу кæдæм бахæццæ, уым-иу хъуыддæгтæ бæрæг фæхуыздæр сты. Арæх æвзæрст цыд æндæр æмæ æндæр куыстуæтты райдиан партион организацийы секретарæй. Йæ зонындзинæдтæ нæ хæлæг кодта рæзгæ фæлтæры хæрзæгъдауы æнкъарæнтыл хъомыл кæнынæн.

Хуссар Ирыстонмæ гуырдзиаг абырджыты æрбабырсты фыццаг бонтæй фæстæмæ Иракъли æдзух уыд йæ адæмы фарсмæ. Æфсæддон къамиссариаты хайад иста адæмы хъахъхъæнджыты къордтæ æмæ горæты уынгты баррикадæтæ аразыны, æмæ ма афтæ Хъуылымбегты Торезæн  æххуыс кодта разамынды штаб саразыны æмæ горæты хъахъхъæнæг къордтимæ бастдзинад æрбæстон кæныны дæр. Телтæ æрвыста Мæскуымæ, бæстæйы разамонджытæм, цæмæй æвæстиатæй гуырдзиаг æнæформалты ныхмæ  ист æрцыдаит æмбæлон мадзæлттæ.

Зæгъын æмбæлы уый тыххæй дæр, æмæ Иракъли кæй уыд нæ газеты активон уацхæссæг. Цы темæтыл дзырдта, уыдон уы-дысты актуалон. Фыста нæ рагфыдæлты историйыл, хъæууон хæдзарады рæзтыл, йæ зондджын хъуыды загъта дыууæ Ирыстоны баиу кæныны тыххæй.

Фæлæ нал сфæрæзта Иракълийы зæрдæ, гуырдзиаг æнæформалтæ нын нæ адæмæн цы хъизæмæрттæ бавзарын кодтой, уыдон æмæ банцад йæ цардуарзаг зæрдæ йæ куыстæй.

Тадтаты Иракълийы царды ма иу диссаг уый уыд æмæ йе ‘мкъай Плиты Марияимæ кæй уыдысты иу боны – 12-æм апрелы гуырдтæ. Ныр Иракълийыл, сæххæст уыдаид 100 азы. Йе ‘мкъай Плиты Марияйыл та 95 азы. Æмæ кæд абон не ‘хсæн нал сты, уæддæр сæ рухс нæмттæ цæрдзысты се `ввахс адæмы, чи сæ зыдта, уыдоны зæрдæ-ты.

ДЫГЪУЫЗТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.