Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ног арæзт бæстыхайы фыццаг хатт уагъд æрцыд цытджын линейкæ Зонындзинæдты боны сæраппонд. Ацы рæсугъд бонмæ æвзонг фæлтæрты æнхъæлмæ кæсын бахъуыд 10 азы бæрц æмæ ныр се стыр бæллиц сæххæст. Аргъæутты куыд вæййы, афтæ университеты ног арæзт бæстыхай раздæрæй авд ахæм хуыздæр фестад æмæ адæймаджы зæрдæ райы йæ уындæй. Азæй-аз фылдæр кæны студентты нымæц дæр. Ацы аз университеты къæсæрæй бахызтысты минæй фылдæр студенты æмæ нæ ныфс ис фидæнмæ сæ нымæц ноджы кæй фæфылдæр уыдзæн, уымæй.

Цытджын линейкæйы рæстæджы студенттæ,  иу  уысм  æмырæй алæугæйæ, ссардтой 14 азы размæ Беслæны 1-æм астæуккаг скъолайы æрцæугæ æвирхъау трагедийы фæстиуæгæн чи фæмард, уыцы цардбæллон ахуырдзауты, ахуыргæнджыты, ныййарджыты рухс нæмттæ.

Студенттæ æмæ ахуыргæнджыты скондæн ног ахуыры райдианы сæраппонд раарфæ кодта уæлдæр ахуыргæнæндоны ректор Тедеты Вадим.

«Бузныджы ныхæстæ зæгъын мæ фæнды уыцы студенттæн, кæцытæ уæлдæр ахуырад райсыны тыххæй равзæрстой Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет. Сымахæн мæ фидарæй зæгъын фæнды уый, æмæ мах кæй сараздзыстæм æппæт дæр, цæмæй райсат фаг зонындзинæдтæ, алыварсонæй рæзат æмæ уæлдæр ахуырад райсыны фæстæ,  аккаг бынат ссарат царды», – загъта ректор.

Тедеты Вадим йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны  уæлдæр ахуырадон уагдон 1932 азæй фæстæмæ квалификациджын кадртæй ифтонг кодта Хуссар Ирыстоны раздæры областы æмæ ныр та   Республикæ Хуссар Ирыстоны. Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Райгуырæн бæстæйы абоны хуызæн никуы хъæуынц алы æмæ алы фадгуыты цæттæ специалисттæ, уымæн æмæ не ‘взонг республикæ у рæзты фæндагыл лæуд, республикæ  рæзы æмæ дарддæр дæр рæздзæн хуссарирыстойнаг цæрджыты хæрзиуæгæн. Ректор ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, æрæджы бæрæг аххосæгтæм гæсгæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийæн йæ бон не ссис Зонындзинæдты боны цытæн, сæрмагондæй, йæхæдæг студенттæн раарфæ кæнын.

Цытджын линейкæйы фæстæ студенттæн æвдыст æрцыд концертон программæ. Хуыцау зæгъæд æмæ Зонындзинæдты боны студентты адресыл цы бирæ хъарм æмæ арфæйы ныхæстæ загъдæуыд, уыдон цы сæххæст уой!

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.