Йæ 80 азы юбилей банысан кодта Санахъоты Динæ Петры чызг. Уый ахуыргæнæгæй фæкуыста дыууиссæдз азы бæрц, хорз адæймаг æмæ профессионал, йæ цард снывонд кодта йæ уарзон куыстæн.

Никуы фæфæсмон кодта ахуыргæнæджы дæсныйад кæй равзæрста, ууыл. Æмæ нырма дæр цæттæ у сывæллæтты ахуыр кæнынмæ.

Динæ Петры чызг йæ гуырæн боны уазджыты райста ресторан «Минас»-ы. Йæ гуырæн боны цытæн ын раарфæ кæнынмæ бацыд Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Республикæйы Президент Бибылты Анатолийы номæй йын раарфæ кодта æмæ йын радта æвдисандар «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæджы ном ын раттыны тыххæй».

«Ахуыргæнджытæ нæ царды немæ æмдзу кæныц, фæлæ дзы алкæй нæ бахъуыды кæнæм. Æрмæст мæнæ Динæ Петры чызджы хуызæн уарзæгой,æнувыд, сæ хъуыддаджы дæснытæ, сæ удæй хай чи дæтты, уыдон нæ зæрдæты баззайынц кæддæриддæр. Æртын æхсæз азы снывонд кодта фæндзæм скъолайы ахуыргæнæджы куыстæн æмæ сывæллæтты алы фæлтæр дæр хъарм тæлмæнтимæ æрымысы йæ фыццаг ахуыргæнæджы.   Уырны мæ, йæ адæймагон миниуджытæ, царды фæлтæрддзинад æмæ профессионалон арæхстдзинады фæрцы Динæ Петры чызг нырма уыдзæн æнæбаивгæ куыд ахуырдзаутæн, афтæ йæ коллегæтæн дæр. Сæ дæсныйадыл æнувыд уарзæг ахуыргæнджытæ сты адæмы хæзна»,- загъта Пухаты Эрик.

«Ацы нысаниуæгджын бæрæгбонмæ Республикæйы Президент Бибылты Анатолийы номæй фæнды дæуæн зæгъын æнæниздзинады фæндиæгтæ. Цæмæй ноджы бирæ азты амондджынæй фæцæрай дæ хиуæттæ æмæ де ‘мбæлттимæ»,- загъта Пухаты Эрик.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.