Ӕнахъомты хъуыддӕгты фӕдыл милицийы инспектортӕ уадзынц профилактикон фембӕлдтытӕ скъоладзаутимӕ. Хайад сæ райсынц сӕ ахуыргӕнджытӕ дӕр. Горӕты 6-ӕм скъоламӕ ахуырдзуатимӕ фембӕлдмӕ инспектортӕ фӕхуыдтой адӕмон ахуыргӕнӕг Бестауты Азӕ ӕмӕ мидхъуыддӕгты органты ветеран Хуыбылты Русланы дӕр.

Горӕты милицийы управленийы сывӕллӕтты хъуыддӕгты фӕдыл хайады хистӕр Гатайты Лали ӕрӕмбырдуӕвджытӕн ӕрдзырдта нырыккон царды негативон фӕзындтытыл, куыд ӕндавынц интернет ӕмӕ ӕндӕр ахӕм ногдзинӕдтӕ скъоладзауты ахуырыл. Радзырдта сын, ӕнахъомты куыд ӕркӕнынц бӕрндзинадмӕ сӕ фӕткхалӕн цауты ӕмӕ фыдракӕндтӕ саразыны фӕстиуӕгӕн, цахӕм ӕфхӕрд баййафынц. Уӕлдай хъусдард инспектор аздӕхта скъоладзауты уагахастмӕ, сӕ культурӕмӕ, куыд скъола-йы, афтӕ ма уынджы ӕмӕ интернеты тыгъдады дӕр.

«Ныхас кӕныны рӕстӕджы, кӕнӕ фысгӕ-фыссын æвзӕр дзырдтӕй, кӕнӕ æлгъыстытӕй чи пайда кӕны, уый ӕвдисы йе ‘нӕхъомылдзинад. Ахӕм адӕймагмӕ алкӕмӕндӕр сӕвзӕры негативон эмоци-тӕ, кад ын нал вӕййы, йемӕ ныхас кӕнын никӕйуал фӕфӕнды. Мах арӕх ӕвдисӕн вӕййӕм, кӕцыдӕр ахуырдзаутӕ се ‘мбӕлттимӕ цы ‘взагӕй фæныхас кӕнынц, уымӕн. Фенӕм ма сын сӕ фыстытӕ дӕр социалон хызӕгты. Уый та ууыл дзурӕг у, уыдонӕн сæ хъомылдзинад кӕй цуды, æвзӕры ном ӕвӕрынц сӕхиуыл дӕр ӕмӕ сӕ ныййарджытыл дӕр», – зӕгъы Лали.

Бестауты Азӕ йӕ раныхасы банысан кодта, дуг цӕхгӕр кӕй фӕивта ӕмӕ ӕрыгон фӕлтӕрӕн зын кӕй у ныры царды домӕнтӕн дзуапп дӕттын.

«Уый хауы куыд ахуырдзаутӕм, афтӕ ныййарджытӕм дӕр. Кӕстӕр фӕлтӕр смартфонтыл афтӕ сахуыр сты ӕмӕ сӕ ныййарджытӕн сӕ бон нал у, цӕмӕй сӕ фӕиппӕрд кӕной уыцы фыдбылызӕй. Стӕй ма бирӕ ныййарджытӕн сӕхицӕн дӕр афтӕ ӕнцондӕр у – радт сывæллонмæ смартфон ӕмӕ дӕ ницӕмӕйуал тыхсын кӕны. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, интернеты фӕзынды хорздзинӕдтӕ дӕр ис, фӕлӕ скъоладзауты ахуыры процессыл та ӕвзӕрырдæм ӕндавы. Сымах ныр ӕмбаргӕ стут ӕмӕ уӕ уагахастыл уӕхӕдӕг хъуамӕ хъуыды кӕнат, ӕмбарат ӕй – ахуырдзинадӕн кӕдфӕнды дӕр стыр тых кӕй ис», – радзырдта сын Бестауты Азӕ.

Раздӕры рæстæгимæ абаргӕйӕ ныры кӕстӕр фӕлтӕр бирӕ сабырдӕр кӕй сты, уый та йӕ раныхасы банысан кодта Хуыбылты Руслан.

«Раст зӕгъгӕйӕ, раздӕр ӕнӕххӕст кары сывӕллӕттимӕ баст фыдракӕндты нымӕц фылдӕр уыд абоны бонимӕ абаргӕйӕ. Фӕлӕ уый нӕ нысан кӕны ӕмӕ раздӕр уавӕр бирӕ æвзӕрдӕр уыд. Советон Цӕдисы рӕстӕджы дӕр Цхинвал нымад уыд тынг сабыр горӕтыл, уӕлдайдӕр та нӕ сыхаг Гуырдзыстонимӕ абаргӕйӕ. Ирон адӕм рагӕй фӕстӕмӕ сӕ сӕрмӕ нӕ хастой æвзӕрдзинад, фыдракӕнд саразын, ӕмӕ нын уыцы хъуыддаг, ӕвӕццӕгӕн, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ цӕуы. Ӕгӕрыстӕмӕй, 90-ӕм азты дӕр бирӕ нӕ февзӕрдӕр уавӕр. Тынг хорз кӕстӕртӕ стут, ӕрмӕст ма уӕ уагахастмӕ уӕ хъус хуыздӕр дарут. Не ‘хсӕнады нӕлгоймагӕн кӕддӕриддӕр худинаг уыд æвзӕр дзыхӕй дзурын ӕмӕ уыцы хъуыддаг уӕ сӕрмӕ макуы схӕссут», – зӕгъы Хуыбылты Руслан.

Ахӕм фембӕлдтытӕ уагъд ӕрцӕудзысты иннӕ скъолаты дӕр.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.