Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны уагъд æрцыд турнир тхэквондойæ. Ерысты хайад истой хæстон аивæдты клуб «Рухс сомбон»-ы хъомылгæнинæгтæ. Æдæппæтæй сæ цæттæдзинад фæлвæрдтой 84 æзвонг спортсмены. Уыдон кæд бирæ рæстæг нæ архайынц спорты ацы хуызæй, уæддæр ныридæгæн æвдисынц хорз цæттæдзинад. Спортсментæн ныр уагъд æрцыдысты дыккаг ерыстæ. Тренер Гуыцмæзты Валери куыд зæгъы, афтæмæй сæ фыццаг ерыстæм абаргæйæ ныр сæ арæхстдзинад бæрæг фæхуыздæр.

«Тренировкæтæ нын вæййы æрвылбон дæр. Стæй ма йæ куыд уынын, афтæ ма сæхиуыл фæкусынц хæдзары дæр. Ацы ерысты фæрцы та бамбарынц, тренировкæты рæстæджы цы зонындзинæдтæ райсынц, уыдонæй куыд спайда кæной, уый. Фенæм сын сæ рæдтытытæ дæр, кæцытыл хъæудзæн бакусын», – загъта Гуыцмзæты Валери.

Клубы хъомылгæнинæгтæ ма фыццаг хатт архайдтой республикæйæн æддейæ ерысты дæр. Иууыл цæттæдæр спортсменты тренер акодта РЦИ-Аланимæ. Æмæ уым равдыстой тынг хорз бæрæггæнæнтæ. «14 уæзы категорийæ 8 уæзы æрцахстам фыццаг бынæттæ. Сывæллæттæ тынг дзæбæх бакуыстой. Бынæттон тренерты дисы бафтыдтам. Фæцин ныл кодтой. Дарддæр дæр фæнд кæнæм уырдæм цæуын, цæмæй зонгæ кæной цæгатирыстойнаг спортсменты фæлтæрддзинадимæ», – банысан кодта Гуыцмæзты Валери.

Ерыстæ ауадзынæн Валерийæн баххуыс кодтой цæгатирыстойнаг тренертæ дæр. Уыдон сæрмагондæй æрцыдысты турнирмæ æмæ бакодтой тæрхонгæнджыты куыст. Делегацийы сæргъ лæууыд Ходты Аслан, кæцы у «РХИ-йы тхэквондойы федераци»-йы президент.

«Хуссар Ирыстоны бирæ ис ахæм сывæллæттæ, кæцытæ сты фидар удыхъæды хицæуттæ. Ныр сæм кæсын æмæ уынын бæрæг та кæй фæхузыдæр сæ цæттæдзинад. Дарддæр дæр фæнд кæнæм æмгуыстад кæнын. Иумæ цæудзыстæм æппæтуæрæсейон ерыстæм дæр», – банысан кодта Ходты Аслан.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ æмæ Кады грамотæтæй.

Хæстон аивæдты клуб байгом кодтой 2021 азы сентябры мæйы. Гуыцмæзты Валери куыд зæгъы, афтæмæй йын уыцы хъуыддаджы стыр æххуыс бакодта Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны къухдариуæгад. Уæдæй нырмæ тренировкæтæ æмæ ерыстæ уагъд цæуынц галуаны актон залы.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Хуссарирыстойнаг æвзонг богалтæ цыппар майданы рамбылдтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн, Эльхоты цы æхсæнрегионалон турнир уагъд цыд, уым. Йæ уæлахиздзаутæ систы Уанеты Дмитри (35 кг) æмæ Бекъойты Валери (75 кг). Дыккаг бынæттæ та бацахстой Чилæхсаты Ибрагим (29 кг) æмæ Быценты Хетæг (48 кг).

Спортсменты тренертæ сты Джиголаты Андрей, Гæджиты Артур æмæ Гæззаты Алан.

 

ТУРНИР БÆРÆГБОНЫ ЦЫТÆН

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн Дзауы районы администрацийы спорт ӕмӕ туризмы æмæ ахуырад ӕмӕ зонады хайадты хъæппæрисæй  уагьд æрцыд турнир шахмӕттӕ ӕмӕ шашкæтӕй. Турниры хайад райстой Дзауы скъола-интернат, Гуфта, Хуыцъе ӕмӕ Дзауы астæуккаг скъолайы ахуыргӕнинӕгтӕ. Уӕлахизуӕвджыты схорзæхджын кодтой кубоктӕ, грамотæтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕй. Турниры хайадисджытӕн раарфӕ кодта Дзауы районы администрацийы сӕргълӕууӕг Тыбылты Вандæ. Уый  банысан кодта, зӕгъгӕ, ахӕм мадзӕлттӕ фӕсивӕдӕн сты  ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕмӕ сæ хъуамæ арӕхдӕр уадзæм. Бузныджы ныхӕстӕ ма загъта спорт ӕмӕ туризмы хайады хистӕр Джиоты Алик. Æрдзырдта 23 февралы бӕрӕгбоны нысаныл, куыд фӕзынд ӕмӕ йын цавӕр нысаниуӕг ис, уыдæттыл. Раарфæ сын кодта Дзауы районы администрацийы Ахуырад ӕмӕ зонады хайады методист Битеты Мария.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.