Президент Гаглойты Алан Экономикон рæзты министр Хъотайты Сæрмæт æмæ Хъæды хæдзарады управленийы хистæр Чилæхсаты Таймуразимæ фембæлды байхъуыста Республикæ Хуссар Ирыстоны хъæды фонды уавæры тыххæй докладмæ. «Бæрæг куыд у, афтæмæй Хуссар Ирыстоны хъæды фонды иумæйаг фæзуат у 186435 гектары. Леуахийы паддзахадон тобæгонд хъæд у 24705 гектары. Паддзахадон хъæды фонды хъæды массив у 137760 гектары, уыдонæй 1982 азы æрмæджытæм гæсгæ хъæдæрмæджы фæсауæрц у 18624180 кубометры.

4 милуан кубометры бæрц та у  цæттæ æмæ чи азæронд, ахæм хъæд. Районты паддзахадон хъæды фонд у: Дзауы район – 64430 га, Знауыры район – 21220 га, Ленингоры район – 39150 га, Цхинвалы район – 36930 га», – радзырдта Чилæхсаты Таймураз.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъæдæрмæджы æрвылазон рæзт у 70 мин кубометры. «Республикæйы хъæдтæ сты алыгъуызон. Сæ сæйраг мыггаг у тæрс. Хъæды æппæт фондæн йæ фæзуат у 68 процентæй фылдæр. Уымæй дарддæр ма Дзауы районы ис хихджын бæлæсты зынгæ хъæды массивтæ. Хъæды иннæ мыггæгтæ та сты тулдз, тæгæр, фæрв, нæзытæ æмæ æндæр мыггæгтæ.

Хъæдæрмæг бацæттæ кæныныл æмæ бакусыныл архайынц æхсæрдæс куыстуаты. Уыдон æрмæгæй ифтонг кæнынц арæзтадон объектты», – загъта Чилæхсаты Таймураз.

Йæ рады, Хъотайты Сæрмæт банысан кодта, республикæйæн æддæмæ экспорты æнæмæнгхъæуындзинад. «Фадыджы фиппайдæуы инфляци фæстаг 30 азы дæргъы фаг хъусдард здæхт æм кæй нæ цыд, уымæ гæсгæ. Уыимæ хъæдгуыстгæнæн фадыг, гæнæн ис, суа Хуссар Ирыстоны экономикæ-йы рæзты къабæзтæй иу. Тæрсæй бакуыстгонд про-дукттæн, гæнæн ис, уа бæрæг экспортон потенциал. Уыимæ банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ цыфæнды проект, цыфæнды кондад дæр зиан ма хъуамæ хæссой экологийæн. Мах хъуамæ рахизæм кондады ног æмвæзадмæ æмæ сорганизаци кæнæм бæрæг экспортон ласæггæгтæ республикæйæн æддæмæ. Уый ахсджиаг у æвзонг паддзахадæн», – загъта уый.

Экономикон рæзты министр ма банысан кодта, зæгъгæ, йæм ис къорд фæндоны, кæцытæ фæахъаз уаиккой Республикæ Хуссар Ирыстоны дарддæры рæзтæн.

 

***

Президент Гаглойты Аланæн кусæгон фембæлд уыд Хицауады Сæрдары хæдивæг – финансты министр Тадтаты Дзамболатимæ.

Паддзахады сæргълæууæгæн министр, вице-премьер радзырдта аст мæйы дæргъы цы бакуыстой, уый тыххæй. Бæлвырддæрæй та Президент байхъуыста бюджетон фæрæзты сæйраг дихгæнджыты финанскæнынады  фæдыл докладмæ. Финансты министрады сæргълæууæг хыгъд радта азы райдианæй фæстæмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны бюджеты æфтиæгтæ æмæ хæрдзты тыххæй.

Президент бахæс кодта, цæмæй бюджетон фæрæзты æфтиæгтыл  æмæ хæрдзты æргомдзинадыл контроль цæуа административон æгъдауæй.

Тадтаты Дзамболат банысан кодта, зæгъгæ, Финансты министрад æмæ Куысты æмæ социалон хъахъхъæнынады министрад иумæ кусынц бюджетон хызæджы  кусджыты куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны фæдыл.

Гаглойты Алан бахæс кодта, цæмæй бакусой сентябры дæргъы куыстмызд фæфылдæр кæныны фæдыл.

 

***

Уый фæстæ Гаглойты Алан фембæлд фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсаримæ.

Æддагполитикон ведомствойы сæргълæууæг Президентæн радзырдта Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй Абхазы хæдбардзинад банымайыныл 16 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзæлтты хайад райсыны нысанæн Республикæ Абхазмæ хуссар-ирыстойнаг делегацийы балцы фæстиуджыты тыххæй.

Балцы фæлгæтты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад сæ къухтæ æрфыстой Консультациты иумæйаг планыл.

Фембæлды рæстæджы ма ныхас цыдис Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады архайды фарстатыл, уыцы нымæцы фæсарæйнаг уагдæтты архайды тыххæй дæр.

Паддзахады сæргълæууæг æддагполитикон боны фæткы фæдыл куыст фæактивондæр кæныны тыххæй радта цалдæр хæслæвæрды. Уæлдай хъусдард аздæхтæуыд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хаххыл  Уæрæсейы Федерациимæ æмахастытæ ноджы хуыздæр кæнынмæ.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.