РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид бацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварадмæ æмæ цалдæр æвзарæн фадыгмæ, цыран хъæлæс лæвæрдтой УФ-йы Паддзхаадон Думæмæ æвзæрстыты.

РХИ-йы УФ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Къарджиаты Эльбрус уæрæсейаг минæварады президентыл æмбæлгæйæ йын бузныг загъта бæстæйы территорийыл æвзæрстытæ бацæттæ кæнын æмæ сорганизаци кæныны сын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, хъæлæс дæттын цæуы хорз, æмбæстæгты активондзинад у бæрзонд.

«Æппæт горæтон æмæ республикон службæтæ абон махæн æххуыс кæнынц, уый тыххæй стыр бузныг республикæйы разамынадæн. Ницы къуылымпыдзинæдтæ ис, адæм цæуынц фадгуытæм, æмбæстæгты активондзинад у бæрзонд. Бæрцæй цалдæр минуты размæ нæ минæварады хъæлæс радтой æрыгон цардæмбæлттæ», – загъта минæвар.

Тыбылты Леониды цæст минæварады кусджытæн бауарзта æнтыстытæ, кæцытæн абон нырма уыдзæн бирæ куыст.

«Абон иттæг хорз боныгъæд у, Хуссар Ирыстоны у хур бон. Уынын, не ‘мбæстæгтæ кæй æвдисынц, уыцы активондзинад. Мæ хъуыдымæ гæсгæ изæрæй сымах махæн фехъусын кæндзыстут нæ бæстæйы территорийыл УФ-йы Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæ æнтысгæйæ кæй ацыдысты.  Алкæмæн дæр уæ йæ къухы æнтыстытæ æфтæт!», – загъта уый.

Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг ма уыцы бон уыдис цалдæр æвзарæн фадыджы. Иууыл стырдæр æвзарæн фадгуытæй сæ иу Дзауы районон центры Тыбылты Леонид ныхас кодта бынæттон цæрджытимæ, кæцытæ Президентимæ ныхас кæнгæйæ банысан кодтой, зæгъгæ, «се ‘мбæстагон хæсыл нымайынц уæрæсейаг закъондæттынадон органмæ æвзæрстыты хайад исын».

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.