Республикæ Хуссар Ирыстоны боны  цытæн нæ горæтмæ цы бирæнымæц уазджытæ “æрцыдысты, уыдонæй иутæ уыдысты Науруйы республикæйы минæвæрттæ. Уыдоны знон цытджын æгъдауæй йæхимæ райста Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид. Науруйы делегацийæн разамынд кодта Науруйы Парламенты Сæрдар Сирил Бураман.

Райдианы Президент æхсызгон æнкъарæнтимæ банысан кодта, уазджытыл сæрыстырæй кæй æмбæлы, уый æмæ сын се ‘рцыды тыххæй загъта стыр бузныг.

Дарддæр Президент банысан кодта, зæгъгæ, райсом нысан кæнæм ахсджиаг, республикæ расидыны 26 азы цытджын бæрæгбон. Мæнæн тынг æхсызгон у, дарддæр зæгъы Президент, сымах дæр, ацы хъарм æмæ райдзаст бон немæ, ирон адæмимæ кæй стут, уый. Дунейы бирæ хъуыддæгты сымахæн уæ гæнæнтæ сты фылдæр. Уый тыххæй мæ фæнды сымахæн зæгъын, цæмæй уæ бартæ æмæ гæнæнтæй æххæстæй пайда кæнат уæ бæстæ æмæ адæмы сæрвæлтау. Нæ адæм тыхст куы уыдысты, уæд сымах æрбалæууыдыстут нæ фарсмæ, банымадтат нын нæ хæдбардзинад æмæ абон, куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Науруйы хицауады разамонджытæ дæр хæсджын сты, цæмæй нæ ахастытæ рæзой, цæуой размæ, схизой бæрзонддæр æмвæзадмæ. Нæ хæдбардзинад ма нын банымадта стыр æмæ хъомысджын Уæрæсе. Уымæ гæсгæ раст уыдзæн, цæмæй дарддæр цы хъуыддæгтæ аразæм, уыдоны тыххæй фæрсæм Уæрæсейы.

Президент се ‘рцыды тыххæй ноджыдæр раарфæ кодта Науруйы делегацийы минæвæрттæн æмæ ныхасы бар радта делегацийы сæргълæууæг, Науруйы Парламенты Сæрдар Сирил Бураманæн.

Райдианы уый банысан кодта,  зæгъгæ, “райгонд æмæ сæрыстыр стæм æрмæст уæ райстæй нæ, фæлæ ма уæ рæсугъд æрдз æмæ иттæг хорз боныгъæдæй дæр. Мах сæрыстыр стæм, уæ бæрæгбоны хайад кæй исæм, уый тыххæй. Науру æмæ Хуссар Ирыстон кæрæдзимæ сты дард, фæлæ нын кæрæдзиимæ ис æфсымæрон ахастытæ æмæ ахæм бæрæгбонты мах хæсджын стæм æмæ уæм æрцæуæм, уемæ бацин кæнæм, зынтæй цы хæдбар паддзахад сарæзтат, уый цытæн бæрæгбоныл. Хуссар Ирыстоны æз фыццаг хатт нæ дæн. Алы хатт дæр бадис кæнын уæ уарзæгой æмæ хæларадон ахастытыл. Уырны мæ, ацы æрцыды рæстæджы дæр, æрмæст æз нæ, фæлæ ма мемæ чи æрцыд, уыдон дæр кæй аздæхдзысты райгондæй æмæ хорз тæлмæн-тимæ”.

Кæронбæттæны ма Сирил Бураман банысан кодта, зæгъгæ, Науру у чысыл бæстæ, бæрцæй дзы цæры 10 мин адæймаджы, фæлæ мæн уырны æмæ хæлардзинад дарддæр куы кæна, уæд нæ ахастытæ ноджыдæр кæй сытынг уыдзысты.

Фембæлды ма ныхас цыдис, цæмæй дыууæ бæстæйы ‘хсæн райтынг уой культурæ æмæ спорты къабæзты ахастытæ дæр.

Фембæлды хайад райстой Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли æмæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат.

Фембæлды кæрон Тыбылты Леонид Хæлардзинады орденæй схорзæхджын кодта Науруйы Парламенты Сæрдар Сирил Бураманы.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.