17-æм сентябры уагъд æрцыд 2015-2016 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестпрограммæ реализаци кæныныл контролы фæдыл штабы рабадт. Сæрдариуæг ын кодта РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти. Йæ куысты хайад райстой Хицауады уæнгтæ, министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, арæзтадон объектты архайæг подрядон æмæ субподрядон организациты къухдариуæггæнджытæ.

Штабы рабадт гом кæнгæйæ Хицауады Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, профилон министрадтæ æмæ ведомствоты минæвæрттимæ æппынæдзухæй контроль кодтам, Инвестпрограммæйы объектты куыстытæ куыд цæуынц, уыдæттæ æмæ бынаты зонгæ кодтам арæзтадон процессимæ.

«Мах регулярон æгъдауæй азилæм Инвестпрограммæйы объекттыл. Уыдыстæм Ленингоры районы дæр æмæ зонæм, Инвестпрограммæ куыд реализаци цæуы, уый. Зонæм, кæм цы хъуамæ саразæм, уый, цæмæй ацы азæн Инвестпрограммæ æххæст æрцæуа.

Йæ ныхæстæм гæсгæ хицæн объекттæн рахицæнгонд фæрæзтæй пайда кæныны темптæ æмæ гуырахсттæ фæдывæр кæнынæн æппæт фадæттæ дæр ис, цæмæй ацы программæ реализаци æрцæуа. Уый тыххæй та республикæйы разамынад мобилизаци кæны æппæт уæвæг резервты дæр, æрмæст хъæуы кусын æмæ кусын.

Кæронмæ фæхæццæ кæны Инвестпрограммæйы сæйрагдæр объекттæй сæ иуы – реабилитацион центримæ сывæллæтты республикон рынчындоны арæзтад, кæцыйы арæзтадон куыстыты гъæды тыххæй дзуапп дæттынц контролгæнæг органтæ. Ацы объекты фесты куыстытæн сæ 90 проценты.

«Зæрдæйæн æхсызгон вæййы, ардæм бахизгæйæ адæймаг куы фæуыны, алцы дæр бæстон æмæ аив арæзт кæй цæуы, уымæй. Хатæнты ахорæнты хуызтæ цæстæнгас сæхимæ здахынц. Чизоны уый афтæ ахсджиаг нæу рынчындоны куыстæн, фæлæ мæнмæ гæсгæ пациентты хиæнкъарынады хатæнты хуызтæн дæр ис нысаниуæг» – банысан кодта Хъуылымбегты Доменти.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Плиты Агуындæ дæр стыр аргъ скодта ацы ног медицинон уагдоны арæзтадæн, фæлæ уыимæ уый банысан кодта, цæмæй цы медицинон уагдæттæ арæзт цæуынц, уыдоны скъуыддзаг æрцæуа донхъуагдзинады проблемæ. Хъуылымбегты Доменти республикон Паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал»-ы директор Зассеты Сергейæн бахæс кодта, цæмæй ацы проблемæйыл бакуса æмæ штабы радон рабадты фехъусын кæна райсгæ мадзæлтты тыххæй. Плиты Агуындæйæн та бахæс кодта, цæмæй бакуса уагдонæн медицинон кадртæ æвзарыны фарстыл æмæ иттæг бæрндзинады цæстæй акæса йæ аскъуыддзаг кæнынмæ.

«Ацы фарстыл хъæуы афтæ бакусын, цæмæй модернизаци уадзгæйæ иу специалист дæр æгуыстæй ма баззайа. Уый у, куыд республикæйы Президент Тыбылты Леониды, афтæ Хицауады домæн дæр», – загъта Хицауады Сæрдар.

Рабадты ма уынаффæ цыдис, “Цæгаттаг” микрорайоны маневрæйон фонды раздæр фатертæ лæвæрд кæмæн æрцыд, уыдоны фæстæмæ, Маяковскийы уынджы æндидзыд чи æрцыд, уыцы хæдзармæ раздахыныл. Уыимæ ма æрдзырдтой, коммуналон лæггæдтæ бафидыны фæдыл цæрджытæн цы хæстæ сæвзæрыд, уыдоны бафидын кæныны тыххæй мадзæлттæ райсыны фарстыл.

«Мах ныридæгæн фыстæг райстам паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс»-æй æмæ дарддæр дæр уый фæдыл цæрджытимæ кусдзыстæм. Хæдзары æдæппæт ис 30 фатеры, уыдонæй 17 фатеры бинонтæ ныридæгæн ралыгъдысты. Фæлæ иннæтæй алкæйы нæ фæнды ралидзын. Махæн проблемæтæ ис цыппар бинонтимæ», – загъта Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Æлборты Алан.

Штабы рабадты Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард радзырдта, хицæн æмæ хицæн объектты куыстытæ куыд цæуынц, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ хæрзарæзтадон куыстытæ фæуд кæнынц Горькийы уынджы. Асфальт æрцыдис æмæ аразджытæ ныр та кусынц тротуарты хæрзарæзтадыл. Объектыл кусынц 16 адæймаджы æмæ 6 иуæджы техникæ, загъта уый.

Уынгты хæрзарæзтады фарстытимæ уынаффæ цыдис уыдоны срухс кæныны фарстыл дæр. Уый фæдыл рабадты хайадисджыты раз раныхас кодта Æлборты Алан. «Хорз уаид, цæмæй ацы аз уынгты цы электроприбортæ æвæрд æрцæудзысты, уыдон уой, цъус электроэнерги чи хардз кæндзысты, ахæмтæ, афтæ ма ахæмтæ æвæрой нырæй фæстæмæ дæр», – загъта горæты мэр.

Рабадтæн фæстиуджытæ аразгæйæ, Хъуылымбегты Доменти банысан кодта, зæгъгæ, махæй алчи дæр æмхуызон бæрндзинад хæссы адæмы раз 2016 азæн Инвестпрограммæ æнтысгæйæ реализаци кæныны хъуыддаджы. Æмæ сын йæ цæст бауарзта æнтыс-тытæ æмæ хуыздæр аразджытæн та загъта бузныг сæ намысджын куысты тыххæй.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.