29 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады расидыны Акт райсыны боныл 25 азы сæххæсты цытæн бæстæйы Президент Бибылты Анатоли фембæлд, ацы хъысмæтскъуыддзаггæнæн бон йæ тых æмæ хъарутыл чи нæ ауæрста, бæстæйы рухс фидæныл чи архайдта, уыцы фыццаг сæвзæрст Парламенты депутаттимæ.

Бибылты Анатоли бузныг загъта Хуссар Ирыстоны  фыццаг сæвзæрсты Парламенты депутаттæн сæ ныфсхастдзинад æмæ удуæлдай куыст æмæ архайды тыххæй. Хæдбардзинад расидыны фæдыл Акт ист æрцыд Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты руаджы, уыдон тох кодтой нæ бæстæйы сæрибардзинадыл.

«Уымæйдæр, адæм æмхъуыдыйæ загътой, кæй сæ фæнды цæрын Гуырдзыстонæй хæдбарæй.

Мах равзæрстам нæ фæндаг æмæ йæ нæ ивæм. Нæ бæстæйæн цы къухдариуæггæнджытæ уыд, уыдон банысан кодтой, нæ фæндаг нæ Уæрæсемæ кæй кæны. Æмæ уыцы здæхт нæ ивы», – дзырдта Бибылты Анатоли.

Уый, фыццаг сæвзæрст Парламенты депутаттæй алкæмæндæр йæ хъæбатырдзинад æмæ ныфсхастдзинады тыххæй ноджыдæр загъта бузныджы ныхæстæ. Уымæн æмæ уыдон хъуыддагæй архайдтой Ирыстоны хæрзæбонæн. Сымах, зæгъгæ, стут фыццæгтæ, кæцытæ слæууыдысты бæстæйы сæрибардзинад хъахъхъæныныл юридикон æгъдауæй. Физикон æгъдауæй та йæ хъахъхъæдтой, йæ къухмæ æхсæнгарз цы лæппутæ райстой, уыдон.

Фыццаг сæвзæрсты депутаттæ сæ рады бахатыдысты бæстæйы сæргълæууæгмæ, цæмæй сфидар кæной «цытджын депутатты ном» ацы закъондæттынадон органы минæвæрттæн.

Хуссар Ирыстоны Парламенты фыццаг сæвзæрсты депутат Битарты Зоя Президентæн дзырдта, зæгъгæ, ды дӕ цыппæрæм Президент, ахæм фæндон кæй размæ хæссæм.

«Бæстæйы раздæры сæргълæуджытæ дæр «нæ» нæ дзырдтой ацы фарсты фæдыл, фæлæ дзы практикон фæстиуæг нæ уыд. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ фондз азы дæргъы райсомæй изæрмæ чи фыдæбон кодта нæ адæмы сæрибардзинады сæрыл, уыдон сты ахæм номы аккаг», – банысан кодта Зоя.

Бæстæйы сæргълæууæг рахæцыд ацы фæндоны фарс, зæгъгæ, дызæрдыггаг нæу, нæ Республикæйæн уыйбæрц лæггад цы депутаттæ бакодтой, уыдон куыстæн аккаг аргъ кæнын кæй хъæуы. Банысан кодта, ацы фарстыл юридикон фарсæрдыгæй бакусын, куыд хуыздæр, афтæ йæ саразын. Уымæн æмæ «цытджын депутатæн» йæ бартæ æмбæлон хуызы фыст хъуамæ уой.

Ацы сæвзæрсты депутат Уалыты Розӕ дæр бузныг загъта Президентæн хъарм фембæлды фæдыл. Махæн, зæгъгæ, ахæм фембæлд абоны онг ничи сарæзта. Фыццаг сæвзæрсты депутатты номæй ноджыдæр бузныджы ныхæстæ загъта Президентæн йæ хъусдарды тыххæй.

«Ды Ирыстоны аккаг фырт, æмæ æцæг патриот дæ, кæцы кæдфæндыдæр райсы æмæ байхъусы адæй-магмæ. Уый ахсджиаг æмæ хорз миниуæг у», –  банысан кодта Розæ.

Мадзалы кæрон Бибылты Анатоли йæ хайадисджытæн бакодта зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Фембæлды ма хайад райстой Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ Парламенты Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Мамиты Инал.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.