Дыууæ боны дæргъы Анахарсисы номыл библиотекæйы уагъд цыд зындгонд шахматист æмæ фыссæг Гобозты Валерийы рухс номыл фыццаг республикон турнир шахматтæй. Хайад дзы райстой 18 спортсмены. Уыдон дих уыдысты дыууæ дæлкъордыл. Фыццаг къорды архайдтой хистæр кары шахматисттæ. Дыккаджы та – скъоладзаутæ. Зæгъæн ис, æмæ ерысты сæ тыхтæ кæй фæлвæрдтой иууыл тыхджындæр шахматисттæ.

Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы раныхас кодта Гобозты Валерийы хъомылгæнинаг, республикæйы шахматты федерацийы президент Саулохты Георги. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй турнир суыдзæн æрвылазон.

Уый фæстæ Гобозты Валерийы царды тыххæй радзырдтой паддзахадон университеты филологийы факультеты студенттæ. Уыдон ма бакастысты поэты æмдзæвгæтæ. Гобозты мыггаджы номæй раныхас кодта паддзахадон университеты проректор Гобозты Станислав.

Гобозты Валериимæ иумæ бирæ азты куыста паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты декан Тыбылты Ингæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Гобозты Валери уыд диссаджы курдиаты хицау.

Ерыстæм æрбацыдысты æмæ хъæзтытæм сæ хъус дардтой Гобозты Валерийы æввахс хиуæттæ, уыдоны ‘хсæн уыд йæ хо Ляля дæр. Уыдон бузныг загътой æрæмбырдуæвджытæн.

Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ йæ хайадисджытæ кæрæдзиимæ акодтой фæйнæ иу хъазты. Партитæ иууылдæр акæнгæйæ,  хистæр кары спортсменты ‘хсæн иууыл фылдæр очкотæ æрæмбырд кодта æмæ ерысты уæлахиздзау ссис Саулохты Георги. 2-аг бынат бацахста Тыбылты Ирбег æмæ 3-аг та ссис Гæбæраты Ацæмæз. Скъоладзауты ‘хсæн æмхуызон очкотæ æрæмбырд кодтой Цхуырбаты Андрей æмæ Ногъайты Андрей æмæ сæ бахъуыд уæлæмхас парти ахъазын. Ам спортивон амонд бахудт Ногъайты Андреймæ æмæ ссис турниры уæлахиздзау, Цхуырбаты Андрей ацыд 2-аг бынатыл. Ерысты бронзæйон призер та ссис  Æлборты Элинæ.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Æлборты Аланы номæй ма сæрмагонд лæвæрттæ бакодтой скъоладзауты ‘хсæн ерысты уæлахиздзау æмæ призертæн.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.