Дзауы поселочы ныр 5-æм хатт уагъд æрцыд Советон Цæдисы хъайтар Хъоцыты Константины номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты майдантыл тох кодтой 100 спортсмены бæрц. Турниры, сæйраджыдæр, хайад истой 13 азы онг кæуыл цыд, ахæм богалтæ. Сæ тыхтæ фæлвæрдтой Цхинвал, Дзау æмæ Дзæуджыхъæуы минæвæрттæ. Турнир официалонæй байгом кæныны церемонийы æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта Президент Гаглойты Алан.

Спортуарзджытæ æмæ æвзонг богалтæн ма раарфæ кодтой Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ æмæ Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Хубежты Руслан.

Хъоцыты Константины номыл ерыстæ уагъд фæцæуынц самбойæ дæр. Сæ организатор Дзауы районы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Джиоты Алик куыд фехъусын кодта, афтæмæй ныр дæр фæнд кæнынц ерыстæ самбойæ дæр ауадзын.

Турниры уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ, кубоктæ æмæ кады грамотæтæй. Президенты номæй та сын лæвæрд æрцыдысты æхцайы фæрæзтæ. Паддзахады сæргълæууæджы номæй ма лæвæрд æрцыдысты сæрмагонд призтæ хуыздæр техникæ æмæ уæлахизмæ тырнындзинады тыххæй.

Рог атлетикæ

 

Стыр Фыдыбæстæйы хæсты Уæлахизы боны цытæн Цхинвалы стадионы уагъд æрцыдысты ерыстæ рог атлетикæйæ. Хайад сæ райстой куыд столицæ, афтæ ра­йонты минæвæрттæ дæр. Æдæппæтæй 100 æвзонг спортсменæй фылдæр. Уыдон сæ цæттæдзинад фæлвæрдтой 100, 200 æмæ 400 метрмæ згъорынæй. Ерысты хайадисджытæн раарфæ кодта Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Гасситы Сослан.

«Тынг æхсызгон нын у, районтæй дæр кæй æрцыдысты æмæ ерысты активон хайад кæй райстой. Стыр Уæлахизы боны цытæн æмæ Хæдбардзинады Акт райсыны боны цытæн  ерыстæ уагъд цæудзысты спорты 12 хуызæй», – фехъусын кодта Гассийы фырт.

 

Уæгъдибар хъæбысхæст

 

Турчы уагъд æрцыд лицензион турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ацы ерыстæ уыдысты Парижы Олимпион хъæзтытæм бахауыны тыххæй фæстаг фадат. Ирон богалтæй дзы хайад райстой Уалыты Чермен (Албани) æмæ Салхъазанты Таймураз (Словаки), Макоты Барис (Словаки) æмæ Рубайты Георги (Молдави). Хъыгагæн, Макоты Барис æмæ Рубайты Георгийæн нæ бантыст лицензитæ райсын.

Сæхи хъæддыхæй равдыстой Салхъазанты Таймураз æмæ Уалыты Чермен. Уæлдай зындæрæй лицензи бафтыд Чермены къухты. Уый æрдæгфиналы æнæнхъæлæджы фæхæрд Виктор Рассадинæн. Уымæ гæсгæ йæ бахъуыд уæлæмхас тох ауадзын. Уым йæ ныхмæлæууæг уыд туркаг Сонер Демирташ. Фæстаг секундты онг Чермен æмбылды кодта, фæлæ та равдыста фидар удыхъæд æмæ йын тохы кæрон бантыст дыууæ баллы бакусын æмæ  рамбулын. Туркæгтæ уыцы хъуыддаджы тыххæй æвдыстой се ‘нæразыдзинад, раппæрстой челлендж дæр, фæлæ тæрхонгæнджытæ сæ хъуыды нал фæивтой æмæ ма ноджы иу балл радтой Черменæн. Афтæмæй ирон богал фæуæлахиз 4:2 хыгъдæй.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ныр Олимпиадæйы 74 кг уæзы категорийы хайад кæй исдзысты Салхъазанты Таймураз, Уалыты Чермен, Сидахъты Зауырбег æмæ Цæболты Хетæг.

ХУРИТЫ Батрадз     

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.