2020 азы ногазон улæфтытæ уыдзысты 1-æм январæй 7-æм январы онг, 31 декабрь уыдзæн кусгæ  бон.

«Ацы аз фæстаг кусгæ къуыри уыдзæн дыууæбонон – къуырисæр – 30 декабрь æмæ дыццæг – 31 декабрь. Ногазон улæфтытæ махмæ 2020 азы уыдзысты 1-æм январæй 7-æм январы онг. Фидæн азы фыццаг кусгæ  бон хауы æртыццæгмæ, 8-æм январмæ.

«2020 азы улæфт бонтæ ахæссыны тыххæй» 30 октябры Хицауады барамындмæ гæсгæ улæфт бонтæ 4-æм æмæ 5-æм январы (сабат æмæ хуыцаубон), кæцытæ хауынц æнæкусгæ  бæрæгбонон  бонтæм, хаст цæуынц 27 æмæ 28 августмæ (цыппæрæм æмæ майрæмбон). Уæрæсейы ногазон бæрæгбонты улæфдзысты иу бон фылдæр – 8-æм январы онг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.