7 декабрь. 55 азы размæ Хуссар Ирыстоны Дзауы скъола-интернат фыццаг хатт райста ахуырдзауты.

11 декабрь. 60 азы размæ Цхинвалы районы Сатихъары хъæуы райгуырдис поэт журналист æмæ æхсæнадон архайæг, Уæрæсейы Журналистты Цæдисы уæнг æмæ славяйнаг журналистты дунеон Цæдисы уæнг Дыгъуызты Тенгиз Никъалайы фырт.

12 декабрь. 80 азы размæ горæт Цхинвалы райгуырдис профессор, Уæрæсейы Федерацийы технологон зонæдты Академийы уæнг-корреспондент, Уæрæсейы зындгонд специалист хосгæнæн препаратты конструкци кæныны фæдыл Лохты Рудольф Ермолайы  фырт.

15 декабрь. 65 азы размæ  Дзауы районы Хæрдысæры хъæуы райгуырдис театры актер, Цæгат Ирыстоны адæмон артист Хуыгаты Сурен Тугъаны фырт.

18 декабрь. 105 азы размæ (1914-1999) горæт Цхинвалы райгуырдис зынгæ ирон артисткæ, æвæрæг-режиссер, ГССР сгуыхт артисткæ Цæбиты Залихан Михаилы чызг.

21 декабрь. 100 азы размæ (1919-2009) Цæгат Ирыстоны горæт Æрыдоны райгуырдис Советон Цæдисы хъæбатыр Тогызты Хъауырбег Темболаты фырт.

24 декабрь. 115 азы размæ (1904-1991) Цхинвалы районы Цъунары хъæуы райгуырдис хъæууонхæдзарадон зонæдты кандидат, доцент Хетæгкаты Уасил Александры фырт.

28 декабрь. 80 азы размæ (1939) Гуырдзыстоны республикæйы Тетрицхъаройы районы Думанисы хъæуы райгуырдис техникон зонæдты кандидат, профессор, фæндагзмæлды æдасдзинады фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Националон премийы дипломант Кортиаты Леуан Исмайлы фырт.

Æрæмбырд сæ кодта КЪУЕЗЕРТЫ Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.