РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Ба­рис цы æмбырд сарæзта, уым ныхас рауад, Уæ­рæсейы Президент республикæйы разамынды раз­мæ цы хæстæ сæвæрдта, уыдоныл, национ про­екттæ æмæ паддзахадон программæтæ царды уа­дзыныл, æхсæнадон фæзуæтты фæлгонцадыл, ту­ризмы рæзтыл. Æмбырды архайдтой Хицауады уæн­гтæ.
Æрæджы республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн Владимир Путинимæ цы фембæлд уыд, уым ныхас æрмæст Беслæны трагедийыл нæ цыд, фæлæ республикæйы социолон-экономикон рæзтыл дæр. Уæд Президент цы ныстуантæ скодта, уыдоны æххæст кæныныл уыд йæ ныхас Хицауады Сæрдарæн. Дзанайы-фырт куыд баны­сан кодта, афтæмæй сæ зæрды ис специалисттимæ бадзырд бафыссын. Уыдон цæттæ кæнынц культурон-патриотон центр «Беслæн. 1-æм скъо­ла»-йы экспозицион пълан. Культурæйы министрад та рæвдз кæны техникон хæслæвæрд, уымæ гæсгæ, хъуамæ экспозици бацæттæ кæной «Бес­лæны мадæлтæ»-имæ. Беслæны тыххæй мысæн мадзæлттæ цæудзысты азы кæронмæ.
Дзанайы фырт ма йе ‘ргом аздæхта национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ царды уадзынмæ.
«Иннæ азмæ æппæт финансон куырдиæттæ равзаринаг сты, хатдзæгтæ сæ скæнын хъæуы. Республикæйы размæцыддæр проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый та хъуамæ Экономикон рæзты министрад равзара. Уæлдай æргом азда­хын хъæуы Стратегион хъæппæристы агентадимæ куыстмæ», — фæбæрæг кодта Сæрдар.
Туризмы комитетæн Хицауады Сæрдар сæ­вæрдта, модулон фысымуæттæ цыбыр æмгъуыд­мæ сæвæрыны хæс. Цæгат Ирыстон æххуыс ра­йс­дзæн Уæрæсейы Хицауады фæстауæрцы фон­дæй, сæ бæрц у 160 милуан сомы, фаг сты 16 про­ектæн.
Æмбырды рæстæг иннæ бæрнон адæймæгтæ дæр радзырдтой сæ куыст, сæ дарддæры архайды тыххæй.

Уæзласæн транспорт – горæты иувæрсты

Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеславы ныхасмæ гæсгæ, уæзласæн транзитон хæдтулгæтæн нæ республикæйы сæйраг горæтмæ æрбацæуыны бар нæ уы­­дзæн.
Дзæуджыхъæуы администрацийы аивкæнынады æмæ фæндæгты арæзтады управленитæн бахæс кодтой, уæзласæн хæдтулгæтæн горæтмæ æрбацæуыны бар чи нæ дæтдзæн, фæндæгтыл ахæм нысантæ сæвæрын. «Уæзласæн хæд­тул­гæтæ æрвитын хъæуы горæты иувæрсты цæуæг фæн­дæгтæм. Ацы хъуыддаг, фыццаджыдæр, фæ­ахъаз уыдзæн нæ адæмы æдасдзинадæн æмæ фæн­дæгты уæлцъар бахъахъхъæнынæн, — загъ­та Милдзыхы-фырт.

Куыст – алкæмæн дæр

Цæгат Ирыстоны ацы азы кæронмæ куыст ссардзысты, се ‘нæниздзинад хуыздæрхъуаг кæ­мæн у, 30 ахæм адæймагæн.
Афæдзы аст мæйы дæргъы куыстдæттыны комитетæн бантыст 45 сахъат адæймагæн сæхи аккаг кусæн бынæттæ радтын. Цæмæй фылдæр ахæм адæм æрлæууой куысты уæлхъус, уый тых­хæй ма комитет радих кодта 2 милуан сомы бæрц.
Республикæйы куыстуæтты разамонджытæн фехъусын кодтой, се ‘нæниздзинад хуыздæрхъуаг цы адæймæгтæн у, уыдон куыстмæ куы райсой, уæд сын сæ хæрдзтæ баххæст кæныны тыххæй паддзахад кæй ратдзæн уæлæмхасæн фæ­рæз­тæ.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.