Ирыстоны хъæутæй алкæмæн дæр ис йæхи истори. Уыдоны ‘хсæнæй бæрæгæй æрттивы Рукъ. Цæдисы ныппырхимæ нызгъæлæнтæ ис Ручъы фидар гæнах дæр. Нæргæ Рукъгомæн йæ кады фæндæгтыл хæмпæлгæрдæг йæхи зарджытæ кæны.
Цард хъæздыг æмæ фидар хæзнатыл амад у. Царды рахæцæнтæ бирæ сты, уыдон та историйы бæрæгæй æрттивынц.

Истори рæстæджытæй конд у, уыцы рæстæджытæй алкæмæн дæр ис йæхи домæн. Æмæ уыцы домæнтæ Ручъы историйы чи агура, уый дзы ссардзæн аккаг æрмæджытæ. Уыдон хæрзиуджытæ сты, хæрзиуджытæн та сæфæн нæй æмæ сын ранымайæн дæр ис, фæлæ хуыздæр у, цыбыртæй йæ куы зæгъæм — Рукъгом, Плитæ сæ адæмæн алцы дæр радтой. Æцæг сæ алы ирон нæ зоны. Алы ирон уал бахъуыды кæнæд уый, æмæ бæрцæй Иратаманы Плитæй егъаудæр мыггаг нæй, (се ʻрвадæлты Гассеты, Гутнаты, Саламты, Ардасенты, Дзантиаты) æнæ нымайгæйæ.

Иры царды сыфтæ фæлдахгæйæ, нæ ахиздзынæ Плиты-Рукъгомы сæрты.

Хъæздыг у Рукъгом. Йæ цæуæт Иры историйы егъау бынат æрцахстой. Хистæрæй цумахъомы уонг хæст уыдысты иу стыр хъуыддагыл. Кад, намыс, æгъдау, æвзаг, сæрибардзинад — сæ уд сыл хъардтой, ахуыр сæ кодтой, рыг абадын сыл никуы бауагътой, афтæмæй сæ лæвæрдтой сæ кæстæртæм.

Цард тох у. Уый хорз æмбæрстой Цъалагомы сылгоймæгтæ дæр æмæ йæ æвдисгæ дæр ракодтой канд 1920 азты нæ, фæлæ ма 1941-1945 азты дæр. Уæд сæ къухты уыдис хæцæнгарз, мады æхсаргард.

Уыцы разагътайы сылгоймæгтæй иу уыд Уæллаг Рукъаг, номдзыд Дзапъийы хæдзарвæндаджы чызг Плиты Оля Семены чызг.

Развæлгъау æй зæгъын: 1920 азы геноциды хабæрттæ чи ахуыр кæна, уый нæ ахиздзæн Плиты Оляйы иувæрсты.

«Сæ гæды дæр искæй цыхт нæ хордта»

Оля æмæ Иссæ иу хæдзарвæндагæй уыдысты, сæ хæдзæртты пырхытæ абон дæр бæрæгæй зынынц кæрæдзи фарсмæ.

Иссæйы фыды фыд йæ хъалæй нæ алыгъд Цæгат Ирмæ. Рукъ æй афтæ дзурынц: Алыксандры фыд арæзта хордон. Æлдары чапартæ хъалон исынмæ куы бацыдысты, уæд дзы иу ехсæй ныццавта Иссæйы дадайы. Ахæм цæф ныббарын мæлæтæй фыддæр уыд æмæ йæ уый дæр агæрах кодта, стæй схæцыд æмæ алыгъд Зæронд Бæтæхъойы хъæумæ. Уæд Иссæйы фыд Алыксандрыл цыдис 12 азы. Дзапъийы фыд Мæхæмæт баззад Ручъы цæргæйæ. Плиты Оляйы хæдзарвæндаг рохæн æвгъау сты, æмæ мæ фæнды сæ хæдзарвæндаджы кой ракæнын. Сæйраджыдæр дæр уымæн, æмæ номдзыд, уæздан, домбай хæдзарвæндаг уыдысты. Деметæй иу зæронд лæг Иликъо хуындис. Уый-иу Дзапъиты кой куы фехъуыста, уæд-иу йæ ныхас ахæм уыд: «Уыдонæй уæздандæр хæдзарвæндаг нæ уыд. Сæ гæды дæр искæй цыхт нæ хордта».

Кæд сæ хæдзарвæндаджы номæй Дзапъитæ хуыдтой, уæддæр ма бæлвырд у, Дзапъийы фыд Хæмæт кæй хуындис.

Дзапъийæ райдайгæйæ, хæдзары бинонты сконд уыд ахæм: Дзапъийæн — уыдис 10 лæппуйы æмæ 2 чызджы. Лæппутæй 2 амардысты, иннæ 8 схъомыл сты, царды сæ бынат ссардтой. Мæнæ фыртты номхыгъд;

Михел — зæхкусæг, уæздан æмæ æгъдауыл хæст

Григол — паддзахы æфсады булкъон

Степан — фæуд ын уыд Краснодары уæлдæр ахуыргæнæндон.

Иван — Ирыстоны фыццаг юрист

Петре — техник-аразæг

Джиуæрджи — æрзæткъахæнты кусæг, зыдта цалдæр фæсарæйнаг æвзаджы

ИСО — фыссæг, Советон фысджыты цæдисы уæнг. Йæ чызг цæры Калугæйы

Симон — зæхкусæг лæг

Чызг Машо — æйтт ирон сылгоймаг, уыд Куымæридтаты Кимайы бинойнаг

Чызг Сабе — номдзыд сылгоймаг, чындзыцыд уыд Ерманы Тыбылтæм.

Ранымадæй бæлвырд у, кæй уыдысты æцæг ирон нæргæ хæдзар. Сæ цард, сæ куыст кæд алы рæтты уыд, уæддæр ирон æгъдау бахъахъхъæдтой. Нæлгоймæгтæ се ʻппæт дæр ныгæд сты Ручъы дзыхъхъы.

Йæ цард дæр æвгъау нæ кодта

Ацы зæдбадæн хæдзарæй рацæугæ уыд Оля дæр. Зæгъæм уый дæр: ацы хæдзарвæндаджы сиахс уыд Чиаты Иосиф дæр. Йæ бинойнаг Раисæ уыд Джиуæрджийы чызг. Иосифы æмсиахс та уыдис Дзуццаты Вася, йæ бинойнаг хуын-дис Нинел.

Оля уыд æфсымæртæй кæстæры — Симоны чызг. Райгуырдис Дзауы районы Уæллаг Ручъы 1899 азы. Йæ сабион бонтæ дæр уым æрвыста, уым бакаст райдиан скъолайы дæр, стæй йæ ахуыр адарддæр кодта Гуры сылгоймæгты гимназы. Каст æй фæцис 1918 азы. Ардыгæй райдыдта йæ царды сæйраг фæндæгтыл цæуын æмæ сагъæс кæнын.

Оляйы дуг уыдис стыр уылæнты дуг, йæ тæккæ карзыл уыдис сæрибардзинады сæрыл тох. Æввахс айста йæ зæрдæмæ уыцы дуджы улæнты.

Йе ʻхсæнадон куыст райдыдта Тифлисæй, æфсæнвæндаджы скъолайы ахуыргæнæгæй куы куыста, уæд, 1919 азы. Афæдзы фæстæ та куыста Дзæуджыхъæуы сывæллæтты хæдзары ахуыргæнæгæй.

Дуджы улæнты хайад райсынмæ Оля æвзонгæй бавнæлдта. Йе ʻхсæнадон куыст фæцис номхæссæн, фæкодта йæ суанг йæ амæлæты уонг.

1920 азы, Ир дыууæрдыгæй дæр стыр тохы фæндагыл лæуд куы уыд, уæд Оля кусын райдыдта Цæгат Ирыстоны партийы обкомы хæххон сылгоймæгты куысты инструкторæй. Уырдыгæй æрвыст æрцыд 1920 азы Мæскуымæ æппæт Уæрæсейон сылгоймæгты съездмæ.

Стыр арæхстдзинæдтæ равдыста мидхæсты азты, йæ тохы æмбæлттæ йæ хуыдтой Сырх партизанкæ. Хъæбатыр сылгоймаг ныфсы адæймаг уыд Хуссар Ирыстоны бригадæйæн, уæлдайдæр та зымæджы æфцæджы сæрты хизгæйæ, Цæгат Ирæй Хуссармæ. Уыдис Гаглойты Тъотъойы партизанон къорды. Сæ фæндаг Зикъарайы æфцæгыл уыд. Советон хицауад расидыны æмæ уый сæрыл тохты активон хайад райста Оля.

Баззад ахсджиаг мысинæгтæ, йемæ тохты лæуд чи уыд, уыцы зынгæ адæймæгтæн. Уыдонæй иу уыд Гаглойты Тъотъо. Йæ мысинæгты афтæ зæгъы:

«При переходе через снежные вершины наши бойцы проявили необычайную выносливость. Не могу не отметить в этом отношении стойкость находившиеся в отряде девушки, члена Компартии, Плиевой Ольги, с оружием в руках шедшей с нами в походном порядке».

Уыцы уæззау дугты Оляйы ахаст цахæм уыд йæ хæстон æмбæлттæм, чызджытæ æмæ нæлгоймæгтæм, уый та бæлвырд у Хуссар Ирыстоны ревкомы уæнг Гæззаты Ладийы мысинæгтæй, кæцы фыста:

«Плиты Олямæ лæг хъусынæй не фсæст, ораторон дæсныйад æм тынг уыд, æмбæстæгты зæрдæтæм зыдта фæндаг арын, ирон партизантæн уыдис сæ рæвдауæг, не ‘ппæтæн дæр уыд, куыд нæхи мæдтæй райгуыргæ хо, иууылдæр æй хуыдтам «Нæхи Оля».

Хуссар Ирыстоны революцион тохты 1917-1921 азты хайад чи иста, уыдон æй уыдтой, цы хъару, цы зонд, цы ныфсхастдзинæдтæ уыд Олямæ, уый.

Æнауæрдон уыд йæ тох Советон хицауад æрфидар кæныныл, бирæ скъæрæнты бахауд автономи райсын, Ирыстоны дихдзинад аиуварс кæныны фæндæгтыл куы слæууыд, уæд.

Плион йæ тохы фæндæгтыл цæугæйæ, хорз æмбæрста, революци æмæ ног хицауад цæргæцæрæнбонтæм кæрон кæй скæндзысты дзыллæйы тухиаджы цардæн. Уый сæрвæлтау йæ цард дæр æвгъау нæ кодта. Йæ тохы æмбæлттæ йæ кæд сæ «хо» хуыдтой, уæд сæ Оля та хуыдта «æфсымæртæ». Уыцы тохы раз-дзæуджыты се ʻппæт дæр зыдта, семæ цин кодта ног Советон Хицауад æрфидар кæныныл.

Ног дуджы къæсæрыл Плион ныхъхъуыды кодта: ног Советон хицауад йæ къæх-тыл сæвæрынæн, фæндæгтæ аразынæн хъæуы æмбæлон ахуырдзинад. Уыцы ахсджиаг хъуыдыимæ фæраст Мæскуымæ, бацыд МПУ-йы юридикон факультетмæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæцис 1925 азы. Йæ ахуыры æмрæнхъ кодта ʻхсæнадон куыст Мæскуыйы ВКП(б)-йы комитеты.

Йæ арæхстдзинæдтæ йæ бирæ уагдæтты бамидæг кодтой Плионы; куыста тæрхонгæнæгæй Мæскуыйы районы Красноармейскы районы, стæй уæд Уæрæсейы горæтæй бирæ рæтты. Куыста Бакойы нефтгуырæнты партион организацийы секретарæй. Уыдис Тбилисы сылгоймæгты съезды делегат.

Алы ран дæр хорз, фæлæ хæдзары — хуыздæр. Уыцы рæсугъд хъуыдыимæ Плион æрыздæхт йæ Хуссар Ирмæ æмæ райдыдта нæ автономон областы прокурорæй кусын.

Бахауд Оля дæр скъæрæнты дуджы уæрдонмæ. Æруагъта йыл йæ уæз 1937аз. Бирæ хъыцъыдæттæ фæдардтой Оляйæн дæр, дзæвгар азтæ арвыста хъизæмаргæнæг лагерты. Цардбæллон уд сын бафæрæзта, æрыздæхт та йæ уарзон ахстонмæ. Уайтагъд райдыдта кусын Цхинвалы бæстæзонæн музейы хистæр зонадон кусæгæй.

Фыста Иры истори, цæуыл фæтох кодта, уыдæттыл.

Куыста, фæлæ цæссыгкалгæйæ, куыдта йе ‘дзард æмгæрттыл, тохы фæндæгтыл æй чи хуыдта, йæхæдæг та æфсымæртыл кæй нымадта, уыдон байсæфтыл.

Лæджы æмсæр сылгоймаг цы уавæрмæ æрхауд, дуг Иры разагъта фæсивæды куыд аныхъуырдта, Оля кæугæйæ куыд аззад, уый нын радзырдта дзæнæтыбадинаг, нæ зынгæ ахуыргонд Уанеты Владимир: «…Нæ алы фембæлды дæр кодта кæугæ, æрымысыд-иу йæ удæн, Ирыстонæн зынаргъ чи уыд, уыцы æввахс адæймæгты. Уыцы мысинæгтæ мæгуырауы рдæм тынг æндæвтой йæ уды кондыл, æмæ-иу архайдтон ууыл, цæмæй йыл арæх ма æмбæлон».

Егъау уыд йе ʻхсæнадон-зонадон куыст Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты. Дуджы уæззау уавæр, Ирыстоны адæмы аивылд, фæсфронт баззайæг адæмы иузæрдион куыст — æппæтыл дæр фыста Оля, уыдис сын уыцы азты дæр ныфсы адæймаг.

Бирæ зиæнттæ æрцыд уæд Дзапъийы хæдзарвæндагыл дæр. Хæсты фыццаг бонты байсæфт зынгæ ирон поэт, фыццаг филологон зонæдты кандидат Плиты Зауыр.

Ацы бонты номхæссæн сылгоймаг Плиты Оляйы райгуырдыл æххæст кæны 125 азы. Цæргæ фæкодта 57 азы. Уыдонæй 35 азы бæрц схай кодта дзыллæйы сæрибардзинады сæрыл тохæн.

Ирыстоны сылгоймæгты царды гуылфæнмæ ракæныныл æнауæрдон уыд йæ тох. Æнæрынцой зæрдæйы хицау уыд Оля. Иры сæрвæлтау лæвæрдта йæ цард, æрбадт ын нæ уыд, æрулæфт нæ зыдта, Уæрæсейы къуымтыл нал дзурын, Ирыстоны къуымтæ йын сгæрстгонд уыдысты æмæ сын кодта хомады лæггад.

Йæ егъау фыдæбæттæ æмæ хъуыдытæ уымæн фадат нæ радтой йæхи цард саразынæн. Амард иунæгæй, иу хъарæггæнæг дæр ыл нæ уыд, афтæмæй бацыд мæрдтæм 1957 азы. Оля уыд йæ бæстæ æмæ йæ адæмы патриот, зынгзæрдæ революционер, стыр ахуыргонд, номдзыд юрист, æрыгон фæлтæры хъомылгæнæг, æмбаргæ, арæхстджын зонадон кусæг. Сæйраджы сæйраг — номхæссæны ирон сылгоймаг, йæ Ир æмæ Ирыстонæн лæггад кæнынæй чи нæ бафсæст, ахæм адæймаг.

РХИ-йы паддзахадон музей хъуамæ бацархайа се ʻнувыд кусæг Оляйы рухс ном адæмы размæ хæссыныл. Дзырд дæр ыл нæй, Оля адæмæй рохгонд у. Ахæм адæймæгты та куы нæ мысæм, уæд фидæны хуыздæр никуы уыдзыстæм. Музейы историйæ фæиппæрдгæнæн нæй Оляйы.

ПЛИТЫ Гацыр, РХИ-йы зонæдты къабазы
сгуыхт кусæг, Хетæгкаты Къостайы номыл
премийы лауреат, профессор

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.