Райсом, 12 апрелы адæймагад 63-æм хатт банысан кæндзæн Космонавтикæйы бон. Космосмæ Юрий Гагарины атахт ссис æрмæст техникон прогрессы символ нæ, фæлæ ма Дун-дуне басæттыны фæдыл адæймаджы амбицитæ среализаци кæныны символ дæр.

«1961 азы 12-æм апрелы 10 сахатыл æмæ 55 минутыл цæрæн пункт Подгорноейы хуссар-скæсæнæй 2 километры æддæдæр æрбадт тæхæг-космонавт Юрий Гагарин. Фыццаг æй бафиппайдта ефрейтор В. Сопельцев.  Космонавт кæм æрбадт, уыцы бынатмæ  æрбацыд майор Гасситы Ахмæт. Уый дунейы фыццаг космонавты бахæццæ кодта дæлхаймæ». (40218-æм æфсæддон хайы историон формуляры рафыстытæй).

Официалон адæймæгты мысинæгтæм гæсгæ, космонавтимæ фембæлыны тыххæй Энгельсы районы æфсæддон аэродромы арæзт æрцыд агурæн-ирвæзынгæнæн къорд. Аэродромы радиолокацион службæ аппараты сбæрæг кодта стыр бæрзæнды. Фæлæ гарнизоны хистæр инæлар-лейтенант Иван Бровко æрурæдта  къорды атахт, уымæн æмæ сæрмагондæй йæхи фæндыд Гагариныл фембæлын. Бахъуыд æнхъæлмæ кæсын, цалынмæ инæлар аэродроммæ цыд, уæдмæ. Уый тыххæй бирæ азты фæстæ радзырдта тæхæг-фæлварæг Сергей Хитрин. Гагарины уый бахæццæ кодта тæхджыты городокмæ.

Агурæн-ирвæзынгæнæн къорд космикон аппаратмæ æввахс куы æрбадт,  уæдмæ космонавт уыд зенитон-ракетон дивизионы. Йæ командир майор Гасситы Ахмæт бафæлвæрдта разамынадæн  космонавт кæм ис æмæ йæхи куыд хаты, уый тыххæй фехъусын кæнынмæ. Растдæр ирон лæгæн радта рапорт фыццаг космонавт йе ‘нтыстджын атахты тыххæй. Йæ рады Гасситы Ахмæт фехъусын кодта æхсызгон хабар лейтенант Гагаринæн майоры ном радтыны тыххæй. Ацы эпизоды тыххæй Гассийы фырт дзырдта: «Уый уыд службæйы фæдыл иууыл тагъддæр радон æфсæддон ном радтыны цау – æдæппæтæй 108 минуты!». Растдæр уыйас фæцис космосы Юрий Гагарин.

«Балыгъдыстæм Гагаринмæ æмæ йын  райдыдтам хъæбыстæ кæнын, фембæлд нын æрхаста стыр циндзинад. Уым уыдысты мæ къорды салдаттæ дæр æмæ бынæттон цæрджытæ дæр. Æз æм бадардтон мæ партион билет æмæ йæм бахатыдтæн, цæмæй дзы йæ къухфыст æрæвæрдтаид», – фыста фæстæдæр  Гассийы фырт журнал «Огонек»-ы.

Дыккаг бон майор Гасситы Ахмæт ныффыста рапорт Советон Цæдисы Хъахъхъæнынады министрмæ фыццаг космонавтимæ йæ фембæлды тыххæй. Докладон запискæимæ сæвæрдта цалдæр фотокъамы. Гагарины къам систой, дивизионы æфсæддонтæ йæ алыварс, афтæмæй. Æртæ суткæйы фæстæ Гассийы фырты æфсæддон хай цы дивизийы уыд, уый политикон хайады хистæр телефоны фæдзырдта æмæ нызакъаз кодта фотокъамты дæс комплекты. Уыимæ ма бацымыдис кодта, космонавт кæм æрбадт, уыцы бынат документы банысан кодтой, зæгъгæ. Уыцы бон 40218-æм æфсæддон хайы историон формулярмæ бахастæуыд æмбæлон ныффыст. Гагарин кæм æрбадт, уыцы бынат амонæг æмæ иунæг æцæг документ ссис уыцы ныффыст.

1983 азы 22-æм июлы Советон Цæдисы космикон документаци æфснайыны центры специалист Гасситы Ахмæтæй райста интервью дунейы фыццаг космонавт Юрий Гагаринимæ йæ фембæлды тыххæй.

«Абон нæм уазæгуаты æрбацыд Гасситы Ахмæт.  1961 азы 12-æм апрелы  Юрий Гагариныл фыццаг чи сæмбæлд, уыдонæй сæ иу. Ды дæ уыцы цауты удæгас æвдисæн.

Фыццаг космонавтыл сæмбæлд ирон лæг

Гасситы Ахмæт: Æз уыдтæн ракетон дивизионы командир. Уыцы бон æфсæддон  хайы архайдтам æрвылбонон æфсæддон хъуыддæгтыл.  Райхъуыст  цахæмдæр уынæр. Йæ хъусдард æм аздæхта мæ дæлбар ефрейтор Сопельцев. Уый мын фехъусын кодта, зæгъгæ, федта цахæмдæр тæхгæ аппарат (мах æй уæдмæ зыдтам, советон адæймаг  Юрий Гагарин космосмæ кæй атахт, уый). Уайтагъд ацыдыстæм, аппарат кæм хъуамæ æрбадтаид, уыцы бынатмæ. Уырдæм артиллерион «тягачыл» ацыд политикон хайы фæдыл командиры хæдивæг Константин Копейкин. Бахæццæ стæм тагъд, уымæн æмæ нæ дæлхайæ уыцы бынатмæ тынг дæрддзæг  нæ уыд.

Цыдыстæм уалдзыгон хуымзæххытыл. Гагарины æрбадтæй цыппар минуты фæстæ мах йемæ кæрæдзийыл тыхстытæ кодтам. Кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаг рады мæ хъусдард аздæхтон йæ уавæрмæ. Уыд цæрдæг, хъæлдзæг æмæ райдыдта дзурын: «Æмбал майор, хъæуы æввахсдæр телефонæй фæдзурын». Æз ын бамбарын кодтон, чи дæн,  æмæ йын загътон, зæгъгæ, нæ дæлхайæ гæнæн ис фæдзурæн. Фæндагыл ныхас кодтам, худтыстæм. Йæ скафандр ын раластам нæ ракетон дивизионы. Дæлхайы фæцис 40 минуты бæрц. Уæдмæ фæдзырдтон командон пунктмæ, стæй та – корпусмæ. Мæ зæрдыл лæууынц Гагарины ныхæстæ, йæ доклад уыд цыбыр: «Хистæр лейтенант Гагарин æрбадт æнтыстджынæй. Травмæтæ нæ райста». Æз æй бараст кодтон, зæгъын хистæр лейтенант нæ, фæлæ майор. Гагарин мын сдзуапп кодта, зæгъгæ, иу сахатмæ нæма сахуыр  ис йæ ног æфсæддон номыл.

Куыддæр дæлхайæ стыр фæндагмæ рацыдыстæм, афтæ фехъуыстам вертолеты уынæр. Зыдтон æй, уыдон уыдысты агурæн къордтæ æмæ сæм къухтæй сигнал радтон. Вертолеты тæхæг мæ бамбæрста æмæ æрбадт. Уым уыд инæлар Иван Бровко. Æз ын фехъусын кодтон: «Æмбал инæлар, Юрий Гагарин ис «тягачыл»». Æмæ  фæстæмæ æрбаздæхтæн Гагаринмæ. Инæлар æрхызт вертолетæй æмæ Гагаринæн ныхъхъæбыс кодта. Уый фæстæ сбадтысты вертолетыл. Кæрæдзийæн хæрзбон загътам. Куыддæр вертолет скусын кодтой, афтæ Гагарин фæстæмæ æргæпп кодта, атыхстис мыл æмæ мын мæ лæварсувениры тыххæй загъта: «Майор, æз дæ ссардзынæн». Лæвар та уыд мæ артиллерион худ.

Специалист: Гагаринимæ фыццаг къамтæ чи систа йæ атахты фæстæ?

Гасситы Ахмæт: Къамтæ систа лейтенант Буряк, Пекарский алыгъд фотоаппаратмæ. Лæппутæ æнæхъæн æхсæв мыхуыр кодтой къамтæ. Иу комплект дзы арвыстам Советон Цæдисы маршал Малиновскимæ, газет «Правда», журнал «Огонек»-мæ, Гагарины ныййарджытæм горæт Гжатскмæ.  Пленкæтæ баззадысты дæл­булкъон Гильзенбергмæ. Уый фæстæ сæ ничиуал ссардта. Баззадис ма мæм хицæн къамтæ.

Специалист: Ахмæт Никъалайы фырт, мыхуыры фæрæзты бирæ фыстой, зæгъгæ, Юрий Гагаринмæ æппæты фыццаг чи бацыд, уый ды нæ уыдтæ, уый уыдис зæхкусæг сылгоймаг Тахтарова.

Гасситы Ахмæт: Ноджы ма йæ зæгъын, Гагаринимæ кæрæдзийыл атыхстыстæм куы æрбадт, уымæй цыппар минуты фæстæ. Тахтарова йæ куы ауыдта, уæд дзы фæтарст æмæ алыгъд. Гагарин ма йæм хъæр дæр кодта: «Свой! Свой»! Фæлæ сылгоймаг уырыссагау рæстмæ кæй нæ зыдта, уымæ гæсгæ йæ нæ бамбæрста. Се ‘хсæн уыд 20-30 метры бæрц.

Куйбышевмæ хæдтæхæгыл куы тахтысты, уæд ын дохтыр Волович загъта, зæгъгæ, ды тæхæг дæ æмæ дыл артиллеристы худ цæмæн ис? Воловичыл уыд згъæрхуд (шлем), радта йæ Гагаринæн æмæ йæ скодта. Хъыгагæн, мæ худ та кæмдæр фесæфт. Æз Куйбышевмæ йемæ нæ атахтæн, фæлæ баззадтæн бынаты æмæ алцыдæр организаци кодтон. Фыццаг рады бацархайдтон, цæмæй снысан кодтаиккам, кæм æрбадт, уыцы бынат. Уыцы бон уым сæвæрдтам цæджындз æмæ йыл ныффыстам: «10 часов 55 минут. Не трогать».

Гагарин куы атахт вертолетыл, уæд уайтагъд рацыдтæн, космикон нау кæм æрбадт, уыцы бынатмæ. Уым уыд политикон хайы фæдыл командиры хæдивæг, майор Копейкин  Константин æмæ  салдатты къорд. Уыдон лæууыдысты науы цур, уымæн æмæ уым æрæмбырд бирæ адæм æмæ сæ нæ уагътой наумæ æввахс бацæуын. Дзырдтой сын, цæмæй мацæмæ æвналой. Афтæмæй æппæт ифтонггæрзтæ дæр баззадысты æнæхъæнæй, – дзырдта йæ интервьюйы Гасситы Ахмæт.

Газеткæсæг бацымыдис кæндзæн Ах­мæты дарддæры хъысмæтмæ. Пенсийы куы ацыд, уæд æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыс­тонмæ. Уыд Хуссар Ирыстоны ДО­СААФ-ы хистæр. Стæй бынтондæр раивта йе ‘фсæддон уæлæдарæс. Цардис Цхинвалы Исахъы уынджы бирæуæладзыгон корпусы. Ацы уацы авторимæ уыдысты сыхæгтæ. Куыста йæ зæххы фадыг Бузалайы хъæуы. Æрзайын-иу кодта хъæздыг тыллæг. Уæдмæ амард йæ цардæмбал, уырыссаг сылгоймаг Людмилæ. Уый фæстæ йæхæдæг дæр рынчынтæ кæнын райдыдта, йæ иу къах лыгкæнинаг фæцис. Фæстагмæ йæ йæ иннæ къах дæр хъыгдарын райдыдта. Ацы хатт, хъыгагæн, дохтыртæ дæр нал баххуыс сты хъæбатыр гуырдæн, фæуæлахиз мæлæт. Йæ мард ын бавæрдтой Бузалайы хъæуы уæлмæрды йæ цардæмбалы фарсмæ. Куыд æй хъуыды кæнын, афтæмæй уый уыд 1992 азы.

Мæлæт диссаг нæу, æрдзы хъуыддаг у, æнæмæлæт дуне нæй. Фæлæ ахæм лæг а-дунейæ афтæ ацыд æмæ Хуссар Ирыстоны цæрджытæ зонгæ дæр нæ бакодтой, кæддæр Советон Цæдисы дзыллон информацийы фæрæзтæ æзфæраздæронæй кæй къамтæ мыхуыр кодтой, уый амæлæты хабар. Кæд хæццæ рæстæг уыд, уæддæр, бирæ нæ, фæлæ йыл иу-дыууæ хъарм ныхасы дæр ничи загъта. Хъæугæ та æнæмæнгæй кодта…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.