Алы адæмæн дæр ис йæхи дин æмæ æгъдæуттæ, йæхи национ хæзнатæ æмæ традицитæ. Бирæ кувæндæттæ ис Ирыстоны — нæуæдзæй фылдæр. Уый официалон æгъдауæй бæрæг чи у, уыдон. Фæлæ ма бирæ ис, адæмæй рохуаты чи баззад, цæрæг кæм нал ис, ахæм бынæттæ.

Æмбæхсинаг нæу, нæ кувæндæттæй, нæ удварны хæзнатæй бирæ «сæрæнтæ» абон пайдайы гуырæнтæ кæй скодтой, адæмы мысайнæгтæй чидæртæ цардæй къæртт кæй æппарынц. Уыцы æнæрастдзинæдтыл быцæу рагæй цæуы, фæлæ хъуыддаг йæ бынатæй не ’нкъуысы.

Уый тыххæй Цæгат Ирыстоны Парламенты национ политикæ æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты тымбыл фынджы рæстæджы боны сæйраг фарста уыд нæ кувæндæтты хъысмæт. Архайдтой дзы хицауады уæнгтæ, «Иры Стыр Ныхас»-ы разамонджытæ, юстицийы министрады минæвæрттæ, æхсæнадон æмæ дины организацитæ.

Амынд комитеты разамонæг Козаты Сослан куыд загъта, афтæмæй сæ абоны фембæлд ахсджиаг у. Ацы лыггæнинаг фарстайыл æмвæндæй куынæ бацархайой, уæд тагъд рæстæджы нæ кувæндæттæ адæмон нал уыдзысты, фæлæ коммерцион куыстуæттæ. «Куыд ис уый гæнæн, æмæ дины культурон бынтæ, нæ адæмы национ хæзнатæ хицæн адæймæгтæ сæхи пайдайæн приватизаци скæной? Куыд ис уый гæнæн, æмæ нæ фыдæлтæй баззайгæ культурон цыртдзæвæнтæй дæхицæн æхца кусай? — карзæй дзырдта Козаты Сослан æмæ фæндон бахаста, цæмæй кувæндæттæ суой паддзахадон исбонад.

Фæлæ уый фæдыл æндæр у йæ хъуыды паддзахадон мулк æмæ зæххы хъуыддæгты фæдыл министр Тедеты Русланæн. Куыд бахахх кодта, афтæмæй кувæндæтты адæм скодтой, официалон уагæй бæрæг никуы сты, документтæм хаст сты, æрмæстдæр, куыд зæххы хæйттæ, афтæ, исбонадмæ дæр сæ ‘рбахæссæн ис, куыд зæххы фадгуытæ. Ацы уавæрæн æрмæстдæр ис иунæг фæрæз: кувæндæтты официалон æгъдауæй бахæссын хъæуы республикон нысаниуæджы уæлдай хъахъхъæнинаг культурон бынтæм. Ахæм статус сын лæвæрд куы ‘рцæуа, уæд сæм ахæм бар ничиуал дардзæн. Фæндæгты былтæ нал йедзаг кæндзысты алыхуызон «кувæндæттæ» æмæ æхца æмбырдгæнæнтæй.

Ныхас ма цыд, кувæндæтты цы мысайнæгтæ æвæрынц, уым фæтк æвæрыны тыххæй дæр. Уый дæр нæ риссагдæр фарстатæй иу у. Нæ кувæндæтты стыр æхцатæ æмбырд цæуы, фæлæ цы фæвæййынц, уый бæрæг нæу. Цымæ хуыздæр нæ уаид, уыдон куыд æмбæлы, афтæ дих кæнын, зæрæдты кæнæ сидзæр сывæллæтты хæдзæрттæн дзы баххуыс кæнын? Ууыл дзырдтой Парламенты Сæрдары хæдивæг Къесаты Станислав æмæ профилон комитеты сæрдар Уататы Зелим.

«Абон дины аххосæй бирæ адæм ныддихтæ сты. Мах бамбарын хъæуы, фыццаджыдæр, нæ фыдæлты дин æмæ нæ традицитæй кæцытæ хъæуы, нæ сыгъдæг бынæттæм цавæр цæстæй кæсæм, мысайнæгтæ цы зæрдæйæ æвæрæм. Мæнмæ гæсгæ, мысайнæгтæ сæйраг не сты, фæлæ нæ кувæндæтты статус, стæй нæ царды цы бынат ахсынц, уый», — банысан кодта Къесаты Станислав.

Кувæндæттæн сæрмагонд статус радтын, культурон объекттæ сæ скæнын, уый фæдыл æмбырды архайджытæ уагæвæрд скодтой æмæ йæ бавдисдзысты Хицауад æмæ Парламенты иумæйаг æмбырды, цæмæй иумæйагæй æмбæлон уынаффæ рахæссой.

 

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.