29-æм апрелы 32 азы сæххæст ис Хуссар Ирыстоны зæххæнкъуыстыл. Ацы æнамонд цау æрымысыдысты Дзауы районы фыдохы митингы хайадисджытæ «Мысæн» æмæ «Кады аллея»-йы зæххæнкъуысты амæттæгты цырты раз, цæмæй фæмардуæвджытæн радон хатт ссардтаиккой сæ рухс нæмттæ.

Дзауы районы цæрджытæ, æхсæнадон архайджытæ æмæ нæ республикæйы къухдариуæгад Хицауады Сæрдар Джуссойты Константины сæргълæудæй хайад райстой мысæн мадзалы. Фыдохы митингы Хуыцъейы хъæуы цæрæг Тыбылты Тотыр зæрдыл æрлæууын кодта зæххæнкъуысты æвирхъау цау æмæ уый фæстæйы рæстæг, районы цæрджыты куыд æрыййæфта, стæй дзы удызиæнттæ кæй æрцыд, уыдоны тыххæй. Хицæнæй æрдзырдта Хахеты хъæуы трагедийыл дæр. «Раст ацы бон 32 азы размæ нæ районы æрцыдис æрдзон фыдбæллæх. Уый уыд æвирхъау хабар æппæт нæ республикæйы адæмæн дæр. 29-æм апрелы 12 сахат æмæ 13 минутыл æрцыд стыр зæххæнкъуыст æмæ райцентр ныппырх ис. Хахеты хъæу та æд цæрджытæ зæххы бын фæцис. Зæххæнкъуысты амæттæгтæ баисты Дзауы скъола-интернаты æртæ ахуыргæнинаджы: Цхуырбаты Янис, Джиоты Вадим æмæ Кокойты Марат дæр. Ацы æртæ скъоладзауæн нæ бантыст уайтагъд ралидзын скъолайы бæстыхайæ. Районы адæмæн сæ хæдзæрттæ, куыстуæттæ ныппырх сты æмæ хъуыдыйаг фесты, фæлæ уæддæр сæ цардæн фæрæзтæ кодтой», – банысан кодта уый. Тыбылты Тотыр ма æрæмысыд уый дæр, зæгъгæ, адæм митингмæ кæй рахызтысты, уый сæ кæй аивæрзын кодта.

Уыцы рæстæджы Гуырдзыстоны хæстмондаг политикæйы ныхмæ Дзауы райцентры организацигонд æрцыдис митинг ауадзын. Райкомы кусæг Джиоты Заирæ фæндон бахаста, цæмæй 29-æм апрелы уагъд æрцæуа ахæм митинг. Уырдæм æрбамбырд тынг бирæ адæм. Куыддæр райдыдта, афтæ цалдæр минуты фæстæ зæхх нызмæлыд, нынкъуысыд… Ацы зæххæнкъуысты фæстиуæгæн æмткæй фæзиан ис 59 адæймаджы.

Фыдохы митингы раныхас кодта РХИ-йы Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ацы трагеди куы рцыдис, уæд уый дæр уыдис Дзауы районы æмæ йæхи цæстæй  федта уыцы уæззау хабæрттæ, адæмы рыст æмæ сæ тыхстдзинад. Джуссойты Константин адæмæн арфæ ракодта, ахæм уæззау цардæн кæй бафæрæзтой, сæ хæдзæрттæ кæй нæ ныууагътой æмæ ногæй сæ цард аразыныл кæй слæууыдысты, уый сæраппонд. Уый ма стыр бузныг загъта Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадæн, кæддæриддæр нæ фарсмæ кæй æрбалæууынц æмæ нын нæ тыхст рæстæджы кæй баххуыс кæнынц, дарддæр дæр нын кæй æххуыс кæндзысты, уый тыххæй.

Уый фæстæ фыдохы митингмæ æрбацæуæг адæм иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой, зæххæнкъуысты чи бабын, уыцы адæймæгты рухс нæмттæ.

Хъынцъымгæнæг адæм зæххæнкъуысты амæттæгты цыртдзæвæны раз сæвæрд-той веноктæ æмæ дидинджытæ.

Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ дæр æрæмысыд зæххæнкъуысты уæззау бонтæ. Тыбылты чызг ма банысан кодта, зæгъгæ, районы адæмæй уыцы трагикон бон чи фæмард сты, уыдон рухс нæмттæ никуы ферох уыдзысты.

Фыдохы митингы ма зæххæнкъуысты трагедийы фæдыл раныхас кодтой  районы скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ æхсæнадон архайджытæ. Уый фæстæ адæм сæ фæндаг акодтой скъола-интернатыл æмæ уым дæр къаннæг митингы ссардтой Цхуырбаты Янис, Джиоты Вадим æмæ Кокойты Мараты рухс нæмттæ. Сæ цырты раз сын скъолайы педколлектив æмæ ахуыргæнинæгтæ сæвæрдтой дидинджытæ. Уый фæстæ скъоладзау фæсивæдæн радзырдтой 1991 азы 29-æм апрелы æрцæугæ трагикон боны тыххæй.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.