Азы райдиан нæ Республикæйы Президент Бибылты Анатоли снысан кодта Президенты цур   Сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджынæй нæ республикæйы цалдæр азы цы хæрзаудæн фонд архайы  «Подари крылья», зæгъгæ, уый къухдариуæггæнæг Цхуырбаты Татьянæйы.  Ацы фонд ныр цалдæр азы дæргъы  архайы, нæ републикæйы æвæстиат медицинон æххуыс  цы уæззау рынчын сывæллæттæн хъæуы, уыдон фæдыл. Фонд «Подари крылья» йæ куыст куы райдыдта нæ республикæйы, уæд нæ горæты рынчын сывæллæтты ныййарджытæн уыд тынг æхсызгон, уымæн æмæ фонды куыстмæ хауы, цæмæй инвалид сывæллæттæн æххуыс кæной сæ æнæниздзинад фæхуыздæр кæныны республикæйы æдттейæ. Æмæ фонды сæргълæууæгæн уыцы хъуыддаг саразын кæд йæ куысты райдианы цъус зын уыд, уæддæр æппæт дæр сарæзта, цæмæй фонд скуса, ссара спонсорты æмæ фæрæзтæ, цæмæй рынчын сывæллæттæн баххуыс кæна. Æмæ йын æнтысгæ дæр бирæ бакодта. Фонды руаджы бирæ сывæллæттæ райстой нæ республикæйы æттейæ медицинон æххуыс.

Хъыгагæн, нæ республикæйы ис бирæ сахъатджын сывæллæттæ, уымæ гæсгæ уыдонæн сæ ныййарджытæ сæ рады бахатыдысты хæрзаудæн фонд «Подари крылья»-йы сæргълæууæг Цхуырбаты Татьянæмæ, цæмæй æрбакæна республикæйы сахъатджын сывæллæттæн коррекцион кълас. Ныр дыууæ азæй фылдæр нæ республикæйы архайы ахæм кълас, кæцы ифтонг у, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм æнæмæнгхъæуæг аппаратурæйæ, æмæ сывæллæттимæ та кусынц сæ куыст чи зоны, ахæм специалисттæ. Ацы куыст егъау хъусдард æмæ рæстæг кæй домы, уый алчи дæр хъуамæ æмбара æмæ зона. Уымæн æмæ Цхуырбаты чызг ацы фонды фæлгæтты цы егъау куыст бакодта, куыд серьезон ахаст равдыста йæ разы æрæвæргæ фарстатæ аскъуыддзаг кæнынмæ, уый бирæтæн  сæ бон не свæййы.

Æмæ та ныр дæр йæ ног куыст комкоммæдæр баст у сывæллæттимæ,   домы фылдæр хъусдард нæ республикæйы кæстæрты уагахаст æмæ сывæллоны бартæ хъахъæнынмæ. «Æз Парламенты кусгæйæ  дæр, мæ бон куыд уыд, афтæ æххуыс кодтон, ный-йарджытæ-иу мæм куы æрбахатыдысты æххуысы фæдыл, уæд. Æмæ дарддæр дæр мæ æххуысы къух даргъ кæндзынæн æххуысхъуаг сывæллæттæм», – банысан кодта Цхуырбаты Татьянæ.

Кæд цъус рæстæг ис нырма йæ ног куысты бынаты, уæддæр аразы æппæт дæр, цæмæй йæ разы æрæвæргæ хæстæ скъуыддзаг цæуой. Цхуырбианы ныхæстæм гæсгæ уымæ бахатынц æххуысы фæдыл бирæ ныййырджытæ æмæ уыдонимæ иумæ фæагурынц сæвзæргæ уавæрæй рахизыны фæндæгтæ. Ис бирæ проблемæтæ, кæцытыл бакусын æмæ  аскъуыддзаг кæнын хъæуы рæстæгыл. Ног куысты документтимæ базонгæ уæвгæйæ, нæ архайды здæхт у тынг егъау. Уырдæм хауынц канд сахъатджын сывæллæттæ нæ, фæлæ ма сидзæр æмæ 18 азы онг кæуыл цæуы, уыцы категори сывæллæттæ. Алчи дæр æй зоны нæ републикæйы ис ахæм бинонтæ,  кæцыты ‘хсæн хæлд цæуынц сывæллоны бартæ, ис ахæм ситуацитæ æмæ скъолайы дæр кæцыдæр сывæллæттæ æфхæрд баййафынц сæ æмбæлттæй. Æмæ цæмæй æппæт ахæм ситуацитæ иуварс æрцæуой, уымæ гæcгæ  мæн бафæндыд, цæмæй нæ республикæйы баконд æрцæуа сывæллæтты æууæнчы телефон. Куыд  алы адæймаг дæр, афтæ сывæллæттæ дæр хъуамæ зоной сæ бартæ æмæ сын хæлд ма цæуой. Ис ахæм сывæллæттæ, кæцытæ æфсæрмы кæнынц сæ проблемæйы фæдыл  дзурын, уымæ гæсгæ ацы æууæнчы телефоны руаджы уыдонæн фадат уыдзæн сæ риссаг фарстыты тыххæй зæгъын, кæцыйы руаджы ма уый райсдзæн специалистты æххуыс. Уадз æмæ йæ зоной, кæй ис ахæм адæймаг, кæцы сын баххуыс кæндзæн сæ проблемæ аскъуыдзаг кæныны хъуыддаджы æмæ сæ бартæ дæр æрцæудзысты хъахъхъæдгонд. «Мачи тæрсæт махмæ фæдзурынæй – мах стæм уæ æмгæрттæ, кæцытыл ис баууæндæн, – банысан кодта Цхуырбаты Татьянæ. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй сывæллæтты æууæнчы телефоны номыртæ уыдзысты скъолаты, цæмæй йæ зоной æмæ бахъуыдыйы рæстæджы уайтагъд фæдзурой. Афтæ ма фæдзурын гæнæн ис сæ ныййарджытæн дæр.

Банысан кæнын хъæуы, уый æмæ ахæм æууæнчы телефон нæ республикæйы у фыццаг.

ТАНДЕЛАТЫ Вилена

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.