Мидхъуыддæгты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Пухаты Мераб фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Дунейон Сырх Дзуары комитеты Минæварады сæргълæууæг Кармен Эчесарретаимæ. Мадзалы ма хайад райстой Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Марданты Спартак æмæ милицийы рæстæгмæдарæн изоляторы хистæр Гæззаты Сослан.

Фембæлды ныхас кодтой, гуырдзиаг-ирон конфликты рæстæджы цы æмбæстæгтæ фесæфтысты æбæрæгæй, уыдон хъысмæтыл. Уымæй уæлдай ма æрдзырдтой рæстæгмæдарæн изоляторы куысты уавæртыл. Уазæджы цымыдис кодта, ахст адæмæн цахæм уавæртæ арæзт ис æмæ сæ бартæ куыд æххæст цæуынц, уый. Кармен Эчесаррета загъта, зæгъгæ, йæ дарддæр дæр ныфс ис Мидхъуыддæгты министрадимæ æнгомæй кæй кусдзысты МККК кусджытæ. Уый фæстиуæгæн бадзырдтой, цæмæй нырæй фæстæмæ сæ æмархайд æмæ æппæт фарстатæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаг координаци кæной РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады уылты.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.