2008 азы 26 август махæн, Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмæн ссис, æцæгæйдæр, ног царды, ног дуджы райдиан бон. Иуæй уымæн æмæ уæдмæ кæрон æрцыдис дыууын азы дæргъы хæстон уавæрты цардæн, уыцы рæстæджы цы бирæ хъизæмæрттæ æвзæрстам, уыдонæн. Кæрон та сын скодта августы фондзбонон тугкалæн хæст. Æмæ нæхимæ нæма æрцыдыстæм, нæма æрчъицыдтам, хæсты пырхæнтæй нæ уынгты æххæстæй сыгъдæг дæр нæма акодтам, афтæмæй – æнæнхъæлæджы стыр цины хабар. Нæ хæдбардзинад нын банымадта дунейы стырдæр æмæ хъомысджындæр бæстæтæй сæ иу  – Уæрæсейы Федераци!

Цин æмæ, дам, хъыг æфсымæртæ сты. Стыр хъыджы бонты фæстæ æрбалæууыд стыр цины бон. Æмæ нын не ‘фхæрд зæрдæты батавта, ныфс нæ бауагъта, нырæй фæстæмæ сабыр арвы бын кæй цæрдзыстæм, цард аразыны фæндагыл кæй ныллæудзыстæм. Уымæн æмæ нæ фарсмæ ис Уæрæсе. Уый нæ бахъахъхъæдта августы хæсты, уый нын фыццаг банымадта нæ хæдбардзинады æмæ систæм æндæр бæстæтимæ æмбар, æмсæр. Уæрæсейы разамынад æмбæрста, йæхимæ уæды вазыгджын дунеон уавæры цы бæрндзинад исы ахæм къахдзæф саразгæйæ, уый. Æмбæрста, йæ ныхмæ кæй рацæудзысты АИШ, Ныгуылæны бæстæтæ, фæлæ уæддæр уыдис фæндвидар æмæ йæ уæды Президент Дмитри Медведев райста, махæн хъысмæтскъуыддзаггæнæн чи уыд æмæ уыимæ дунейы политикон картæ чи фæивта, æгас дунейы чи банкъуысын кодта, ахæм уынаффæ.

Махæн ацы уынаффæ фадат радта, куыд паддзахад, афтæ нæ хъуыддæгтæ Уæрæсейы паддзахадимæ аразынæн. Æмæ ацы зæрдылдарæн бонæй бæрцæй цалдæр къуырийы фæстæ не ‘хсæн арæзт æрцыд Хæлардзинад, æмгуысткæнынад æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæныны тыххæй бадзырд. Уый фадат радта æппæтфарсон ахастытæ рæзын кæнынæн. Фыццаджы фыццаг та мах хъуыд æххуыс, цæмæй нæ царды ногæй йæ къахыл слæууын кодтаиккам, цæмæй нæ пырх горæт æмæ хъæуты, нæ раууатмæ æрцæуæг экономикæйы сæндидзын кодтаиккам. Æмæ ныр, дунеон барадон нормæтæ нæ халгæйæ, банысангонд бадзырды бындурыл Уæрæсе æрбалæууыд нæ фарсмæ. Æниу, уыцы хæстон азты дæр мах æдзух æнкъардтам йе ‘ххуысы къух. Уæрæсейæ Транскамы фæндагыл ластам, цæрынæн нæ цы хъуыдис, уыдон. Æрмæст хæсты фæстæ нæ республикæмæ Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр регионтæй цас гуманитарон æххуыс фæцыд, уый дæр махæн цæрæнбонтæм зæрдыл даринаг у.  Уый уæд, йæхæдæг дæр зын уавæры куы уыдис.  Уæрæсейаг фидауынгæнджытæ нæ хызтой ног тугкалдтытæй, хъахъхъæдтой сабырад, кæд сæртæг уыдис, уæддæр. Уыцы сабырад кæдфæндыдæр гæнæн уыд æмæ фехæлдаид. Афтæ кæй уыд, уый федтам æмæ бавзæрстам нæхиуыл августы хæсты рæстæджы, цыран фæмард сты дæсгай уæрæсейаг фидауынгæнджытæ.

Рацыд æхсæрдæс азы, фæлæ цыма знон бавзæрстам 26 августы циндзинад, афтæ кæсы адæймагмæ. Адæм рацыдысты снарядты, минæты схъистæй пырх,  уынгтæм æмæ иумæ цин кодтой, арфæ кодтой кæрæдзийæн; æнæскъуыйгæ сигнал кодтой машинæтæ, æдтæмæ Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон тырысатæ радаргæйæ;  хъуыстысты æхстытæ, æрæджы дæр ма мæлæт чи хастой, ныр та цины уац чи хъусын кодтой, ахæм æхстытæ.

Уый уыдис нæ историйы ног дуджы райдиан. Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон сæ къухтæ  Хæдбардзинад æмæ æмгуысткæнынады тыххæй цы бадзырдыл æрфыстой, уый уæрæх фадæттæ байгом кодта республикæйы сæндидзын кæнын æмæ йæ дарддæры рæзтæн.

Ацы историон бадзырды фæстæ къухтæ æрфыстæуыд дæсгай сразыдзинæдтыл дыууæ бæстæйы министрадтæ æмæ веддомствоты ‘хсæн. Æппæт уыцы райсгæ документты фæстæ лæууыдысты реалон хъуыддæгтæ, Уæрæсейы иузæрдион æххуыс, кæцыйы абон дæр мах нæхиуыл æнкъарæм.

Нæ хæстдзагъд, хæстарыд горæт, нæ арæнгæрон хъæутæн уал азы фæстæ базонæн дæр нал ис. Кæд алцы нывыл нæ цыдис, уæддæр æндидзыдтой – пырх хæдзæртты, æндæр нысаниуæджы бæстыхæйтты бынæтты рæзтысты ног, райдзаст хатæнтимæ бæстыхæйттæ. Сæ аив хæрзарæзтæй цæстæнгас сæхимæ здахынц ногасфальт уынгтæ. Ногæй нæм сырæзтысты сæудæджерадон, базарадон, спортивон объекттæ, сæ хуыз скалдтой æмæ хъæуæг æрмæджытæй ифтонг цæуынц ахуырадон æмæ скъолайы агъоммæ уагдæттæ. Сæйраджы сæйраг та адæм сæхæдæг сты. Сæ цæсгæмттæй уыдонæн айсæфт катайы, сагъæсы, тыхстдзинады хуыз, кæд бавзаргæ хъизæмæрттæ сæхи зонын кæнынц, уæддæр. Уыдоны бацыдис царды ныфс, æууæндын райдыдтой сæ сомбоныл.

26 август махæй алкæйы дæр æфтауы рухс, райдзаст хъуыдытыл, хорз зæрдæйы равгыл, 2008 азы куыд уыдис, афтæ.

Уæрæсе нын 2008 азы 26 августы нæ хæдбардзинад кæй банымадта æмæ уымæй махæн æнцой цард кæй æрхаста, æрмæст уый нæ фенын кодта. Уый æгас дунейæн фенын æмæ сбæлвырд кодта, Уæрæсе Ельцины Уæрæсе кæй нал у, кæй та слæууыд йæ къæхтыл, йæ бон кæй у хæдбар политикæ уадзын, дунеон аренæйы йæ геополитикон интерестæ хъахъхъæнын, йе ‘мбæстæгты æдасдзинад ифтонг кæнын.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейæн уæды дунеон уавæрты æнцон нæ уыдис Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад банымайын. Уымæй скъуыддзаг кодта æрмæст нæ адæмты хъысмæт нæ, фæлæ дунейы цардæвæрд цахæм уагыл ацæудзæн, уый дæр. Афтæ ма дунейы бæстæты ‘хсæн Уæрæсейы бынат æмæ авторитет цахæм уыдзæн, уый дæр. Ацы цауы фæдыл Уæрæсейы Федерацийы уæды президент Дмитри Медведев загъта: «Уыцы рæстæджы мах куынæ баххуыс кодтаиккам, нæ архайдтытæ æндæргъуызон куы уыдаиккой, уæд нæ бæстæ уыдаид æндæргъуызон æмæ дуне дæр уыдаид æндæр. Истори алцыдæр йæ бынаты сæвæрдзæн, уæрæсейаг гарзджын тыхтæ, уæрæсейаг фидауынгæнджытæ æмæ уæрæсейаг  æмбæстагон специалисттæ та цы сгуыхтдзинад равдыстой, уый æнустæм сæ зæрдыл дардзысты нæ фидæны фæлтæртæ».

Нæ адæм æнусты размæ сбæлвырд кодтой, сæ цард Уæрæсеимæ аразгæ кæй у. Уæрæсемæ тырнындзинад нæ туджы ис, æдзух стæм сæ фарсмæ. Афтæ у иннæрдæм дæр – махæн зын рæстæджыты Уæрæсе, кæддæриддæр, вæййы нæ фарсмæ. Афтæ у ныр дæр. Афтæ уыдзæн кæддæриддæр.

 БИАЗЫРТЫ Роланд

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.