Хуссар Ирыстон банысан кодта йæ хæдбардзинад банымайыныл 16 азы сæххæсты бон

 

Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад куы банымадта, ууыл 16 азы кæй сæххæст, уый цытæн цытджын æмбырд уагъд æрцыд нæ горæты Паддзахадон драмон театры бæстыхайы. Хайад дзы райстой бæстæйы разамонджытæ, Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, æмæ нæ райдзаст бæрæгбонмæ Мæскуыйæ, æфсымæрон Цæгат Ирыстонæй, Дагестан æмæ æндæр рæттæй цы уазджытæ æрцыд, уыдон.

Цытджын мадзалы хæдразмæ йæ хайадисджыты рæгъмæ хаст æрцыд, нæ бæстæ хæдбардзинадмæ цы уæззау фæндæгтыл фæцыд, ирон адæм цы хъизæмæрттæ бавзæрстой нæ сыхæгты аххосæй æмæ нæ æмбæстæгты мысинæгтæ бæстæйы хæдбардзинадмæ тырнгæйæ, æппæт уыдæттæ.

Нæ ирд æмæ райдзаст бæрæгбон

Паддзахады разамонæг Гаглойты Алан арфæ ракодта, 16 азы размæ Хуссар Ирыстонæн цы хъысмæтхæссæн Барамындыл æрфыстæуыд къух, уый фæдыл. Августы хæсты уæззау зиæнттæ æмæ фæдтæ – адæмы зæрдæтæ йемыдзаг рыстæй – афтæмæй нæм, зæгъгæ, æрыхъуыст – Стыр Уæрæсе нын кæй банымадтой нæ паддзахадон хæдбардзинад.

 «Адæм сæ улæфт дæр баурæдтой æмæ хъуыстой Уæрæсейы Федерацийы президенты историон барамындмæ. Æмæ адæмы цины æнкъарæнтæн нал уыд кæрон. Дæргъвæтин рæстæджы адæм цы хæстон  æмæ тасдзинады уавæрты цардысты, уый фæстæ ахæм æхсызгон хабар фехъусгæйæ, уыцы амондджын хъуыддаг бæрзонд систа алы æмбæстаджы дæр. Уымæн æмæ нæ бæстæйы историйы райдыдта ног этап  сæрибардзинад æмæ хæдуагæвæрдмæ – уый,  æцæгдæр, ссис Хуссар Ирыстоны ныры æмæ фидæны фæлтæртæн хъысмæтскъуыддзаггæнæн цау», – дзырдта Президент.

Бæстæйы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, паддзахадон хæдбардзинады банымад фадат дæтты, цы паддзахад æй банымадта, уыимæ комкоммæ барадон ахастытæ аразынæн, æдасдзинады фадыджы æфсæддон æмгуыстад æмæ хъахъхъæнынадæн.

«Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы бæстæты паддзахадон хæдбардзинад банымайыны фæдыл уынаффæ райсынæй, Уæрæсейы къухдариуæгад хынцыдта, хуссарирыстойнаг æмæ абхазаг паддзахаддзинад æнтыстджын æмæ сæхи хъаруты руаджы кæй рæзтысты, уый. Уыцы фæлтæрддзинад ахъазгæнæг уыд дарддæры юридикон лæмбынæг къахдзæфтæн хæдуагæвæрдмæ, адæмы æнæбайсгæ бартæн», – дзырдта бæстæйы разамонæг.

Хуссар Ирыстоны алы æмбæстаг дæр, зæгъгæ, хаста йæ хайбавæрд бæстæйы хæдбардзинадмæ. Уыдон се ‘ппæт дæр сты кады æмæ бузныджы аккаг.

«Хъуыды кæнæм æмæ сæ рухс ном арæм, тохы быдыры йæхи нывондæн чи æрхаста, уыдон рухс нæмттæ. Нæ сæрæй ныллæг кувæм Уæрæсейы хæстонтæ æмæ бархионты раз. Уыдон нæм уæд фæзындысты æххуысмæ æмæ сæ цард рауæлдай кодтой нæ адæмы фервæзын кæныны сæрвæлтау. Нæ сæрæй ноджыдæр ныллæг кувæм, знаджы къухæй, ирæттæ кæй уыдысты, уый тыххæй цы сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ фæхъуыдысты, уыдоны рухс нæмтты раз», – банысан кодта уый.

Бæстæйы разамонæг бахатыд мадзалы хайадисджытæм, æмæ æмырæй алæугæйæ, ссардтой æппæт фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

Дарддæр уый дзырдта, Хуссар Ирыстон йæ паддзахадон хæдбардзинад банымайынæй фæстæмæ цы рæзты фæндæгтыл рацыд, уыдоныл. Уыцы æнтыстытæ нæ къухты æфтынц не стратегион цæдисон Уæрæсейы Федерацийы руаджы. Ныртæккæ, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон у рæзгæ паддзахад, уæрæх социалон гарантитæ æмæ æдасдзинад ифтонг кæныны ныфсджын системæимæ.

«Фæлæ сæйраг у, кæй бахъахъхъæдтам æмæ фæуæрæх кодтам нæ сæрибардзинад, адæмæй аразгæ паддзахаддзинад, не ‘взаг æмæ нæ традицитæ. Ныфсджынæй цæуæм æмæ фидар кæнæм нæ суверенитет æмæ размæ кæнæм нæ бæстæйы позицитæ. Уыцы æнтыстытæ æмæ хабæрттæ, сæйраджы, нæ къухты æфтынц нæ стратегион партнер Уæрæсейы руаджы», – дзырдта Президент.

Нæ цæдисон партнеры æххуыс æмæ фарсхæцынад куы хъæуа, уæд Хуссар Ирыстон дæр фæстæ нæ лæууы – нæ бæстæ дæр æрлæууыд Уæрæсейы фарсмæ æмæ хъæбатырæй тох кæнынц æмæ хъахъхъæнынц уæрæсейаг регионты сабыр цæрджыты æнцойад. Уыдон дæр бахаудтой, Уæрæсейæн хæлар чи нæу, уыцы æххуырст тыхты бабырстыты тынты. Сæрыстыр, зæгъгæ, стæм нæ хъайтартæй æмæ сæм æнхъæлмæ кæсæм уæлахизимæ!

Президенты ныхæстæм гæсгæ Уæрæсеимæ нæ цæдисад ноджы фидар кæндзæн, уыимæ уæрæх кæндзæн нæ бæстæты хæлæртты нымæц дæр. Мах иумæ сифтонг кæндзыстæм Хуссар Ирыстоны дарддæры рæзт, йе стабилондзинад æмæ æдасдзинад. Абоны нысани-уæгджын бæрæгбон, зæгъгæ, нывонд у ахсджиаг историон цауæн æмæ здæхт у нæ адæм æмæ нæ бæстæйы хорз фидæнмæ.

«Сæрыстыр æмæ ныфсджынæй мах кæсæм нæ сомбонмæ. Фидарæй йæ зонæм, Стыр Уæрæсеимæ иумæ æнтыстджынæй размæ кæй цæудзыстæм», – банысан кодта йæ ныхасы кæрон бæстæйы разамонæг.

Республикæ Хуссар Ирыстоны хъуыддæгты Уæрæсейы рæстæгмæ бæрнджын Александр Журов бæрæгбонон арфæ ракодта УФ-йы Æдасдзинады советы сæрдары хæдивæг Дмитрий Медведев æмæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметовы номæй.

УФ-йы Паддзахадон Думæйы Хæдбар паддзахадты æмхæларад, Евразиаг интеграци æмæ æмфыдыбæстæ-йонтимæ бастдзинæдты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Тайсауты Хъазбег арфæйы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны адæм æмæ сæрмагондæй Пре-зидент Гаглойты Аланæн. Банысан кодта, Хуссар Ирыстон стыр æххуыс кæй кæны Уæрæсейæн сæрмагонд хæстон операци уадзыны зонæйы.

Æрæджы уый уыд Курскы, Донбассы æмæ федта, нæ лæппутæ уым цы ныфсджын æмæ хъæбатыр тох кæнынц нацизмы ныхмæ. Æмæ, зæгъгæ, уый æнæбахынцгæ не сты Уæрæсейы къухдариуæгад.

«16 азы размæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад банымайыны тыххæй уынаффæ райстой УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутаттæ.

Дунейы иууыл хъомысджындæр паддзахад – Уæрæсейы Федераци йæ ахастытæ бæстон кодта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазимæ, куыд суверенон æмæ хæдбар паддзахадтимæ. Уæдæй фæстæмæ Хуссар Ирыстонимæ баст фарстатæн хъæлæс кæнæм æмхуызон, æмвæндæй», – банысан кодта уый.

Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз бæрæгбонон арфæйы ныхæстæ ракодта бæстæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло, депутаттæ æмæ цæрджыты номæй.

«Бæстæ цадæггай рæзы, рæзынц экономикæ, хъæууон хæдзарад, сæудæджерад, туризм. Позитивон ивындзинæдтæ хынцыд цæуы социалон фадыджы, культурæйы. Сæйраг у, адæм кæй тырнынц хуыздæр цард аразынмæ.

Ирон адæмæн ис фидар иугæнæг уидæгтæ – уыдон сты нæ диссаджы истори æмæ бæрзонд культурæ, традицитæ æмæ æгъдæуттæ», – дзырдта ныхасгæнæг.

Бæстæйы сæйраг хъæздыгад, зæгъгæ, сты йæ адæм – æмæ мах сæрыстыр стæм нæ зындгонд историктæй, музыканттæй, хæдтæхæгскъæрджытæй, поэттæй.

Бæрæгбонон цытджын æмбырды Республикæ Абхазы президент Аслан Бжанияйы арфæйы ныхæстæ бакаст Абхазы Хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг Беслан Цвижба, Республикæ Дагестаны бæстæйы сæргълæууæг Сергей Меликовы номæй та – Националон политикæ æмæ дины хъуыддæгты фæдыл министр Енрик Муслимов, горæт Санкт-Петербурджы губернатор Александр Бегловы арфæйы ныхæстæ та бакаст Æддагон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Кассюра Евгений.

Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, ууыл 16 азы сæххæсты цытæн бæрæгбонон мадзал адарддæр бæрæгбонон концертæй.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.