Ех-х, Къоста, Къоста!..

Йæ райгуырæн хæхтыл додойгæнгæ æмæ йæ адæмы рыстæй хъæрзгæ чи ацыд уыцы дунемæ… Æмæ, кæд йæ фæстæ æнæмæлгæ ном, йæ кадæй кадджын фыдыбæстæ ныууагъта, уæддæр… Йæхи загъдау: хъæр мæрдтæм дæр хъуысы… Æмæ йæм куыднæ хъуамæ хъуысой нæ хабæрттæ, куыднæ йæ хъуамæ зона, йæхи цы адæмы мæтæй додой кæнгæйæ бахордта, уыцы адæм ын йæхи ном дæр хатт додойаг кæй скæнынц…

Мæнæ та нын еусайраг æмæ додойаг хабар: цалдæр боны размæ нæ фарны Къостайæн нæ цыфыддæр знæгтæ «бæрæгбон» куы ныззылдтой, уæд сæм куы ныммидæг уаиккой йæ туг, йе стæг ирæттæ дæр… Ирыстонæй…

Уæ, туг ныл куыд ныууарыд, ай мæнæ бынтон сæфтмæ куы цæуæм!..

Ныццыдысты æмæ… афтæ æнхъæлут, гуырдзыйы бафарстой, кæд Къостайы афтæ бирæ уарзут, уæд ын йæ фæстагæтты, йæ туг, йе стæджы быныскъуыд цæмæн кæнут, зæгъгæ?..

Нафийы загъдау: хæрæджы дымæг!..

Сæ разы сын ирон туг æмæ рондзы амæстæй цы хæрд ныккалдтой, уымæй зылын гуыбынтæ сæвæрдтой æмæ сæ сойбылтæ сæрфгæ, гуырдзыйы уазæгуарзондзинадæй æппæлгæ рацыдысты… Кæд цæфæй нал мæлут, ирон адæм, уæд уын уый та – рæхуыст: Габачиты Джабраил ма уайдзæфты бын дæр фæкодта, ирæттæй гуырдзыйы фæхуындмæ гæсгæ чи нæ ныццыд, æмæ сын сæ чъизи зæвæттæ чи нæ астъæрдта, уыдонæн, былысчъилæй сын алывыд фæкалдта…

Æмæ уыдæттæ нæ хъуысынц Къостамæ?..

Куыднæ сæ хъусы, фæлæ йæ рыст зæрдæ нæ мастæй æгæр ныддæнгæл æмæ скъуыйынæн дæр нал у, æндæра йæ номыл премийы мæтæй уæддæр стонид йæ ингæны къæйтæ… Йæ генион уды фыдæбæттæй преми нæ, фæлæ иу суари гонорар дæр чи никуы райста, уымæн йæ номыл преми кæмæндæрты хи схъæздыг кæныны фæрæз ссис… Стæй кæмæндæрты сæхицæн дæр нал фаг кæны – хæдзарыдзаг бинонтæй йæ алкæмæн дæр домынц, домынц цы – тыхæй йæ исынц… Ирон æвзагæн фыдаудæн чи кæны, цæсты йæ чи ‘фтауы, аслам æмæ примитивон æмдзæвгæгæндтæй рæзгæ фæлтæрæн сæ мадæлон æвзаг чи æнад кæны, ахæмтæ хъуамæ «нæ низыхатт, нæ дзуринаг» уаиккой… Мах та сæ, гал марæггаг ма хъуг дæр чи лæвæрдта, уыйау ноджы премитæм бавдисæм!..

Уæдæ ма додойаг цы вæййы?..

Æмæ ма уыдæттыл хъæциккам, чизоны искуы бафсæдой: чи тыхæй байсгæ кадæй, чи – æхцайæ, чи – сæ дыууæйæ дæр…

Фæлæ нын нæ фарн, нæ хурты хур Къостайы кад æмæ ном, нæ национ удварн гуырдзиаг сæбæкк хачъапъурийыл чи ивы, уыдонæн та цы кæнæм, кæдмæ сæ быхсæм?..

Нæ йæ зонынц, гуырдзыйы Къостайы ном бынтондæр кæй не ‘ндавы, уыдон ахæм примитивон акцитæй сæ рæзтæ кæй æхсæдынц, сæ тугвæдтæ кæй æхсынц, Къостайы аууон сæ тугтæригъæдтæ кæй æмбæхсынц?..

Æви зæхх нæ быны афтæ алæбырд, æмæ фыртасæй хъуыдыкæнынхъом, сау æмæ урс кæрæдзийæ хицæнкæнынхъом дæр нал стæм?.. Ныр цасдæр рæстæг нæ ахæстоны ахæстты сæрыл гæрæхтæ чи кæны, уыдоны уыцы ахæстты мæт ис?!. Исты бахордтой æви нæ, сæ хиуæтты сæм бауагътой æви нæ, фæнадтой сæ æви нæ – уыдæттæ сæ тынг æндавынц?.. Куыднæ стæй! Сæ мæтæй сыл хуыссæг нал хæцы, уыдоныл мæтæй сæ дзыхмæ къæбæр дæр нал сисынц!.. Уыдонæн æрмæстдæр ис иу нысан: республикæйы сæргълæууæджы адæмы цæсты бафтауын… Уæдæ йæ æндæр цæмæй хъуамæ фæазымджын кæной?.. Йе ‘фсымæр Тъбеты быдыры хурмæ куыд сыгъд, афтæ судзы æмæ фыдæбон кæны, гуырдзыимæ тамакойæ нæ бизнес кæны… Уæдæ йе сиахсы дæр ардæм не ‘ркодта æмæ нын «беспределщинæ» нæ кæны… Æмæ ныззезелæг вæй-йынц чысыл рахæцæныл дæр… Ныры онг уыцы ахæстоны чи бадт, уыдонæн сæ разы гауызтæ тыдтой, дзул сын мыды тылдтой?.. Ныры онг нæм барвæтк никуы ничи фехæлдта?.. Кæм уыдысты, фыддæр диссæгтæ-иу куы уыдтам æмæ æвзæрстам, уæд?..

Афтæ гуырдзы дæр… Къостайы цырт куы ныппырх кодтой, уæд æй нæ зыдтой, Къоста стыр лæг кæй уыд?.. Ныр ын цæмæн ныззылдтой ахæм «бæрæгбон»? Цæмæй æнæхъæн дунейы адæмты фæсайой, сæхимæ сæ æркæсын кæной, сæ сæрыл рахæцынæн сын уæлдай фадæттæ раттой… Æмæ та ирыстойнæгтæ дæр смидæг сты сæ къæппæджы… Нæ йæ зонынц, гуырдзы афтæ цæмæн кæнынц, уый?  Куыднæ йæ хъуамæ зоной! Фæлæ сæм лæсынц…Æмæ сæм лæсæнт, йæ цæсгомæй ту сæрфынхъом чи нæу, уыдон сæ къæхты бын дæр амæлæд, фæлæ сын мах цæмæн дæттæм ахæм бартæ? Цæмæн ма нæ хъæуынц алыгъуызон службæтæ æмæ æхсæнадон организацитæ, цы ма у сæ хæс, кæдæм кæсынц?..

Иуæй-иу лыскъудты аххосæй нын цæмæн хъуамæ дарой нæ цæстмæ, гуырдзыйы ныл чи ардауы, уыцы фæсарæйнаг бæстæтæ: кæд гуырдзы уе знæгтæ сты, уæд уæ цæмæн фæхонынц сæхимæ, цæмæн уын кад кæнынц уæ номы лæгæн?.. Уыцы æнæхайыры «къостаобайы» уыдысты италиæгтæ, гермайнæгтæ æмæ ноджы æндæр бæстæты минæвæрттæ дæр. Уыдон сæхимæ куы ныццæуой, уæд сæ адæмæн цы зæгъдзысты? Зæгъдзысты сын: «Уæрæсе сайгæ кæны, гуырдзы ирæттæн æвзæр не сты, сæхимæ сæ хонынц, сæн сын дарынц»…

 Саакашвили дæр нæ хуыдта Гуырдзыстоны хъарм хъæбысмæ, хъарм ныхæсты нæ стыхта, фæлæ уыцы хъарм ныхæсты тыхтæй цы зæрдæрыст ирон сывæллæттæ афынæй сты, уыдоныл æрдæг сахаты фæстæ туджы зæй рауагъта, уыцы сывæллæттæ цы зæх-хыл фынæй кодтой, уыцы зæххæй æрхъавыд сыгъдæг быдыр саразынмæ. Чи? Саакашвили?

 Нæ! Гуырдзыстон. Гуырдзиаг адæм…

 Саакашвили уый куы зыдтаид, гуырдзиаг адæм ын йæ ных бакъуырдзысты, йæ ныхмæ рацæудзысты, уæд йæ ныфс нæ бахастаид афтæ бакæнынмæ. Уый нæ, фæлæ афтæ бакодта, цæмæй йæ ныхмæ ма рацæуой гуырдзиаг адæм. Цæмæй йын йæ чъизи хъуыддæгтæ ныххатыр кодтаиккой, уый тыххæй туджы лæсæнты бын фæкодта Ирыстон æмæ ирон адæмы, зыдта, ирон адæмы ныццæгъ-дын йедтæмæ кæй ницæмæйуал балхæндзæн йæ адæмы зæрдæ.

Ирыстоны Президенты барамындæй арæзт сæрмагонд къамис ирон адæмы геноцидыл сæдæ азы сæххæсты фæдыл мадзæлттæм уæхскуæзæй куы цæттæ кæны, уыцы рæстæджы чидæртæ та, уыцы геноцид нын чи сарæзта, уыцы гуырдзымæ сæ гуыбыныцъæрттыл бырынц!.. 

Мах нæ адæмы ныхмæ расидгæ геноциды тыххæй историон æрмæджытæ куы агурæм, уыцы рæстæджы чидæртæ та мæнæ цытæ фыссынц: «Отдельной темы заслуживают накрытые столы угощений. На столах были осетинские пироги с разными начинками, шашлыки, хинкали, свежие овощи, фрукты, виноград, сладости и многое другое из национальных блюд осетин и грузин. Как говорится «столы ломились от яств».

«Всем гостям преподнесли памятные подарки, и, естественно, прошел торжественный ужин. Правда, здесь, уже качественными грузинскими винами».

Ахæм цыдæртæ фыссы, йæхи ирон чи хоны æмæ Ирыстоны чи цæры, ахæм…

Цы схонæн ис ахæмæн, уымæн та ды у тæрхонгæнæг, зынаргъ газеткæсæг!

Кæд ма тæрхонкæнынхъом стæм, уæд…

ГÆБÆРАТЫ  Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.