РХИ-йы Парламенты Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдар Тедеты Бахва йæхимæ райста Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы делегацийы, йæ сæргъ РЦИ-А Парламенты депутат Фадзайты Арсен, афтæмæй.

Фембæлды райдайæны Тедеты Бахва раарфæ кодта уазджытæн: «Махæн æхсызгон у не фсымæртыл Хуссар Ирыстоны зæххыл фембæлын. Мах аргъ кæнæм уымæн, æмæ сымахæн ахæм хъусдард æмæ цыты ахаст кæй ис хуссайраг ирæттæм, æмæ уæлдайдæр та рæзгæ фæлтæрмæ. Уæ архайды руаджы махмæ баконд æрцыдысты къорд спортивон объекты, уыцы нымæц, уæ хайадистæй æндидзыд æрцыд стадион дæр».

Йæхи ’рдыгæй, Фадзайты Арсен банысан кодта, зæгъгæ, йын æхсызгон у Хуссар Ирыстонмæ кæй æрцыд æмæ йе фсымæрты кæй федта, уый. Раарфæ кодта йæ хуссарирыстойнаг коллегæйæн ахæм хъармæй йæ кæй райста, уый тыххæй, æмæ банысан кодта дыууæ ирон республикæты ’хсæн ахастыты ахсджиагдзинад. Уый ма æрдзырдта Хуссар Ирыстоны Олимпион комитетæн бындур æрæвæрыны фарстыл дæр.

«Хуссар Ирыстоны ис бирæ зынгæ тренертæ, кæцытæ схъомыл кодтой æмæ хъомыл кæнынц спортсменты бирæ фæлтæрты æмæ Хуссар Ирыстоны Олимпион комитет саразын у æнæмæнгхъæуæг къахдзæф, цæмæй республикæ йæхи тыххæй æргомæй фехъусын кæна дунеон спортивон аренæйы. Мах ацы фарстыл уынаффæ кодтам УФ-йы Олимпион комитеты Президент Александр Жуковимæ. Уæрæсейаг фарс æххæстæй рахæцдзæн æмæ æххуыс кæндзæн ацы фарсты æппæт райдиантæн. Мах хъуамæ алыварсонæй тырнæм æмæ нæ къухты бафта, цæмæй комитет гом æрцæуа», — загъта Фадзайты Арсен.

Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, Олимпион комитет саразын не спортсмен-тæн фадат ратдзæн кæддæр Олимпион хъæзтыты Республикæ Хуссар Ирыстоны тырысайы бын ралæууынæн.

Фембæлды ма хайад райстой РЦИ-А Парламенты депутаттæ Челдыты Витали, æмæ Фидараты Юри, РХИ-йы Парламенты национ политикæ, культурæ, ахуырад, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл комитеты сæрдар Гæбæраты Юри, РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управленийы къухдариуæггæнæг Харебаты Батрадз, уæгъдибар хъæбысхæстæй ÆЦСК-йы сæйраг тренер Мæргъиты Анатоли.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.