Уæлхох Карабахæй, ома, Арцахæй, сомихаг лигъдæтты нымæц ахызт 100 минæй. Сæ фылдæр цæуынц Сомихстоны горæт Горисмæ, уымæн æмæ уый у иууыл æнцонвадатдæр æмæ æввахсдæр арæнтæм. Ныууагътой сæ цæрæнуæттæ, сæ мулк æмæ лидзынц гæвзыккæй. Бирæтæм, æгæрыстæмæй, нуазыны дон дæр нæй, – хæлцыл æмæ æхцайыл дзырд дæр нæ цæуы. Кæд æмæ Арцахæй Сомихстоны арæнтæм 70 километры йеддæмæ нæй, уæддæр фæндæгтыл бахъæуынц 30-35 сахаты бæрц. Чидæртæ дзы цыдысты 3-4 боны къахæй кæнæ уæзласæн машинæты гуыффæты, сæ сывæллæттæ фæрынчын сты. Арæнтыл лигъдæттыл æмбæлынц рæдауæй, фæлмæн сæм сдзурынц «Ӕгас нæм цæут!». Фæлæ ма цардæфхæрд адæймагæн уыцы ныхæстæ цы æххуыс сты?

Æнамонд адæмæн нæй хуымæтæджы уавæртæ – се ‘рдæг хай дæр не сты ифтонг цæрæнуæттæй æмæ сæ бирæтæ æрбынат кодтой гом арвы бын. Раст зæгъгæйæ, Сомихстоны цæрджытæ сæхæдæг дæр цыбыркъух æмæ мæгуырцæрæг адæм сты. Нæй сæ бæстæйы ницы æрдзон хъæздыгдзинæдтæ, бæрзондтехнологион рауагъдадтæ, пайдахæссæг туристон бизнес, денджыз æмæ афтæ дарддæр. Уымæ гæсгæ сомихæгты се ‘мтуг арцахæгтæн зæрдæйæ баххуыс кæнын куы фæнда, уæддæр сын сæ бон ницы у. Æвæццæгæн, лигъдæтты фылдæр хай æнæмæнг æрбынат кæндзысты Уæрæсейы территорийыл.

Азербайджаны президент Ильхам Алиев сиды карабахаг сомихæгтæм, цæмæй ма ныууадзой сæ фыдæлты уæзгуытæ. Дзырд сын дæтты, ома, уын уæ сабыр цард ничи фехалдзæнис, уæ бартæ уын нæ байсдзыстæм, иннæ æмбæстæгтау сымах дæр æххæст кæндзыстут азербайджайнаг закъæттæ. Фæлæ уыцы ныхæстыл ничи æууæнды, иууылдæр тæрсынц амарынæй, бафхæрынæй, цагъайраджы бынаты сæвæрынæй. Алиевы пъланмæ гæсгæ 2025 азмæ Уæлхох Карабахы реинтеграцийы процесстæ кæронмæ хъуамæ бахæццæ уой. Сæ къахдзæфтæм та сæ хъус дардзысты уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхтæ. Фæлæ Уæлхох Карабахы цæрджытæ куынæ уал баззайа, уæд реинтеграци кæмæн араздзысты? Ацы фарстæн Алиев сдзуапп кодта, зæгъгæ искуыдæм алидзыны фæнд карабахæгтæ  сæхæдæг скодтой, сургæ сæ ничи кæны. Арцахы 20 мины бæрц дæр куынæ уал уа йæ цæрджытæй, уæд уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхтæ дæр ницыуал пайда уыдзысты уым.

Азербайджан алыварсонæй дæр цæттæ уыд Арцахы проблемæ аскъуыддзаг кæнынмæ. Йе ‘фсад дæр цæттæ уыдысты сæ разылæууæг хæстæ сæххæст кæнынмæ. Сæрмагонд экономикон программæтæн дæр уыдысты цæттæгонд. Цалдæр бонмæ уал Арцахы баиу кодтой Азербайджаны энергетикон системæмæ, райдыдтой ивын электрон токы дæлстанцтæ, цæджындзтæ. Дарддæр рабæрæг уыдзысты сæ экономикон проекттæ дæр. Æмæ уæд æмбæрстгонд уыдзæн, кæмæн аразынц, уый.

Советон Цæдисы рæстæджы Арцахы цард дзæвгар азербайджайнæгтæ, фæлæ сæ сомихæгтæ 90-æм азты фæсырдтой. Ныр уыцы азербайджайнаг лигъдæттæ фæстæмæ æрбацæудзысты æмæ ма ссардзысты, кæй бафæндид Арцахы æрцæрын. Бынæттон цæрджытæй дæр кæцыдæр хай баззайдзысты, стæй ма фæстæдæр, æнæмæнг, исчи балидздзæн фæстæмæ йæ фыдæлты уæзæгмæ. Фæлæ уавæр цæхгæр нал фæивдзæнис – фидарæй зæгъæн ис, сомихæгтæ кæй фесæфтой сæ рагфыдæлты зæххытæ. Историктæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй сомихæгтæ Арцахы цæрынц нæ эрæйы агъоммæйæ дыккæгæм æнусæй фæстæмæ.

Карабахаг сомихæгты тас æнæхъуаджы нæу. Ныридæгæн бæлвырд кæнынц карабахаг цæрджыты номхыгъдтæ, кæцыты сты Азербайджаны барадхъахъхъæнæг органтæм. Уыцы номхыгъдтæм гæсгæ мингай адæймæгты хъуамæ æркæной бæрндзинадмæ куыд террористты, афтæ. Æмæ ахæм уголовон статья цы нысан кæны, уый алчидæр æмбары. Чидæриддæр йæ къухмæ 30 азы дæргъы æхсæнгарз райста Уæлхох Карабахы цæрджытæй, уыдоны Азербайджан хоны террористтæ.

Куы йæ бамбæрста Азербайджаны разамынад, æгæр карз кæй уыдысты йæ æрт-хъирæнтæ æмæ йын уый фæдыл дунейы æхсæнад уайдзæфтæ кæны, зæгъгæ, уæд ма Алиев ныфс бавæрдта карабахæгтæн, ома, барвæндонæй йе ‘хсæнгарз чи æрæвæра, уыдоны ничи бафхæрдзæнис. Фæлæ тарст адæммæ ахæм ныхæстæ нал фæхъарынц. Стæй ма, ныридæгæн æрцахстой Уæлхох Карабахы раздæр паддзахадон министр Рубен Варданяны æмæ йæ цы уголовон статьятæм гæсгæ аххосджын кæнынц, уымæ гæсгæ рæхджы ахæстонæй нæ рахиздзæнис.

Иууыл тæссагдæр у Арцахы хæстхъом нæлгоймæгтæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон бирæ азты дæргъы æхсæнгарзимæ хъахъхъæдтой сæ райгуырæн бæстæ, чидæртæ дзы хæстон архæйдтыты цæфтæ дæр фесты. Æмæ ныр сæ бинонты куыд хъуамæ ныууадзой, иунæджытæй кæдæм хъуамæ фæлидзой æмæ сæ сæртæ куыд хъуамæ бафснайой? Уымæ гæсгæ лидзынц æд бинонтæ мæлæты дзыхæй. Куы баззайой Арцахы цæргæйæ æмæ сæ кæд маргæ мачи акæна, уæддæр сын рухс фидæн нæй, цæрæнбонты сæ тондзысты «дæллаг галæй». Нæдæр сæ кæстæртæн уыдзæн хорз фидæн – сæ фæндæгтæ сын æхгæндзысты æмæ регионты та активонæй цæудзысты ассимиляцион процесстæ.

Цы фæивта Уæрæсейæн ног сæвзæргæ уавæрты?

Уæлхох Карабахы ликвидаци Уæрæсейæн дæр æрхаста глобалон ивддзинæдтæ. Азербайджан æмæ Сомихстоны ‘хсæн цы хъаугъа цæуы ныр 30 азы дæргъы, уый æвзæрырдæм æндæвта Уæрæсейыл дæр, уавæр фæхуыздæр кæныныл хардз кодта дзæвгар ресурстæ. Абоны бон Уæрæсейæн ис хорз ахастытæ Азербайджанимæ, Сомихстонимæ та цæрæнбонты сты баст æмæ уыцы иудзинад нырма фидар у. Уæлхох Карабахы фарста ахæм хуызы аскъуыддзаг уа, уый Уæрæсейы нæ фæндыд, фæлæ сæвзæргæ уавæрты йæ бон ницыуал уыд аивын. Сомихстоны разамынад бирæ азты дæргъы йæхи равдыста æгæр лæмæгъæй, нæ  йæм разынд ныфсхастдзинад, не сфидар кодтой сæ паддзахад æмæ уымæ гæсгæ сæ бон не ссис се ‘фсымæрты бахъахъхъæнын.

Фæлæ дзы Уæрæсейæн ис хорз хабар дæр – ныр Азербайджан æмæ Сомихстоны ‘хсæн арæнтæн арæзт æрцæудзæнис демаркаци æмæ делимитаци. Уый та нысан кæны дыууæ бæстæйы ‘хсæн хæларады бадзырд бафыссын æмæ уæд регионы иумæйаг уавæр фæхуыздæр уыдзæнис, инвестортæ цæуын райдайдзысты Фæскавказмæ. Райрæздзысты экономикон проекттæ, байгом уыдзысты фæндæгтæ Æввахс Хурыскæсæнмæ. Экономикæйы фарсæрдыгæй йæм куы бакæсæм, уæд Уæрæсейæн, Азербайджанæн æмæ Сомихæн пайда у Арцахы фарстайы аскъуыддзаг.

Бирæварсон конфликты

историйæ

Сомихыстоны Уæрæсе цæмæн хъæуы, кæд æмæ арцахæгтæн ницы баххуыс кодта дзурынц бирæтæ. Æмæ уæд сомихæгты дæр ис бафæрсын – «Уæрæсейы цæмæн хъæуы Сомихстон?».

Уæрæсейæгтæн се ‘хсæн сомихæгтæ сты бирæнымæц кавказаг нацитæй сæ иу. Фæлæ сæм рагæй фæстæмæ ис хъарм ахастытæ. Æвæццæгæн, дыууæ адæм дæр чырыстон диныл хæст кæй сты, уый тыххæй. Сомихæгтæ рагзаманты цардысты Османы империйы, фæлæ сæ 1915 азы геноциды фæстæ уым, уæдæй ничиуал баззад. Уæрæсейы импери туркæгтимæ хæстыты куы фæуæлахиз, уæд байстой дзæвгар территоритæ, кæцыты фылдæр хайыл цардысты сомихæгтæ æмæ сæ сæ дæлбар æрбакодтой, скуынæгæй сæ бахъахъхъæдтой. Фæстæдæр сын радтой республикæйы статус дæр Советон Цæдисы сконды.

Сомихæгтæ ныппырхытæ сты æгас дунейыл, ис сын егъау диаспорæтæ АИШ-ы, Францы, фæлæ дзы иууыл фылдæр цæры Уæрæсейы. Æгæрыстæмæй, Сомихстонæй Уæрæсейы фылдæр сомихæгтæ цæры. Советон Цæдисы ныппырхимæ Сомихстон ссис хæдбар паддзахад. Фæлæ сæ разамонджытæ нæ разындысты æнтыстджын, нæ бангом кодтой сæ наци, сæ экономикæ абоны онг дæр йæ къахыл не слæууыд æмæ сæ цæрджытæ цыдысты æндæр рæттæм куыстагур. Фылдæр хæттыты Уæрæсемæ. Азæй-азмæ се ‘мбæстæгты ны-мæц къаддæр кодта, царды уавæртæ та – æвзæрдæр. Абоны бон Сомихстоны æртæ милуаны дæр нал цæры.

Историмæ куы акæсæм, уæд Фæскавказы сомихæгтæн цæдисон бæстæ нæй. Кæд æмæ рагæй фæстæмæ хæстон адæмыл нымад сты, сæ райгуырæн бæстæ æхсар-джынæй фæхъахъхъæнынц, уæддæр сæ сыхаг бæстæтæ бирæ хъомысджындæр сты æмæ сæ басæтдзысты, скуынæг кæндзысты, Уæрæсейы хорзæх æй куы нæ уа, уæд. Уæрæсейæн ис бирæ ‘ввахс кавказаг знæмтæ, фæлæ сомихæгтæн уæрæсейæгты йеддæмæ  ‘ввахс ничи ис.

Карабахы ханад Уæрæсейы империйы скондмæ æрбахызт 1804-1813 азты æмæ йæ рахуыдтой Карабахаг провинци. Фæстæдæр ын йæ ном цалдæр хатты аивтой, фæлæ уымæн ницы нысаниуæг уыдис – территори уыд иу паддзахады дæлбар. Революцийы фæстæ 1921 азы 4 июлы Карабахы фидæны тыххæй уыд рабадт Уæрæсейы Коммунистон партийы централон комитетæн æмæ сæ уынаффæмæ гæсгæ Карабахы бакодтой Сомихстоны скондмæ. Фæлæ дыккаг бон сæ фæнд аивтой æмæ Карабахы «скуысси» кодтой Азербайджаны республикæйы сконды. Ацы тæрхон коммунисттæн уыд рæдыд къахдзæф æмæ фидæны расайдта бирæ тугкалдмæ. Советон Цæдисы рæстæджы алцыдæр сусæг кодтой, Арцахы уавæр æндыгъд кæй уыд, уый дæр. Азербайджайнаг разамынад дзы æппынæдзух уагъта ассимиляцийы мадзæлттæ – сомихæгтæн сæ фæндæгтæ æхгæдтой алыварсонæй, сæ цард сын зынвадат кодтой барæй, цæмæй лидзой хуыздæр цардагур. Уыимæ иумæ æндæр территоритæй кодтой цæрынмæ Арцахмæ азербайджайнæгты. Афтæмæй 50 азы дæргъы фондз хатты фæфылдæр сты азербайджайнæгтæ Арцахы территорийыл. Сомихæгтæ йæ æмбæрстой, хъуыддаг сæ фыдæлты уæзгуытæ ныууадзынмæ кæй цæуы æмæ 1987 азы бахатыдысты советон разамынадмæ, цæмæй сæ бакæна Сомихстоны скондмæ. Фæлæ уыцы хъуыддагæн саразæн нал уыд. Уымæн æмæ ахæм дзырдтаг территоритæ Советон Цæдисы бирæ рæтты уыд æмæ уæд змæстытæ райдыдтаиккой.

1988 азы та Уæлхох Карабахы сног сты конфликттæ æмæ дзы æрцыдис уды зиæнттæ. Советон Хицауады уыдонмæ нал æвдæлд æмæ уавæр нал контроль кодтой. Сомихæгтæ сурын райдыдтой азербайджайнæгты сæ фыдæлты зæххытæй, азербайджайнæгтæ та сомихæгты сырдтой Азербайджаны иннæ территоритæй. 1991 азы 2 сентябры Уæлхох Карабах расидтис хæдбардзинад. 1992 азы хæстон архæйдтыты рæстæджы сомихæгтæ басыгътой азербайджайнаг горæт Лачин æмæ сын сурзæххыл сси фæндаг Сомихстонмæ. 1994 азы бафыст æрцыд рæстæгмæ фидыды суагъæ æмæ хæст æрлæууыд. Хæстон архæйд-тыты фæмардысты 30 000 адæймагæй фылдæр, иу милуан азербайджайнагæй фылдæр та лидзинаг фесты. Басыгътой æмæ ныппырх кодтой мингай цæрæнуæттæ, хъæутæ, цалдæр горæты.

2020 азы та сног сты хæстон архайдтытæ. 44 бонмæ ам фæмардысты цыппар минæй фылдæр адæймаджы. Азербайджан байста Уæлхох Карабахы территорийы фылдæр хай. Ныр та йæ дæлбар бакодта æппæт Карабахы зæххытæ дæр. Азербайджан сæхгæдта карабахаг проблемон фарст, фæлæ уымæй регионы сабырдзинад нæ ныллæудзæнис. Ацы конфликт та фидæны æнæмæнг сног уыдзæнис.

ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.