Журнал «Мах дуг» – 90 азы

        Ирон адæмы культурæйы ахсджиагдæр цаутæй иу уыд, 90 азы размæ нæ мадæлон æвзагыл журнал «Мах дуг» цæуын кæй райдыдта, уыцы цины хабар. Уæдмæ Ирыстоны бирæ журналтæ фæзынд: «Зонд», «Æфсир», «Хуры тын», «Чырыстон цард», «Малусæг», «Зиу», фæлæ дзы иу дæр цæрæццаг нæ разынд. Фæлæ, 1934 азы, майы чи райгуырд, уыцы журнал «Мах дуг», дуджы ивæнтæ æвдисгæ, æрхæццæ абоны онг. Кæд бирæ цæлхдурты сæрты рахызт, уæддæр уый сси ирон адæмы фарны æмæ рæстдзинады фидиуæг, æмæ абоны онг дæр рухс хæссы адæммæ.

Журналы историйыл бирæ дзурæн ис, фæлæ абон æппæты кой ракæныны фадат нæй. Уым цы курдиатджын фысджытæ фæкуыста, уыдон се ‘ппæт дæр стыр фæд ныууагътой ирон литературæйы, журналы куысты. Нæ национ мыхуыры рагæй фæстæмæ хистæр фæлтæртæ цы традицитæ ныууагътой, уыдон ныр дарддæр хæццæ кæнынц журналы ныры коллектив йæ сæйраг редактор Уаниты-Хетæгкаты Оксанæимæ. Хорз æххуыс ын кæнынц йæ бæрнон куысты йæ хæдивæг Къелойты Альбинæ, прозæ, поэзи æмæ публицистикæйы хайæдты редактортæ Æлборты Дианæ, Касаты Батрадз, Тъехты Тамерлан, корректор Хъыргъаты Анжелæ, тæлмацгæнæг Золойты Аркади, компьютерыл кусæг Гæбысаты Аслан…

«Мах дуг» – нæ дуджы айдæн

Абон журналы куыст бæрзонд æмвæзадмæ чи систа, редакцийы бæстыхайæ дзуарбадæн чи сарæзта, æппынæдзух сфæлдыстадон бастдзинæдтæ сыхаг республикæтимæ чи бæтты, «Мах дуг»-ы кадæн алы мадзæлттæ чи аразы, йæ номыл дунеон преми чи расидт, уыдон сты журналы абоны коллектив, сæ сæргъы æвæллайгæ патриот Хетæгкаты Оксанæ, афтæмæй.

Ацы бонты «Мах дуг»-ы коллектив сбæрæг кодтой журналы 90 азы юбилей æмæ, уыимæ иумæ, «Мах дуг»-æн традицион чи сси, уыцы дунеон конкурс. Кадджын мадзалмæ æрбацыдысты республикæйы разамынд, сфæлдыстадон организацитæ, аивады минæвæрттæ, конкурсы архайджытæ… Стыр делегацитæ æрбацыд Хуссар Ирыстонæй, Кæсæг-Балхъарæй, Цæцæнæй, Дагъыстанæй…

Фыццагдæр ныхасы бар лæвæрд æрцыд Мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты сæрдары хæдивæг Гæбæлаты Мæдинæйæн. Уый арфæйы ныхæстæ загъта журналы коллективæн се стыр хайбавæрды тыххæй ирон мыхуырмæ: «Зынаргъ æмбæлттæ, абон мах æрбамбырд стæм, цæмæй ирон культурæ æмæ сфæлдыстадон куырдадзæн, стæй йæ кусджытæн арфæ ракæнæм. Уыдон цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц нæ национ интерестæ, мыхуыры традицитæ». Уый фæстæ комитеты номæй дипломтæй схорзæхджын кодта йæ кусджыты.

«Мах дуг» – нæ дуджы айдæн

РЦИ – Аланийы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз дæр арфæ ракодта журналы кусджытæ æмæ йæ кæсджытæн æмæ, сæ хорз куысты тыххæй, Кады грамотæтæ радта Къелойты Альбинæ æмæ Тъехты Тамерланæн.

«Журналы редколлегийы кар цасдæр ферыгондæр, æмæ уый банымайын хъæуы раппæлинагыл. Хорз у, редакцимæ кусынмæ сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ æмæ йæ ‘мхъуыдыгæнджытæ кæй æрбацыдысты, уый. «Мах дуг», мæнмæ гæсгæ у, фыццаджыдæр, нырыккон ирон аивадон литературæйы айдæн, æмæ уым кæй æвдисæм, уый хъуамæ уа сыгъдæг цæсгом, уырзæй æвзæрст æмæ хæрзхъæд фыст. Авторы хъысмæт æмæ журналы хъысмæт кæрæдзийыл хъуамæ æнгом баст уой. Ахæм домæнтæ æвæры йæ разы журналы редакци, æмæ йын нæ зæрдæ зæгъы сфæлдыстадон æнтыстытæ», – загъта йæ раныхасы республикæйы Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барис.

«Мах дуг» – нæ дуджы айдæн

Кæсæг-Балхъары адæмон поэт, журнал «Минги-Тау»-ы сæйраг редактор Аскер Додуев, сæйрагдæр æрлæууыд æмгуыстады бастдзинæдтыл: «Ис ахæм балхъайраг æмбисонд: «Къалиуты рæсугъддзинад райдайы уидæгтæй». «Мах дуг»-ы уидæгтæ та сты – курдиатджын ирон адæм, Къоста, Нафи, Камал, Тотраты Руслан, Агънаты Гæстæн æмæ иннæтæ. Мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй «Мах дуг» цы тыллæг дæтты, уый адæмæн æвдадзы хосау уа. Дунейыл сабырдзинад æмæ алкæй хæдзары дæр амонд уæд. Журнал «Минги—Тау» дарддæр æхсызгонæй мыхуыр кæндзæн ирон фысджыты уацмыстæ».

«Мах дуг»-ы тыххæй зæрдиаг арфæтæ ракодта Хуссар Ирыстоны Президенты администрацийы разамонæджы фыццаг хæдивæг Джиоты Къоста æмæ, Президент Гаглойты Аланы номæй, Хетæгкаты Оксанæйы схорзæхджын кодта «Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист»-ы номæй.

Журналы куыст æмæ йе стыр ахадындзинады тыххæй ма сæ хъуыдытæ загътой Стыр Ныхасы сæрдар Уататы Зелим, Национ хъуыддæгты фæдыл министр Бæгъиаты Алан, Хицауады администрацийы консультант Бигъуылаты Людмилæ, газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редактор Дамбегты Иринæ, Хетæгкаты Къостайы номыл æхсæнады сæрдар Æлборты Иван, режиссер Дзуццаты Тамерлан, балхъайраг фысджытæ Сакинат Абаева, Хыйса Османов, Ахмат Байсиев, Жанна Коржухова, цæцæйнаг фыссæг Сулиман Мусаев, Дагъыстаны журнал «Дагестан»-ы сæйраг редактор Марат Гаджиев, Стъараполы ирон æхсæнад «Алани»-йы сæрдар Бæцойты Савели æмæ æндæртæ. Раныхасгæнджытæ сæ зæрдиаг фæндиæгтæй дарддæр, се ‘ппæт дæр ракодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Ахмат Байсиев та тынг аив скодта Хетæгкаты Оксанайы портрет æмæ йын æй балæвар кодта.

«Мах дуг»-ы сæйраг редактор йæ куыстмæ цы бирæ ногдзинæдтæ бахаста, уыдонæй сæйрагдæр у журналы номыл дунеон конкурс. Проект царды уагъд цæуы Ирыстоны зынгæ патриоттæ – меценаттæ Джусойты Альберт æмæ Уататы Зелимы æххуысæй. Мадзал арæзт æрцыд ныр дыккаг хатт, баиу æй кодтой журналы 90 азы юбилейон бæрæгбонимæ. Ацы литературон конкурс фыццаг æмæ дыккаг хатт дæр раиртæста бирæ курдиатджы адæмы. Ацы кадджын хæрзиуæг сын дæтты сæрыстырдзинад, ныфс, кад, бæрнондзинад…

Ацы конкурсы къамис йæ бæрæггæнæнтæ бахыгъта æмæ сæ рахастой бæрæгбоны архайджыты размæ.

Прозæйы хайады хистæр кары фыццаг бынаты уæлахиздзау сси зынгæ прозаик Гусалты Барис, йæ уацмыс «Гренадæ»-йы тыххæй.

2 – бынат лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Журналистты цæдисы уæнг, газет «Хурзæрин»-ы уацхæссæг Джусойты Нинæйæн, йæ повесть  «Æрæджиауы фæсмон»-ы тыххæй.

3-бынат райста газет «Северная Осетия»-йы сæйраг редактор Битарты Маринæ, йæ уацмыс «Фæлдурæджджын хъысмæт»-ы тыххæй.

Фæсивæды ‘хсæн прозæйы номинацийы æрмæстдæр лæвæрд æрцыд дыккаг бынат поэт Бететы Фатимæйæн, йæ уацмыс «Уарзт æмæ хæрам»-ы тыххæй.

Поэзийы номинацийы хистæр кары фыццаг, дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ райстой Габолаты Зауырбег, Годжыцаты Георги æмæ Бæззаты Эдуард.

Поэзийы жанры фæсивæды ‘хсæн фыццаг, дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ райстой Геккиты Солтан, Айларты Дианæ æмæ Дзгойты Дзерассæ.

Публицистикæйы жанры хистæрты ‘хсæн фыццаг бынат райста фыссæг Гæбæраты Юри, дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ Дзæрæхохты Ритæ æмæ Цхуырбаты Жаннæ. Ацы номинацийы фæсивæд нæ архайдтой.

Драматургийы номинацийы æрмæстдæр дыккаг бынат райста драматург Айларты Асæхмæт.

 

_____________________

НÆ  ФИДÆН  НÆМ,  ИРОНАУ  ДЗУРГÆ, ХУДÆД!

   Ирон литературон журналы юбилей æрмæст редакцийы кусджыты бæрæгбон нæу. Уый у ирон адæмы иумæйаг бæрæгбон, журналкæсджыты, йæ авторты, йæ иузæрдион хæлæртты бæрæгбон.

   Фыссæджы уацмыстæ адæмы размæ хæссын, кæстæрты сын сæ хъайтартыл хъомыл кæнын, сæ зæрдæты сын фыдыбæстæмæ уарзондзинад байтауын, сæ уидæгтæм сын се ‘ргом аздахын у алы хистæрæн дæр йæ хæс, уæлдайдæр та литературон журналæн! Ууыл кусæм мах æмæ, нæ размæ редакцийы цы курдиатджын фысджытæ куыста, уыдон дæр.

«Мах дуг» – нæ дуджы айдæн

   Журнал йæ 90 азы сæрты ахызт. Ам сæйрагдæр у фæстæмæ акæсын æмæ раст аргъ скæнын, уал азмæ йæ къухы цы бафтыд æмæ цы нæ бафтыд, уыдоныл ныхъхъуыды кæнынæн. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ йыл йæ адæмы раз хæс æвæрд ис, уый хæссынæн та стыр хъарутæ хъæуы.

   Нæ уарзон хæлæрттæ! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

     Хетæгкаты – Уаниты Оксанæ,

Журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор

__________________________

Аивадон тæлмацы номинацийы хистæр кары фыццаг, дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ райстой поэт Къудухты Маринæ, Хъулаты Юри æмæ Хуыдæлты Маринæ.

Фæсивæды ‘хсæн радтой æрмæстдæр æртыккаг бынат Аслæмырзæты Дзерассæйæн.

Журналы номыл сæрмагонд премитæ радтой Бæцойты Савелийæн æмæ Турчы цæрæг, поэт Хъуысаты Маулудæн.

«Мах дуг»-ы кадджын премийы аккаг ма систы кæстæр кары сывæллæттæ дæр. Уæлахиздзаутæ се ‘ппæт дæр кæстæрæй хистæрмæ райстой æхцайы премитæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Кадджын мадзал сæ аивадæй срæсугъд кодтой Дауыраты Эдуард, Илаты Тимур, Томайты Миланæ æмæ иннæтæ.

Бадт цад, дам, хъуына кæны. «Мах дуг»-ы та цард цæджджинагау фыцы. Журнал цæттæ кæнынæй дарддæр ма йе сфæлдыстадон коллектив архайынц алы мадзæлтты æмæ журналы кад бæрзонддæр кæнынц. Ахæмтыл лæууы ирон æвзаг, мыхуыр, культурæ, аивад… «Мах дуг», æнæмæнг, у Къостайы номыл премийы аккаг æмæ йæ къухы бафтæд.

Æрæджы нæ ирон дзырдаивады хæзнайыл сæххæст 90 азы æмæ йын газет «Хурзæрин»-ы кусджытæ дæр зæрдæбын арфæ кæнынц. Фарн, амонд æмæ хорз хабæрттæ хæссæг фæуæд йæ кæсджытæм.

ДЖУСОЙТЫ  Нинæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.