Махæй алчи дæр йæхирдыгонау бавзæрста  2008 азы августы хæст. Æмæ ныр дæр базонæм ног æмæ ног факттæ уый тыххæй. Мæнæ мын цы радзырдта августы бонты тыххæй Тельманы уынджы цæрæг сылгоймаг Дзæгъиаты Виолеттæ:

«2008 азы 8-æм август мæ æрæййæфта мæ фатеры. Уый размæ дæр æхстытæй цух кæм уыдыстæм, фæлæ телеуынынады Гуырдзыстоны президент Михаил Саакашвили куы радзырдта, зæгъгæ, уæм сидын сабырадмæ æмæ фидыдадмæ, уæд бацин кодтон, æвæццæгæн, зæгъын, бæстæ ныссабыр уыдзæн. Кæд мæ зæрды мæнæн дæр мæхи баауон кæнын уыдис, уæддæр загътон, иугæр президенты пост чи ахсы, уый ахæм сидт сарæзта, уæд ыл ацу æмæ ма баууæнд. Стæй мæ ныййарджыты дæр ныууадзон (Сталины уынджы кæрон цардысты), уый дæр мæ нæ фæндыд.

Уыцы «сырд»-ы сабырадмæ æрсидтæй сахат рацыд æмæ райдыдтой гыбар-гыбуртæ, раст цыма æцæгæй дæр арв нæрыд. Æртыккаг уæладзыджы цæрын æмæ æхстытæ куы райдыдтой, уæд нæм тахтысты алыгъуызон снарядтæ, минæтæ. Иу дзы мæ лоджийы фисыныл сæмбæлд. Цыма стыр зæххæнкъуыст уыд, къултæ афтæ базмæлыдысты, æвгтæ иууылдæр нызгъæлæн сты. Мæ сыхаг зæронд ус дæр фыртасæй махмæ æрбалыгъд æмæ хæдзары ныккæндмæ ныллыгъдыстæм. Асинтыл цæуæн нæ уыд авджы æмæ бетоны згъæлæнтæй. Иу уысм мæм афтæ фæкаст, цыма ныккæндмæ нал ныиивæрздзыстæм æвыдæй. Фæлæ нын уырдæм йедтæмæ фæндаг никæдæм уыдис. Уæдмæ дзы къухбакæнæн нал уыд адæмæй. Мæ ныккæнд уыд æппæты мидæгæй, уым æдасдæр уыд æмæ йæ разы стыгуыр сты. Фылдæр дзы сывæллæттæ уыд, иууылдæр тарст хуызтимæ.

Сыхæгтæй дыууæ усы уатон рынчынтæ, уыдоны дæр ныккæндмæ ныххастой сæ бинонтæ æмæ сæ уым цыдæр амæлттæй æрхуыссын кодтой. Ныккæндтæй дыууæ гуыдырæй æхгæд разындысты, сæ хицæуттæ сын фырадæргæй сæ дæгъæлтæ не ссардтой æмæ сæ басастой, цæмæй дзы фылдæр фезмæлæн уыдаид. Иууылдæр уыдысты тарстгъуыз, сылгоймæгтæй иу йæ сæр хоста, йæ дыууæ лæппуйæ кæй ницы бæрæг зыдта, уый тыххæй. Алы уысм дæр æнхъæлмæ кастыстæм мæлæтмæ. Хатт-иу нæм бынтон æнæзонгæтæ дæр æрбалыгъдысты сæхи баауон кæнынмæ. Алы сахат дæр уавæр карзæй-карздæр кодта. Нæ корпус-иу арæх нызмæлыд æмæ-иу уæд ныккæнды рæбынæй чи уыдысты, уыдон сæмбу кодтой, æддæмæ-иу сæхи æппæрстой иннæты сæрты, ома, хæдзар куы ныккæла, уæд йæ быны ма фæуæм.  Фæлæ-та иу хæдзар йе змæлдæй куы æрсабыр, уæд-иу уыдон дæр æрсабыр сты. Сæрды уыцафон кæд ныккæндты уадиссаг ницы-ма вæййы, ихсыд вæййынц, уæддæр-ма иу дзы кæмдæрты цыдæртæ разынд. Фæлæ хæрд никæйы зæрдæ агуырдта, алкæмæн дæр йæ сæр йæ кой уыд.

Кæмæн йæ хъæбул нæ уыд йæ фарсмæ, кæмæн йæ ныййарæг, кæмæн йæ цардæмбал. Иууылдæр æнхъæлмæ кастыстæм, кæд æрцæудзысты Уырысы æфсад æмæ нæ кæд фервæзын кæндзысты. Æмæ-иу исчи телефонæй куы фехъуыста, зæгъгæ, æрцæуынц, фæндагыл сты, уæд-иу фæхъæлдзæгдæр стæм. Фæлæ рæстæг ныддаргъ, Уæрæсейы æфсад нæ æмæ нæ зындысты.

Ныфсджындæр нæлгоймæгтæй чидæртæ сæ фатертæм схызтысты, цæмæй хæринагæн исты самал кæной. Иу рæстæджы та тынг рæмыгъд райхъуыст. Фыццаг ничи ницы бамбæрста, стæй уалынмæ лæгтæй кæйдæр богъ фæцыд. Уый снаряды схъис Джиоты Æхсарыл сæмбæлд, арæдывта йын йæ цонг, асинтыл йæ фатермæ фæцæй хызтис æмæ йæ афтæмæй æрæййæфта. Нырдиаг кодтам мах дæр, фæлæ ма цы гæнæн уыд…Йæ мард буар ын бадзæбæхтæ кодтам æмæ йæ ныккæндмæ ныххастам. Уым æй иу къуымы сæвæрдтам, йæ бинонтæй немæ ничи уыд. Фæстæдæр та ноджы иу стыр гуыпп райхъуыст. Нынкъуыст та хæдзар æнæхъæнæй. Старстыстæм, зæгъгæ, ацы хатт корпусæн æнæркæлгæ нæй, æмырæй æнхъæлмæ кастыстæм… мæлæтмæ. Цы æрцыд, уый, цалынмæ æрбабон ис, уæдмæ нæ базыдтам. Хæлæн æрмæг бахауд фæндзæм уæладзыгмæ æмæ йæ ныффалгæрон кодта. Уый адыл йæ фатермæ схизын ничиуал бауæндыд. Хæцæг лæппутæ-иу нæ арæх абæрæг кодтой, куыддæр-иу æхст фæсабыр ис, афтæ, хабæрттæ дæр нæм уыдон хастой. Баныфс нын æвæрдтой, зиан, дам, бавæрдзыстæм, æхстытæ куы фæсабыр уой, уæд.

Иуахæмы нæ уæлхъус иу лæппу алæууыд æмæ хъæрæй афтæ, кæд, дам, исчи йæ ныфс хæссы рацæуын, æнахъом сывæллæттæ кæмæн ис, ахæм мæдтæй, уæд, зæгъ, æй Дзаумæ фæхæццæ кæндзынæн. Цалдæрæй сæхи арæвдз кодтой, æз дæр семæ, æмæ æхсæвы, æнæрухсæй араст стæм горæты уынгты. Абон дæр мæхиуыл бадис кæнын, куыд ахастон мæ ныфс, цы тых мæ сразæнгард кодта æд сывæллон ахæм тæссаг фæндагыл ацæуын.  Мæ-лæт нæ фæрсты цыд, æз æппынæдзух Сфæлдисæгмæ куывтон мæ лæппуйы тыххæй. Афтæмæй баххæццæ стæм Дзаумæ. Æртыккаг бон сфæнд кодтон Цæгат Ирыстонмæ ацæуын. Уырыссаг хæдтæхджытæ мæ сæрты тæхын куы райдыдтой, уæд мæм ныфсы цъыртт фæзынд æмæ мæхицæн фидарæй бауырнын кодтон, ирон адæм бынсæфт нæ фæуыдзысты, чидæртæ ма дзы уæддæр аивæрздзысты.

12-æм августы фæстæмæ æрæздæхтæн, мæ фатермæ мæ зæрдæ кæй æхсайдта, уый тыххæй. Хæдзармæ бацæуæнтæ нæ уыд æвгтæ æмæ бетоны згъæлæнтæй. Цы дзы уыдис, уыдон лæзæрдысты пырхæнтæй полтыл.

Бавнæлдтон йе ‘фснайынмæ…

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.