Мадæлон æвзагæн ницæимæ ис абарæн, уый зæрдæмæ иууыл æввахсдæр лæууы. Йæ зæлтæ нæ хъустыл куы уайынц, уæд уæнгтæ цыма фæрогдæр вæййынц, хъæлдзæг æнкъарæнтæй байдзаг вæййынц нæ зæрдæтæ, нæхи фæхатæм афтæ. Чизоны уымæн æмæ ный-йарæг мады хъарм комытæфæй рабалц кодта хъæбулмæ, уый æхцон зæлты фæрцы нын фæци афтæ адджын æмæ уарзон, æхцондзинад æмæ амонд хæссæг. Æнæмæнг, афтæ у, æмæ сæ æмхуызон дæр уымæн уарзæм, зæрдæйы рæбын уымæн æрбынат кæнынц сæ дыууæ дæр. Мах, ирон адæм, хъысмæтæй хъуамæ разы уæм, нæртон, уæздан, бæркадджын æмæ æхцон зæлтæй йемыдзаг чи у, ахæм æвзаг нын кæй ныллæвар кодта, уый тыххæй. О, лæвар хорз у, фæлæ уыцы лæвар та хъуамæ кад æмæ рады бынаты уа, дзыллæты ‘хсæн йæ нæргæ ном тынгдæр куыд зæлланг кæна. Уыцы ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг хæс, ныййарджыты фæстæ у мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытæн.

Бацымыдис кодтон, цы уавæры ис мадæлон æвзаг æмæ литературæ амоныны хъуыддаг Цхинвалы районы иумиагахуырадон скъолаты, æмæ мын мæ фарстæн бæстон дзуаппытæ радта адæмон ахуырады хайады методист Цъæхилты Светланæ. Раст зæгъын хъæуы, æвæрццаг уыдысты иумиагæй сисгæйæ йæ дзуаппытæ, æмæ мын уый æхсызгон уыд. Æдæппæт сæм мадæлон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ ис 24 æмæ сæ алчи дæр ахуыргæнæг-хъомылгæнæджы арфæйаг куыст æххæст кæны бæрæг бæлвырд скъолайы. Кæй зæгъын æй хъæуы, иууыл иу æмвæзадыл не ‘ххæст кæнынц сæ педагогон архайд, чи – фылдæрбæрцæй, чи та къаддæр бæрцæй. Фæлæ уæддæр афтæ зæгъæн нæй, æмæ сæ арфæйаг куыстмæ фау æрхæссæн ис. Уый фылдæр хауы, нырма педагогон стаж цъус кæмæн ис, ахæмтæм. Фæлæ иузæрдион сты сæ дæсныйадыл, кусынц сæ зонындзинæдтæ фылдæр кæныныл, стæй ма сын сæ квалификаци фæбæрзонддæр кæныны æххуыс кæнынц фæлтæрд ахуыргæнджытæ, хорз æххуыс исынц адæмон ахуырады ‘рдыгæй дæр. Æппæты тынгдæр Цъæхилты чызг раппæлыд, Плиты Заирæйæ. Уый къорд азты ахуыргæнæджы зын, фæлæ кадджын хæс æххæст кæны Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы. Уымæн æвдисæн у уый дæр, æмæ мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытæй уый у иууыл уæлдæр-14 къæпхæны хицау. Цæсгомджын, æнæзæрдæхудтæй ахуыргæнинæгты зæрдæтæм мадæлон æвзаджы адæнкъарæнтæ цырын кæнынц Дменисы скъолайæ фыццаг категорийы ахуыргæнæг Дудайты Земæ, Къусраты Анжелæ, Сатихъары скъолайы ахуыргæнæг Чысиаты Ирæ, Зары скъолайæ Пухаты Зæлинæ æмæ Хъазиты Этери, Тъбет æмæ Рустауы скъолатæй Хъуылымбегты Эвразия æмæ Коцты Фатимæ. Сæ уроктæ бæрзонд æмвæзадыл уадзынц Къостайыхъæуы  æмæ Дменисы скъолаты ахуыргæнджытæ Хъуылымбегты Маринæ, ахуыргæнæджы фæндагыл нырма фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уый – Лолоты Циалæ æмæ æндæртæ.

Ахуыргæнæджы комкоммæ хæс у, цæмæй йæ ахуыргæнинæгтæ бæстон ахуыр кæной æрмæг, уадза сын алыгъуызон цымыдисон мадзæлттæ, викторинæтæ, конкурстæ æмæ олимпиадæты хайадисæг уа скъоладзау æмæ йын уа раппæлинаг фæстиуджытæ. Зæгъын хъæуы, уыцы хъуыддаджы дæр сын ивгъуыд азты уыд хорз æнтыстытæ. Фарон Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Плиты Заирæйы хъæппæрисæй ахуыргæнинæгтæ бацæттæ кодтой æмæ ауагътой мысæн изæр Мамсыраты Темырболаты тыххæй æмæ ноджы лæмбынæгдæр базонгæ сты поэты цард æмæ сфæлдыстадон архайдимæ. Ирон адæмы буцдзинад Хетæгкаты Къостайы райгуырды бон районы алы скъола дæр банысан кæнынц, æрдзурынц ын йæ æвæллайгæ архайды фæдыл. Сæхи зæрдиагæй бацæттæ кæнынц Ирон æвзаджы бонмæ, афтæ та уыдзæн ацы аз дæр.

Ахуыргæнæг æдзухдæр  хъуамæ архайа йæ зонындзинæдтæ фылдæр кæныныл, уæд ын уыдзæн раппæлинаг æнтыстытæ, уæд ссардзæн фæндаг йæ ахуыргæнинæгты зæрдæмæ. Уый зæрдыл даргæйæ, ахуырады хайад рæстæгыл бацархайы, цæмæй ахуыргæнджытæ рæстæгæй рæстæгмæ ахуыр кæной курсыты. Æрæджы дæр та сæ иу къорд уыдысты ахæм курсыты, лекцитæ сын кастысты Цæгат Ирыстонæй æрхонгæ лектортæ æмæ сын уыдон фæахъаз уыдзысты сæ дарддæры педагогон архайды.

Ахуыр-хъомыладон куыст ноджы хуыздæр уаид мадæлон æвзагæй, фæлæ æмбæлынц иуæй-иу ныхдуртыл. Цæвиттон, нырыккон техникон фæрæзтæй пайда кæнынц бæрцæй цалдæр скъолайы, иннæтæ сæ ифтонг нæма сты. Ацы æмæ æндæр хъуыддæгтæм æркæсын хъæудзæн рæстæгыл, цæмæй хуыздæр кæна нæ мадæлон æвзаджы ахуыры хъуыддаг.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.