Хуссар Ирыстоны адæм цы хъизæмæрттæ бавзæрстой гуырдзиаг агрессийы рæстæджы, уыдоныл дзургæйæ, фылдæр хатт, фæдзурæм æрмæстдæр горæт Цхинвал æмæ республикæйы кæцыдæр районты тыххæй, фæлæ нæ цæмæдæр гæсгæ айрох вæййы Ленингоры район. Ацы дæрддагдæр районы цæрджытæ дæр бирæ карз фæлварæнтыл рацыдысты.  

Ленингоры поселочы цæрджыты фылдæр хай бирæ азты дæргъы уыдысты фашистон Гуырдзыстоны оккупацийы бын, цы ирæттæ дзы цардис, уыдоны бахъуыд сæ хæдзæрттæ ныууадзын. Районы иннæ хай – Цъинагары зонæ дæр æнæфыдбылыз нæ баззад. Æппынæдзухон провокацитæ, блокадæтæ, гуырдзиаг гæрзифтонг бандæты æрбабырстытæ хъæуы цæрджыты цард хъизæмайраг скодтой. Мардтой сабыр цæрджыты дæр.

Цалдæр факты мæ фæнды æрхæссын Ленингоры районы Цъинагары хъæууон администрацийы цæрджыты ныхмæ 1990 азæй 2008 азмæ гуырдзиаг боевиктæ цы фыдракæндтæ сарæзтой, уыдон тыххæй.

Цъинагары хъæуы историйы 1991 азы 28 апрель сси сау бон. Гуырдзиаг бандитты æрдыгæй ирон хæххон адæмы фос давыны цаутæ цъус нæ уыдысты. Хъæуы цæрджытæ, сæ бон куыд уыд, афтæ архайдтой сæ ныхмæ фæлæууыныл, уымæн æмæ æнæ фосæй хъæуы фæцæрын зын уыдис. Уыцы бон сæрвæтæй гуырдзиаг фыдгæнджыты къорд атардтой хъæубæсты фос. Гæрзифтонг бандитты фенгæйæ, фыййау хъæумæ азгъордта æмæ æххуысмæ сидын райдыдта. Цъинагары æмæ йæ алфæмблай хъæуты цæрæг нæлгоймæгтæ, сæ цардæн тæссаг кæй уыд, уымæ нæ кæсгæйæ, æнæ хæцæнгарзæй «æнæхуынд уазджыты» ‘рдæм атагъд кодтой. Хъæуы цæрджытæн кæд сæ къухы бафтыд сæ фос фæстæмæ байсын æмæ абырджытæй дыууæйы уацары ракæнын, уæддæр сыл, хъыгагæн, æрцыд уды зиæнттæ. Гуырдзиæгты æхстыты фæстиуæгæн хъæуы цæрджытæй фæмард авд адæймаджы. Хуыбылты Отар æмæ Зауырыл цыдис фæйнæ 60 азы бæрц, иннæ лæппутæ – Хубылты Таймураз, Маргъиты Отар, Дудайты Тенгиз, Чертхъоты Славик æмæ Бибылты Гиви уыдысты æвзонг лæппутæ. Хъæуы цæрджытæй фæцæфтæ сты ноджыдæр цалдæрæй. Уыдонæй сæ иу – Хуриты Важа, уæдæй фæстæмæ нал ссæрæн æмæ æвзонгæй аивгъуыдта йе ‘нусон бынатмæ.

Уыцы цауæй иу азы фæстæ гуырдзиаг спецслужбæтæ Монастеры хъæуæй адавтой фондз æвзонг лæппуйы. Куыд нын радзырдтой, афтæмæй лæппутæй сæ иу – Хъараты Шалико, уыд æнахуыр тыхджын адæймаг. Фæлæууыд знæгты ныхмæ. Сæ бон куы базыдтой, ницы йын ракæндзыстæм, зæгъгæ, уæд æй фехстой. Иннæ лæппутæ – Хуыбиаты Виктор, Хъараты Арчил, Уалыты Тенгиз æмæ Дзамболат абоны онг дæр нымад сты æбæрæгæй сæфтыл. Удæгас ма сты, уый хъæуы цæрджыты фылдæр хайы уырнгæ дæр нал кæны. Уыдонæй цалдæрæн уыдис сывæллæттæ, Уалыты Дзамболат та нырма уыд хæрзæвзонг лæппу. Ацы хабарæй иу мæй раздæр æрцыд æфсадæй йæ райгуырæн хъæумæ.

Сабыр цæрджыты давыны цаутæ сарæх сты. Уыцы аз Орчъосаны хъæуккаг 60-аздзыд Дриаты Георги (Мамыр), тæссаг кæй уыд, уымæ нæ кæсгæйæ, йæ æртагласæн машинæйыл рацыд Цхинвалмæ æртаг ласынмæ. Хъæуы цæрджыты дæр Мамыр ифтонг кодта æртагæй. Бирæ рæтты фæндæгтæ цыдысты гуырдзиаг хъæутыл. Горæтмæ бахæццæ æдасæй, йæ цистернæ æртагæй байдзаг кодта, фæлæ йæ фæс-тæмæ здæхгæйæ æрцахстой гуырдзиаг æнæформалтæ. Абоны онг дæр нæлгоймаджы хъысмæты тыххæй ницы бæрæг ис, кæй йæ амардтой, ууыл ничи дызæрдыг кæны.

Уыцы аз, 1991 азы гуырдзиаг фыдгæнджыты къухæй Орчъосаны хъæуæй фæмард ноджыдæр цалдæр адæймаджы. Дриаты Владимир сыхаг ирон хъæуы йæ хæстæджытæм уыд уазæгуаты. Изæрæй хæдзармæ куы здæхт, уæд æй гуырдзиаг хъæу Бершуеты æрцахстой æмæ йæ фыдмардæй амардтой, зæгъгæ, дæ марæм, æрмæстдæр, ирон кæй дæ, уый тыххæй. Владимирыл цыдис 32 азы, баззад ын дыууæ кæстæры.

Дриаты Наиза Гуры цард, кусгæ дæр уым кодта. Уавæр карзæй-карздæр кæй кодта, уый тыххæй ралыгъд йæ райгуырæн хъæумæ, уым чысыл сабырдæр у, зæгъгæ. Фæлæ  сылгоймаг кæцæй зыдта æмæ фæстæмæ куы аздæха, уæд æй йæ хæдзары мидæг кæй амардзысты, уый. Цыдис ыл 50 азы бæрц.

Ноджыдæр цалдæр цауы: Дзеранты Владимиры æрцахстой æмæ йæ амынæты акодтой.  Бирæ хъизæмæртты фæстæ лæппу амард. Орчъосаны хъæуккаг Дриаты Олег ахуыр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты. 1992 азы цауты рæстæджы уый уыд Цхинвалы æмæ фæмард гуырдзиаг агрессорты къухæй Чъехы хъæумæ æввахс. Иу мæй дæр нæма рацыд, Цъинагыры хъæуы цæрæг Мæргъиты Алим, Цхинвалы фидауынгæнæг тыхтæм службæ кæнынмæ куы бацыд, уымæй, афтæ йæ горæты кæрон фехста гуырдзиаг снайпер. Алим ныгæд ис нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы кæрты.

Цасдæр рæстæгмæ хæстон архайдтытæ куы æрлæууыдысты, уæд, цыма, цард хуыздæр кæнын райдыдта, афтæ хъуыды кодтой цæрджытæ. Фæлæ уый раст нæ разынд. Гуырдзиаг фашисттæ дарддæр кодтой сæ æвирхъау фыдмитæ сабыр ирæтты ныхмæ.

Абреуы хъæуы дыууæ цæрæджы Елойты Давид æмæ Гуызыдтаты Виктор Тбилисы куыстой шофыртæй. Дыууæйыл дæр цыд 40 азы бæрц, уыд сын бинонтæ. Гуыр-дзыстоны территорийыл сæ æрцахстой æмæ сæ æбæрæг бынатмæ акодтой. Дыууæйы дæр фыднад кæй фæкодтой, стæй сæ удæгасæй кæй басыгътой, уымæн ис бæлвырдгæнæнтæ.

2004 азы, Цъинагары хъæумæ æввахс ирон фидауынгæнæг батальоны æфсæддон службæгæнджытæм æрбабырстой гуырдзиаг тыхæйисджытæ, кæцыйы фæстиуæгæн бынаты фæмард рæнхъон Мæргъиты Иван, рог цæфтæ фесты хистæр лейтенант Хацырты Илья æмæ рæнхъон Дзеранты Валери. Цæфты Цхинвалмæ акæныны фадат кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ сæ аластой Гуры рынчындонмæ, фæлæ сæ фæндагыл гуырдзиаг спецслужбæты кусджытæ æрцахстой, семæ ма цы ирон лæппутæ уыд, уыдонимæ. Хацырты Ильяйæн æрмæст йæ къах кæй фæцæф, уымæ гæсгæ йын мæлæтæй тас нæ уыд. Баххуыс кæныны бæсты йæ фыднадæй амардтой. Дзеранты Валери дæр йæ цæфты фæстиуæгæн фæмард.

2008 азы фондзбонон хæсты рæстæджы Зары фæндагыл фæмард Орчъосаны хъæуы цæрæг Дриаты Мурад. Уый йæ райгуы-рæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ цыд Дзæуджыхъæуæй Цхинвалмæ.

2008 азы августы хæстон агрессийы рæстæджы уæлдай уæззау уавæры бахаудтой горæт Цхинвал æмæ Цхинвалы районы къорд хъæутæ. Ленингоры район, æмткæй сисгæйæ, тугкалдæй хызт æрцыд, фæлæ ам дæр уавæр бынтон сабыр нæ уыд. 7-æм августы райсомы æхсæз сахатыл гуырдзиаг æфсæдтæ бабырстой Цъинагар, Орчъосан æмæ уыдонмæ хæстæг æндæр хъæутæм, фæлæ  сæ  амондæн,  сæ  цæрджытæ  развæлгъау базыдтой, знаджы æфсад кæй æрбахæццæ кæнынц æмæ хъæдмæ алыгъдысты. Гуырдзиæгтæ семæ æрбакодтой цалдæр афтид автобусы, æвæццæгæн, хъæуы цæрджыты амынæттæй акæнынмæ хъавыдысты. Цалынмæ знæгтæ хъæутæй ацыдысты, уæдмæ сылгоймæгтæ, сывæллæттæ æмæ зæрæдтæ хъæды æмбæхстысты цалдæр боны æмæ æхсæвы. Æвдисæнтæ куыд радзырдтой, афтæмæй хъæуы цы цалдæр нæлгоймаджы баззад, уыдоны фыднад фæкодтой. Дзырдтой, зæгъгæ, цæмæй цæрджытæ тасы бын уыдаиккой, уый тыххæй хъæутыл зилгæйæ æхстой куыд уæлдæфы, афтæ хæдзæрттæм дæр.

Æппæт уыцы азты дæргъы гуырдзиаг фашисттæ хъыгдардтой ирон хъæуты цæрджыты. Æппынæдзух давтой æмæ мардтой ирон адæмы. Сæдæгай адæймæгты хъысмæт ныггæлиртæ, бирæ сывæллæттæ баззадысты сидзæртæй. Бирæ æнæаххос цæрджытæ ныффæрæзтой знаджы цæфтæн æмæ фыдмитæн. Фæлæ, æппæт зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, ацы районы цæрджытæ хъæбатырæй фæлæууыдысты гуырдзиаг фашизмы ныхмæ. Бирæтæ радтой сæ цард сæрибардзинады сæраппонд. Рухсаг уæнт!

КОКАЙТЫ Заринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.