Нæ республикæмæ кусæгон балцы æрцыд Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министр Сергей Чеботарев. Уый йæхимæ райста РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

Паддзахады сæргълæууæг уазæгæн бузныг загъта йе ‘рцыды æмæ Хуссар Ирыстоны цы социалон-экономикон процесстæ цæуы, уыдонмæ йæ хъусдарды тыххæй. Банысан кодта, куыд Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр, афтæ Ирыстонмæ йæ балц кæй у фыццаг хатт. Фæлæ, зæгъгæ, йæ куыст нæ республикæимæ комкоммæ баст кæй уыд, уымæ гæсгæ-иу æрцыдис Хуссар Ирыстонмæ «Æз зонын, ды иттæг хорз зонгæ кæй дæ Хуссар Ирыстон æмæ йæ адæмимæ», – загъта Президент.

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ мах хъæуы стыр куыст бакæнын, цалдæр азмæ цы проекттæ нысан æрцыдысты, уыдон сæххæст кæныны фæдыл.

«Ныфс мæ ис, æввахс азтæн цы плæнттæ æмæ хæстæ банысан кодтам, уыдон иу-уылдæр æххæст кæй æрцæудзысты сфидаргонд æмгъуыдты æмæ гъæдджынæй», – банысан кодта Бибылты Анатоли. Уый бузныг загъта Уæрæсейы Федерацийы разамынадæн нæ республикæмæ сæ хъусдарды æмæ сæ æххуысы тыххæй.

Сергей Чеботарев дæр йæ рады бузныг загъта республикæйы Президентæн, хорз æй кæй райста, уый тыххæй æмæ банысан кодта, йæ царды къорд азты дæргъы кæй куыста Хуссар Ирыстоны фарстатыл.

«Ацы визит мын Республикæ Хуссар Ирыстонмæ у фыццаг, куыд Цæгат Кавказы хъуыд-дæгты фæдыл министр, афтæ. Æз ам нал уыдтæн цыппар азы дæргъы æмæ федтон, республикæ размæ куыд цæуы: арæзт цæуынц ног бæстыхæйттæ, реализаци цæуынц ног проекттæ, бындур æвæрд цæуы ногтæн. Уыдæт-тæ та сты Хуссар Ирыстоны разамынады, Хицауады руаджы, кæцы кусы дæ  разамынады бын», – загъта уый.

Сергей Чаботарев ма банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ нæ плæнтты ис 2018 азы фыццаг æмбисæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестпрограммæ реализаци кæныны фарстатæм æркæсын, афтæ ма дарддæры азтæн плæнттæ снысан кæнын. Республикæйы Президентæн ныфс бавæрдта, Уæрæсейы Федераци кæй сæххæст кæндзæн, йæхимæ цы хæстæ райста, уыдон. «Мах дарддæр дæр уы-дзыстæм кæрæдзийы фарсмæ æмæ уæхскиуæхск скъуыддзаг кæндзыстæм нæ разылæууæг хæстæ.

 

НЫХАС – ИНВЕСТПРОГРАММÆЙЫ ФÆЛГÆТТЫ КУЫСТЫТÆ СÆХХÆСТ КÆНЫНЫ ФÆДЫЛ

Президентимæ фембæлды фæстæ Уæрæ-сейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон фарстытæ куыд скъуыддзаг  цæудзысты,  уый  фæдыл æмбырды дзырдтой Президент Бибылты Анатоли æмæ Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Сергей Чеботарев.

Æмбырды ма хайад райстой Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, РХИ-йы Хицауады Аппараты къухдариуæггæнæг Гаглойты Олег,  Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, Финансты министр Хæбæлаты Азæ, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард. Уæрæсейы фарсæрдыгæй та дзы хайад райстой: Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министры хæдивæг Игорь Кошин, Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрады дунеон æмгуысткæнынады депортаменты хистæр Антон Мельник æмæ РХИ-йы  УФ-йы минæварады уынаффæгæнæг – æрвыст лæг Александр Журов.

Бибылты Анатоли раарфæ кодта уæрæсейаг коллегæтæн æмæ сын бузныг загъта, Хуссар Ирыстоны проблемæтæм сæ лæмбынæг хъусдарды тыххæй, афтæ ма æмгуыст кæй кæнынц 2018-2019 азтæм, Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ сæххæст кæнынæн.

«Абоны бонмæ Инвестицион программæ у республикæйы цардархайды иууыл ахсджиагдæр хай, кæцыимæ баст сты алыгъуызон социалон проблемæтæ скъуыддзаг кæнын. Фæнды мæ банысан кæнын ацы здæхты нæ иумиаг куысты реалон фæстиуæг. Мах ныфс ис 2018 азæн Инвестпрограммæйы мадзæлттæ æххæст кæй æрцæудзысты стыр гуырахстæй æмæ сфидаргонд æмгъуыдты. 2019 азы дæр мах нæ фæныллæгдæр кæндзыстæм нæ куысты темптæ æмæ фæстиуджытæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ 2018-2019 азтæн Инвестпрограммæ æввахс у æххæстæй йæ среализаци кæнынмæ», – загъта уый.

Президент ма банысан кодта, зæгъгæ,  хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг фæрстæ иугъуызон уынынц 2020-2021  азтæн  Инвестпрограммæйы фарстытæ, хъæуы ма сыл лæмбынæг бакусын æмæ конкретон архайдтытæ снысан кæнын.

«Мæнæн æхсызгон у нæ иумиаг архайды æнæмæнгхъæуæг чи сты, уыцы процессты дыууæфарсæрдыгæй дæр хорз кæй æмбарынц. Уый у фидар бындур æмæ мæ ныфс ис, мах кæй сæххæст кæндзыстæм, нæ разы кæй æрæ-вæрдтам, уыцы хæстæ æмæ нысæнттæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæ рады Сергей Чеботарев дæр банысан кодта, зæгъгæ, Инвестпрограммæ реализаци кæныны тыххæй цы хæстæ æрæвæрдтам нæ разы, уыдон скъуыддзаг цæудзысты дарддæр дæр эффективонæй. Инвестпрограммæ сæххæст кæнын у Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн æмгуыстады фæстиуæг. Уый ма ноджыдæр банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федераци дарддæр дæр æмбæлон æххуыс кæндзæн Хуссар Ирыстонæн планон режимы.

«Фæцис ацы азы фыццаг æмбис æмæ афон у иумæ фæстиуджытæ саразынæн: проектон-сметæйон документаци аразыны фæдыл æххæст æрцыдысты æппæт цæттæгæнæн куыстытæ, бацæттæчындæуыд хъæуæг фарс-татæ объектты паддзахадон экспертизæйы фæдыл, ацы азмæ плангонд æппæт объектты фæдыл дæр æххæст гуырахстæй лæвæрд æрцыдысты аванстæ.

Инвестпрограммæйы æппæт мадзæлттæ дæр хъуамæ фæуой сфидаргонд æмгъуыдты. Фæндон хæссын, цæмæй активондæрæй æмархайд кæнæм ацы здæхты, куыд æндæр къабæзты, афтæ», – загъта Сергей Чеботарев.

Министр ма æрдзырдта Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды фæлгæтты сразыдзинæдтæ æххæст кæныны фæдыл иу-мæйаг куыст куыд цæуы, уый тыххæй.

«Ацы сразыдзинæдтæн сæ фылдæрæн ис социалон нысаниуæг æмæ здæхт сты республикæйы цæрджыты царды æмвæзад бæрзонд-дæр кæнынмæ. Сразыдзинæдты фæдыл финансон хæслæвæрдтæ æххæст кæнынæн Уæрæсейы Федерацийæ рæстæгыл хицæн цæуынц фæрæзтæ», – загъта уый.

Дарддæр рабадты хайадисджытæ æруы-наффæ кодтой Республикæ Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы Федераци финансон æххуыс бакæныны тыххæй фарстытыл, кæцытæ ахъаз кæнынц республикæйы социалон-экономикон рæзтæн, уыцы нымæцы Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырд æххæст кæныны фæлгæтты къухтæ кæуыл æрфыстæуыд, уыцы хицæн сразыдзинæдтæ реализаци кæнынæн.

Афтæ ма æркастæуыд, 2018-2019 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-эко-номикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæнынмæ æмæ 2015-2017 азтæн Инвестпрограммæйы объектты арæзтад 2018 азы фæуыны фарстатæм. Уыдоны фæ-дыл докладтæ сарæзтой РХИ-йы Финансты министр Хæбæлаты Азæ æмæ Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæ-дзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард.

Æмбырды фæстæ йæ хайадисджытæ бацыдысты æмæ дидинджытæ сæвæрдтой, сæ цард нæ республикæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл чи радтой, уыцы фидауынгæнæг тыхты салдаттæ æмæ афицерты мысæн стеллæйы раз.

Уæрæсейаг уазджытæ уый фæстæ азылдысты æмæ федтой нæ горæты арæзтцæуæг уазæгдоны арæзтад æмæ паддзахадон драмон театры бæстыхай.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.