ХЪÆУ ИВЫ ЙÆ ХУЫЗ

Фæстаг азты нæ республикæйы разамынад уæлдай хъусдард здахы хъæууон фæллойгæнджыты цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ. Цалцæг цæуынц хъæууон фæндæгтæ, уагъд сæм цæуы нуазыны дон. Рæзынц æндæр æмæ æндæр нысаниуæджы объекттæ. Культурон уагдон клубы бæстыхай арæзт цæуы Цъорбисы хъæуы дæр. Ныртæккæ ам куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Ацы культурон уагдоны ма уыдзысты библиотекæ æмæ медпункт.

Арæзтадон куыстытæ æххæст цæуынц Знауыры районы администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады руаджы. Объекты арæзтадæн бындур æвæрд æрцыд фарон фæззæджы æмæ йын йæ арæзтадмæ та æрывнæлдтой ацы аз уалдзæджы. Ам зымæджы бонты кусдзæн хъæрмадон системæ, уыдзæнис дзы зымæгон дарæс ауындзæн бынат. Иудзырдæй, ам æппæт дæр арæзт цæуы гъæдджынæй ифтонг æрцæудзæн æмбæлон инвентарæй æмæ рæхджы йæ дуæрттæ æрбакæндзæн цъорбисаг цæрджытæн.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ раздæр дæр ацы хъæуы кæй уыд ахæм культурон артдзæст,  фæлæ базæронд, йæ домæнтæн дзуапп нал лæвæрдта, кæд æй иурæстæджы ацы хъæуæй рацæугæ поэтессæ Чехойты Оля йæхи фæрæзтæй сцалцæг кодта, уæддæр. Уый фæстæ ма цалдæр азы акуыста, фæлæ тæссаг кæй уыд ныккæлынæй, уымæ гæсгæ районы разамынад сфæнд кодта йæ бынаты йын ног саразын.

Цъорбисы хъæуы культурæйы хæдзары сæргълæууæг Джиоты Сæлимæт арæзтадон куыстытæм дардта йæ хъус æмæ разы уыд кусджыты архайдæй.

«Æхсызгон хъуыддаг у ацы культурон уагдоны сырæзт. Фæсивæд культурон æгъдауæй сæ рæстæг кæм æрвитой, ахæм уагдон æнæмæнг хъуыд. Мах курдиатджын фæсивæдæй цух никуы уыдыстæм, æрхуыдтой-иу нæм хæдархайгæ аивадон къордтæ æмæ-иу сæ арæхстдзинад изæрæй, фæскуыст æвдыстой хъæубæсты цæрджытæн. Сæрдыгон улæфтыты рæстæджы та-иу хъæумæ горæтæй сæ хæстæджытæм æрбацыдысты бирæ сывæллæттæ æмæ-иу уæд уæлдай хъæлдзæгдæрæй æрвыстой сæ рæстæг. Арæх-иу нæм æрцыдысты горæтæй дæр спектаклтимæ. Иу-дзырдæй, æнкъард нæ кодтой хъæубæстæ, уыдис сын, сæ сæрибар рæстæг хъæлдзæгæй кæм æрвыстаиккой, ахæм бынат. Ног культурæйы хæдзары сырæзт та нын у стыр лæвар», – банысан кодта Сæлимæт райгондæй.

Зæгъæн ис æмæ ацы культурон артдзæст эксплуатацимæ лæвæрд куы æрцæуа, уæд та дзы кæй æрбакæндзысты ног аивадон кружоктæ. Ныр та уал цъорбисаг сывæллæттæ цæуынц сыхаг хъæу Бехъмармæ кафты кружокмæ.

Стыр нысаниуæг ис ацы хъæуы медпункт æмæ библиотекæйы æрбакондæн дæр. Ацы хъæуæн сæхи медпункт никуы уыд, афтæмæй та дзы фылдæр ацæргæ адæм цæры. Уыдоны та арæх фæхъæуы медицинон æххуыс.

ЦЪОРБИСАГ САБИТÆН – РÆВДАУÆНДОН

2016 азы цъорбисаг сывæллæттæ бакъахдзæф кодтой, хъæуы баконд чи æрцыд, уыцы рæвдауæндоны къæсæрæй. Раздæр ацы уагдоны бынаты уыдис скъола. Фæлæ хъæу йæ цæрджытæй куыд цух кодта, афтæ сæ нымæц къаддæрæй къаддæр кодта ахуыргæнинæгтæн дæр. Фæстаг хатт ма уым уыдис 4 ахуыргæнинаджы æмæ уыдон дæр ацыдысты Бехъмары астæуккаг скъоламæ. Цæмæй хъæу ма федзæрæгхуыз уыдаид, уый тыххæй йæ цæрджытæ бахатыдысты æмбæлон инстанцитæм, цæмæй сын скъолайы бынаты бакæной сæ сывæллæттæн рæвдауæндон. Сæ хъуыды сын бахынцыдта районы администрацийы къухдариуæгад æмæ нæ республикæйы уæды разамынад. Агъуыст цалцæг æрцыд. Йæ кæрты та сабитæн æвæрд æрцыдысты хиирхæфсæн хъа-зæнтæ. Ныртæккæ ардæм æрвылрайсом дæр æрбацæ-уынц 24 сывæллоны. Уыдон æхсæн сты æввахс хъæуты цæрджыты сывæллæттæ дæр. Рæвдауæндоны хатæнтæ сты аив фæлыст, зæрдæ рухс кæны хатæнты сыгъдæгдзинадæй, æххæст сты хъазæнтæ æмæ æндæр æрмæджытæй дæр.

Рæвдауæндоны сывæллæт-тимæ кусынц, скъолайы чи куыстой, уыцы ахуыргæнджытæ, кæцытæн куыст нал уыдис, скъола æхгæд куы æрцыд, уæд.

Рæвдауæндоны сæргълæууæг Цхуырбаты Зæлинæ куыд зæгъы, афтæмæй сын арæзт цæуы хорз уавæртæ. Уыдон бон æртæ хатты ифтонг цæуынц хæрдæй. Зымæг дзы кусы хъармгæнæн системæ, ифтонг у хъарм æмæ уазал донæй.

«Хъæууон цæрджытæн ахæм уавæртæ аразын ны-сан кæны хъæуы цард æндидзын кæнын æмæ йæ ахуыссын ма бауадзын. Цард цы хъæуы нымæг кæна, уымæн йæ сæндидзын кæнын фæ-зын вæййы. Раздæр Цъорбисы хъæуы 80 цæрæг хæдзары уыд, фæлæ ма дзы ныр нымадæуы 35. Клуб, библиотекæ, медпункт, сывæллæтты цæхæрадон – уыдон сты, фæстаг азты ацы хъæуы цæрджытæ кæмæй пайда кæнынц æмæ кæндзысты, ахæм уагдæттæ. Уый тых-хæй стыр бузныг зæгъын æмбæлы Знауыры районы администраци æмæ Президент Бибылты Анатолийæн. Ныфсбавæрæн ис, ахæм æркаст куы уа иннæ хъæуты цæрджытæм дæр, уæд дзы цард мынæг нæ, фæлæ кæндзæн рæсугъдæй рæсугъд-дæр», – загъта йæ раныхасы Хъорнисы хъæууон администрацийы сæргълæууæг Дзæгъиаты Еленæ.

ЗÆХХÆН ЛÆГГАДГÆНÆГ

«Адæмæн зæхх у сæ дарæг. Æнæ кæрæдзи сын уæвæн нæй. Æвæццæгæн сæ дунескæнæг кæрæдзийæн рафæлдыста. Адæймаджы куыстуарзаг къухты руаджы фылдæр кæнынц йæ бæркæдтæ дæр. Æрмæст кæрæдзийы ма хъуамæ сайой», – зæгъы Цъорбисы хъæуы цæрæг, амалиуæггæнæг Цхуырбаты Петр.

Зæххæй йæхицæн æмцæдисон чи скодта æмæ дзы фылдæр бæркад райсыныл чи архайы, уыдонæй у Цхуырбайы фырт дæр.

«Цæмæн хъуамæ æлхæнæм, æддейæ кæй ласæм, ахæм хъæууонхæдзарадон продукттæ, кæд æмæ нæхимæ алцы дæр зайы, стæй дæр экологион æгъдауæй сты сыгъдæг. Хъæуы æрмæстдæр кусын æмæ зæххимæ иумиаг æвзаг арын», – банысан кодта, уый.

72 азы сæххæст Петрыл, фæлæ у уæнгрог, æнæзивæг. Ныр 15 азы бæрц кæны халсаргуыст. Паддзахадæй арен-дæйы цы æртæ гектары зæххы фæзуат райста, уым ныссадзы къабускæ, памидор, хъæдындз, нуры, цæхæра æмæ æндæр халсæрттæ дæр. Раздæр-иу уыцы халсæртты йæхи «уазик» машинæйыл æрласта Цæгат Ирыстонæй æмæ йын сæ зæрдейæ æлхæдтой сæхи хъæуы цæрджытæ, стæй фæрсаг хъæуты цæрджытæ дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй сæ цæрджытæн уæй кодта базары аргъæй асламдæрмæ. Ныр та сфæнд кодта, цæмæй ацы халсæрттæ æркæна йæхæдæг æмæ сæ дардæй мауал ласа. Уый хуымкæнын æмæ халсæрттæ садзыны куыстытæ бакæныны тыххæй баххуырсы 4-5 кусæджы бæрц. Ацы аз дæр та къабускæ, памидор, цывзы æмæ æндæр халсæрттæ байтаудзæн 1 гектары фæзуатыл, уыцы 2 гектары кæрдæг та æркæрддзæн холлагæн. Петр куыд зæгъы, афтæмæй йын иннæ 2 гектарыл æмбонд скæнын рæстæгыл нæ бантыст, йæ фадæттæ йæ кæй нæ амыдтой уый тыххæй æмæ дзы уымæ гæсгæ йæ бон нæ бацис халсæрттæ байтауын. Бæргæ йæ фæндыд бангæй кредит райсын æмæ йæ рæстæгыл сæмбонд кæнын, фæлæ йын не сразы сты.

«Ныфс мæ уыдис, хатырон кредит мын кæй ратдзысты, уымæй. Фæлæ не сразы сты мæ фæндоныл æмæ хæс райстон мæ зонгæйæ, фæлæ, уæдмæ рæстæг ацыдис æмæ ныр йæ кæрдæгæй уæддæр спайда кæндзынæн», – зæгъы Петр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ йæм арендæйы уыд 18 гектары зæхх. Ныфс æй уыдис мæнæу дзы байтауынæй, фæлæ финансон æххуыс æмæ техникæйы хъуагдзинад кæй æййæфта, уымæ гæсгæ зæхх фæстæмæ аздæхта паддзахадмæ. Уымæн æмæ йæ ныфс нæ бахаста, ахæм стыр фæзуат æрæмбонд кæнын æмæ йæ хъæубæсты фосæй бахъахъхъæнынмæ.

Ацы хъæуы схъомыл Петр æмæ скъолайæ сæрибар рæстæг æдзух йæ ныййарджытæн æххуыс кодта сæ хæдзаргæрон зæххы фадыг, стæй колхозон куыстыты дæр. Раст уæдæй фæстæмæ у æнувыд зæххыл Петр. Цыма сæ хуыцау кæрæдзийы хæрзæбонæн сфæлдыста. 1990 азты Петр куыста сæ хъæуы колхозы сæрдарæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уæд æгуыст нæ уыдис иу адæймаг дæр. «Уыцы рæстæджы æнæ хуымæй нæ баззадаид иу хуымы гæппæл дæр. Уыдис дзы цалдæр фермæйы, дардтой ставдкъах фос. Уый фæстæ колхозæй сарæзтой совхоз. Фæлæ райдыдта хæст æмæ адæм уагътой сæ уæзгуытæ, сæ фæллæйттæ æмæ лыгъдысты сæ хъæуæй. Ныххæлæттаг сты колхозы иумиаг фос дæр. Иудзырдæй, цард фæстæмæ алæууыд æмæ ма ныр хъæуы баззад бæрцыл цæрджытæ æмæ зæххытæ дæр куыст нал цæуынц», – зæгъы сагъæсгæнгæ Петр.

Иурæстæджы Цхуырбаты Петр сфæнд кодта хуыдард райтынг кæнын. Сарæзта чысыл фермæ. Хуытæ баисты 40 сæры бæрц, фæлæ 2010 азы африкæйаг емынæ куы фæзынд, уæд ын амардысты. Йæ ныхмæ сын лæвæрд æрцыд фыстæ, фæлæ уыдон дæр разындысты рынчын. «Компенсацийы хуызы мын сæ ныхмæ радтой 30 фысы. Фæлæ бруцеллезæй рынчын кæй уыдысты, уымæ гæсгæ амардысты, чи ма дзы баззад, уыдон дæр цæуæт нæ лæвæрдтой», – зæгъы æнкъардæй фæллойуарзаг лæг.

Цы æртæ гектары зæхх райста арендæйы Петр, уыдон ын лæвæрд æрцыдысты 20 азмæ. Йæ фиддонтæ сты чысыл æмæ уый йæ къух аразы Петрæн.

Петрæн ис йæхи сæрмагонд хæдзарад дæр. Дары 8 хъуджы, кæрчытæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæххы куыст, иумиагæй хъæууон цард æнцон нæу. Домы бирæ змæлд, архайд. Фæлæ куыстуарзаг лæг зындзинæдтæй нæ тæрсы. Хорз æмбары, адæймаг кусын куы уарза, уæд æм цард йæ мидбылты худдзæн, уыимæ ма дæ кæстæртæй дæ зæрдæ куы рухс кæна, уæд лæг йæ фæллад дæр ницæмæ дары, фæлæ цыма йæ  тыхтыл тых æфты, афтæ йæм фæкæсы.  Цхуырбаты Петрæн та йæ кæстæртæ, уыдоны кæстæртæ бирæ сты æмæ сæ зæрдæрухс у.

«Æрмæст дæ пенсийы къапеччытæй нæ фæцæрдзынæ. Кусын, змæлын хъæуы, куыд фæзæгъынц, зæхх адæймаджы дарæг у, фæлæ домы зæхкусæджы хъарм къухты узæлд æмæ йын уый дæр йæ узæлдæн дзуапп радты…», – банысан кодта Цхуырбаты Петр.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.