Ацы аз 10 ноябры, Цхинвалы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Приднестроваг Молдоваг республикæты Адæймаджы барты фæдыл æххæстбарджынтæ Тасойты Инал æмæ Вячеслав Косинский сæ къухтæ æрфыстой дыууæ паддзахады ‘хсæн æмгуыстады фæдыл меморандумыл.

Мадзалы райдианы Тасойты Инал куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстон æмæ Приднестроваг Молдоваг республикæты кæрæдзийыл бæттынц бирæазон хæларадон ахастытæ.

«Нæ адæмтæ уæззау æвзарæнты бахаудтой, æмæ сын бафæрæзтой. Нæ паддзахадтæ бирæ азты дæргъы  æмгуыст кæнынц. Уыцы æмгуыстадæн ис фидар бындур», – банысан кодта Тасойты Инал.

Йæ рады Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Адæймаджы барты фæдыл æххæстбарджын Вячеслав Косинский дæр банысан кодта дыууæ паддзахады ‘хсæн æмгуыстады бирæфарсон миниуджытæ, уыимæ ма банысан кодта, бирæ азты дæргъы Хуссар Ирыстон æмæ Приднестроваг Молдоваг республикæты омбудс-менты Хицауады органты куысты рæстдзинадмæ хъусдарджытæ активон куыст.

Косинскийы хъуыдымæ гæсгæ, ног сразыдзинад фæахъаз уыдзæн дыууæ паддзахады æмгуысткæнынад ног æмвæзадмæ ракæнынæн.

«Сразыдзинадыл къухтæ кæй æрфыстæуыд, уый нæ институтты ‘хсæн æмахастæн ратдзæн ног удызмæлд. Ацы документы нысан у ног барадон инструментарий саразын, кæцыйæ пайда кæндзысты дыууæ паддзахад дæр», – банысан кодта Вячеслав Косинский.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.