Ирыстоны спортуарзджытæ арæх фæрсынц, сæ уарзон боксер Гасситы Мурат ногæй рингы кæд фендзысты, уымæй.

Муратæй нæ сæр бæрзæндты хæссæм, уымæн æмæ у не ‘мбæстаг. Сæйрагдæр та, Мурат у, бафæзминаг миниуджытæй хъæздыг чи у, ахæм æцæг ирон лæг – уæздан, хиуылхæцгæ, лæгдзинад æмæ хъабатырдзинад йæ алы уæнджы дæр кæмæн ис, ахæм кæстæр. Уæлдай нæу, рамбылдта æви фембылд, махæн уæддæр у чемпион. Уымæн æмæ у ныфсхаст, йæ хъаруйыл æууæнды, æмæ йын уый тыххæй кæнæм аргъ. Йе стырдæр уæлахизтæ та нырма разæй кæй сты, ууыл гуырысхо ничи кæны.

Ахæм спортсментæн сæ алы рахызтмæ дæр спортуарзджытæ тынг цыбæлæй фенхъæлмæ кæсынц. Мурат дыууæ азы дæргъы ерысты нæ архайдта,   йæ уæхск операцигонд кæй ‘рцыд, уый фæстиуæгæн. Уыцы операцийы фæстæ ма ноджыдæр  йæ иннæ цæфы фæстæ, ивд æрцыд, фарон ын Джо Дайвекоимæ  цы фембæлд хъуамæ уыдаид, уый дæр.

Мурат уый фæстæ бирæ рæстæг йæхи цæттæ кодта, ацы аз ын Джерри Форрестимæ цы тох нысангонд уыд, уымæ. Хъыгагæн, уый дæр ивд æрцыди, ерысаразджытæ иу зондмæ кæй не ‘рцыдысты, уый аххосæй.

Мурат йæхæдæг йæ абоны уавæры тыххæй зæгъы: «Царды, æвæццæгæн, иудадзыг лæгъз фæндæгтыл цæуынæн фадат нæ вæййы. Спорт куы райсæм, уæд уым дæр райдайæнæй кæронмæ æрмæстдæр уæлахизтæй никæй цардвæндаг ацыди. Алцæмæ дæр цæттæ уæвын хъæуы. Мæн фæстаг дыууæ азы бафæразын бахъуыд фæд-фæдыл цалдæр операци æмæ æндæр аххосæгты тыххæй цы къуылымпыдзинæдтæ рауад, уыдонæн, фæлæ мæм спорт ныууадзыны хъуыды  не ‘рцыд. Зонын æй, мæ иузæрдион фарсхæцджытæ мæ ногæй ринджы фенынмæ кæй бæллынц, уый æмæ зæрдиагæй архайын мæхи ног тохтæм бацæттæ кæныныл. Мæ иннæ тох кæд æмæ кæимæ уыдзæн, уый бæрæг нæма у. Нæ фæндтæ нын фæкъуылымпы кодта, ног хæцгæ низ æгас дунейыл кæй ахæлиу, уый. Ныртæккæ, иуæй бабыхсын хъæуы, иннæмæй та цæттæ уæвын хъæуы фидæны ерыстæм. Уыдон, æнæмæнг, кæй уыдзысты, уый мæ уырны. Мæхи цæттæ кæнын æппæты уæззаудæр уæзы тохтæм. Уыцы уæзы мын уыд цалдæр фæлварæн тохы, фæлæ ныр нæ нысан у рейтингон тохтæм рахизын. Уый тыххæй кусын хъæуы æвæллайгæйæ æмæ æз, мæ тренертæ Сланты Витали æмæ Абель Санчесимæ мæ тых,   мæ бонæй архайдзынæн мæхи хорз бацæттæ кæныныл. Тынг мæ фæнды нæ Ирыстоны спортуарзаг адæмы зæрдæтæ барухс кæнын».

Мах дæр уырны, нæ курдиатджын боксеры ногæй уæлахиздзауæй кæй фендзыстæм, ног стыр спортивон бæрзæндтæм схизын ын кæй бантысдзæн, уый.

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.