Нæ горæты  цæрæг Хуыбылты Нателæ газетмæ ахæм фыстæг æрбарвыста:

«Ивгъуыд аз растдæр ацафон уæ газеты фæрстыл бакастæн Арæзтад æмæ архитектурæйы министры интервью, зæгъгæ, Хуыбылты Валерийы номыл Стыр паркы арæзтадмæ æмæ згъуыдтытæ аиуварс кæнынмæ бавналдзыстæм æввахсдæр рæстæджы. Уæдæй нырмæ афæдз рацыд, фæлæ паркы уавæр нæ фæивта», – фыссы уый.

Ацы фарст мах дæр цымыдис кæны æмæ бацыдыстæм Арæзтад æмæ архитектурæйы министрадмæ. Уым нын куыд загътой, афтæмæй Стыр паркы арæзтады цы рæдыдтытæ æруагъдæуыд, уыдоны хъуамæ аиуварс кæна, цы арæзтадон фирмæ йæ сарæзта, уый. Уымæн ныртæккæ йæ хъуыддаг лæвæрд у прокуратурæмæ æмæ тагъд æрвыст æрцæудзæн тæрхондонмæ. Кæд тæрхон  рахæсса, уæд арæзтадон фирмæ ногæй бавналдзæн, цы рæдыдтытæ æруагъта,  уыдон аиуварс кæнынмæ. Ацы дзуапп нæ зæрдæмæ нæ фæцыд, у бæрндзинадæй хи аиуварс кæныны дзуапп… Стæй ма… цымæ афон нæма у хъуыддаг тæрхондонмæ арвитынæн?

P.S. Нæ вæййы афтæ, цыдæр аразай æмæ дзы цыдæр хъæндзинæдтæ ма разына. Фæлæ куыд уыд афтæ гæнæн æмæ дзы цы уыд, уый ныппырх кæнай, хуыздæр саразыны ныфсытæ æвæргæйæ æмæ, хъыгагæн, сæ сæндидзын кæнын дæр дæ бон ма суа?

Ныртæккæ Стыр парк цы уавæры ис, уый схонæн ис тезгъогæнæн бынат. Раздæр ам цы парк уыд, уым уыд концертон зал, аив фæлладуадзæн бынæттæ, алыгъуызон хиирхæфсæн аттракционтæ. Сæ сæрибар рæстæг æмæ бæрæгбонтæ хъæлдзæгæй ам æрвыстой куыд сабитæ, афтæ кардзыд адæм дæр. Уыд дзы чысыл цад. Арæх-иу дзы ленчытæ кодтой хъазтæ дæр. Фадат дзы уыд донбæлæгъты ленк кæнынæн. Ам ноджыдæр уыд,  «Чертово колесо» кæй хонынц, ахæм фæлгæсæн цалх. Уыдис ма дзы фæсивæды хиирхæфсæн кафе-ресторан. Бæрзонд бæлæстæ сæрбæрзондæй фæлгæсыдысты æмæ сæ быны улæфæг адæмы хъахъхъæдтой сæрды тæвдæй. Нæ республикæйы цæрæг хистæр кары адæмæй иу дæр ахæм нæ разындзæн, йæ сабибонтæ, науæд йе ‘взонджы бонты мысинæгты ацы парк кæмæн нæй. Абон уыцы хæрзиуджытæй парчы ницыуал ис. Раздæрæй ма дзы цы æнусон тулдз  бæлæстæ аззадысты, уыдон дæр, мысынц сæ ивгъуыд…

Чизоны чидæртæ зæгъынц, ома,  куыд рауад, афтæ рауад, ног парк ничиуал сараздзæнис. Стæй паркæй раздæр нырма æндæр цыдæртæ хъæуы саразын. Фæлæ уый раст нæу. Адæймаджы кусын куыд хъæуы, улæфын дæр – афтæ. Махæй алкæмæн нæй фадат, цæмæй ацæуæм горæтæн æдде æрдзы хъæбысмæ, сыгъдæг уæлдæфæй аулæфынмæ. Ацы парчы та фадат уыдаид, рæстæг арвитынæн.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.