23 ноябрь Хуссар Ирыстоны адæмæн у Æхсардзинад æмæ адæмон иудзинады бон æмæ йæ нысан кæнынц æрвылаз дæр. Уый у  гуырдзиаг национализмы ныхмæ, сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл Хуссар Ирыстоны адæмы тохы райдиан. Уыцы бон нысаниуæгджын у. Иуæй ацы бон у ивгъуыд æнусы 90-æм азты ирон адæмы геноциды райдиан, гуырдзиаг национал-шовинистон Гуырдзыстоны ныхмæ тохы райдианы бон, иннæмæй та хуссайраг ирæтты иудзинады бон, ирон национ идеяйы райгуырæн бон. Уыцы бон Хуссар Ирыстоны фæсивæд æрлæууыдысты фыдызнаджы ныхмæ сæ Райгуырæн Ирыстоны бахъахъхъæныны охыл æмæ уæдæй райдыдта гуырдзиаг-хуссарирыстойнаг ныхмæлæууынад.

Кæд XX æнусы 20-æм азты Гуырдзыстоны æрдыгæй хуссайраг ирæттæн геноциды фæстæ гуырдзиаг адæм сæ марг сæ хуылфы æрнымæг кодтой, уæд 90-æм азты сæ хъæстæ ракалдтой. 1988 азæй гуырдзиаг ахуыргæндтæ æмæ фысджытæ дзыллон информацион фæрæзты мыхуыр кодтой алыгъуызон маргæйдзаг æрмæджытæ, радиойы, телеуынынады руаджы сидтысты сæ адæммæ æмæ сæ ардыдтой Гуырдзыстоны цæрæг æндæр нацийы минæвæртты ныхмæ. Алы раныхасы, мыхуырон уацы дæр сæ сæйраг лозунг уыд «Гуырдзыстон – æрмæстдæр гуырдзиæгтæн». Ирæтты та хуыдтой «æрцæуæггæгтæ», «уазджытæ».

Куыд Гуырдзыстоны алы къуымты, афтæ Хуссар Ирыстоны автономон областы гуырдзиаг-ирон хæццæ хъæуты дæр уагътой митингтæ æмæ сæ ардыдтой, цæмæй ирæтты Гуырдзыстонæй фæсурой. Бынтон арт æмæ фæнык нал уыд гуырдзиаг-ирон хæццæ хъæуты цæрæг гуырдзиæгтæн, уыцы нымæцы, Тамарашенæй Чъехмæ цы гуырдзиæгтæ цард, уыдонæн. Алы къуыри дæр уыдон уагътой митингтæ Тамарашены хъæуы, Мачабелты хæдзар кæй хуыдтой, уый кæрты. Ацы митингты-иу ныхасы чи рацыд, уыдон иннæтæн уырнын кодтой, гуырдзиæгтæ уæлбикъонтæ кæй сты, фæлæ сæ ирæттæ, уазджытæ уæвгæйæ, кæй дæлдзиныг кæнынц, кæй сын бацахстой сæ зæххыты æмæ сæ фæсурын кæй хъæуы.

Уый фаг нæ каст гуырдзиаг национал-шовинистты лидер Звиад Гамсахурдиамæ. Йæ фæсдзæуинтæ зылдысты Гуырдзыстоны алы районтыл, горæттыл, хъæутыл æмæ сидтысты, цæмæй иу-уылдæр рацæуой æмæ Цхинвалы Театралон фæзуаты ауадзой «сабырадон митинг». Сæ сидтмæ æрæмбырд сты адæм Гуырдзыстоны алы къуымтæй æмæ 1989 азы 23 ноябры рараст сты Хуссар Ирыстоны столицæ Цхинвалмæ 400-йæ фылдæр автобустыл æмæ 3000 рог автомашинæтыл.

Горæтгæронмæ куы æрбацæйхæццæ кодтой, уæд сын Згъудеры бын сæ фæндаг æрæхгæдтой цалдæр ирон æвзонг лæппуйы. Уыдон æрлæууыдысты сæ разы дыууæ рæнхъæй, сæ кæрæдзийы къухтыл фидар ныххæцгæйæ. Ацы цау арвынæрдау айхъуыст Цхинвалы цæрджытыл, иууылдæр атындзыдтой лæппутæн æххуысмæ æмæ цалдæр ми-нутмæ æрлæууыдысты лæппуты фæстæ.

Ацы ныхмæлæуды рæстæджы ирæттæй гуырдзиагау хорз чи зыдта, уыдонæй цалдæр куыддæрты аивæй ахызтысты гуырдзиæгты ‘хсæнмæ æмæ ацыдысты колоннæйыл кæрæй-кæронмæ. Уыдон куыд федтой, афтæмæй «сабырадон ми-тингуадзджытæн» сæ фылдæрмæ уыд алыгъуызон хæцæнгæрзтæ.

Ирæттæ афтæ ныфсджынæй лæууыдысты, цыма уыдон дæр гуырдзиæгтау гæрзифтонг уыдысты. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, дæ адæмы фарсхæцынад куы æнкъарай, уæд дын, æвæццæгæн, тыхгæнæг тых нæ ракæндзæн.  Æмæ афтæ дæр уыд, адæм уыцы рæстæджы хуызæн иумæ никуы уыдысты, тыхджын æмæ ныфсхаст дæр уымæн уыдысты. Уыимæ иумæ ма сын æххуыс кодта, ацы лæппутæй сæ иу – Цхуырбаты Тимур куыд загъта, афтæмæй Сыгъдæг Джиуæргуыба дæр.

Æртæ боны ныхæй-ныхмæ лæуды фæстæ гуырдзиаг националисттæ бамбæрстой, ирæттæ сæ горæтмæ кæй нæ бауадздзысты, уый æмæ горæтыл æрхъула кодтой, æрæхгæдтой горæтмæ бахизæнты, фæндæгтыл ахстой ирон нацийы минæвæртты æмæ сын алы фыдмитæ кодтой – надтой сæ, ихджын доны-иу сæ батардтой, бæгънæгæй сæ митыл бырын кодтой, сæ рихитæ сын лыг кодтой æмæ сын сæ хæрын кодтой.

Фæстæдæр гуырдзиаг националистты лидертæй иу – Гия Чъантурия афтæ фыста: «Уыцы дыууæсæдæ адæймагæй мах сарæзтам хъайтартæ, уымæн æмæ уыдон фæстæмæ раздæхтой 28 мин гуырдзиаджы. Стыр рæдыд уыд Цхинвалмæ цæуын, æмæ дыууæ хатты стырдæр рæдыд та – фæстæмæ раздæхын».

Ацы блокадæйы рæстæджы, кæцы ахаста æртæ мæйæ фылдæр рæстæг, ирæттæй фæмард 6 адæймаджы, 400 адæймаджы фæцæфтæ сты, уыдонæй 170 – уæззау цæфтæ. Гуырдзиаг фашисттæ сæ райгуырæн хъæутæй фæсырдтой 2000 адæймаджы æмæ сын басыгътой сæ хæдзæртты. Хуссар Ирыстоны экономикæйæн, 1989 азы æргътæм гæсгæ, разиан чындæуыд 15 милуан сомы аргъ.

Уыцы рæстæджы Гуырдзыстоны дзыллон информацион фæрæзтæ дæр æнцад нæ лæууыдысты, уыдон дæр ирон адæмы æмæ автономон областы ныхмæ арæзтой информацион агресси. Гуырдзиæгтæ цы фыдмитæ кодтой ирæттæн, уыцы фактты, сзыгъуыммæ сæ кæнгæйæ, æвдыстой сæ теле- æмæ радиоалæвæрдтыты, мыхуыр сæ кодтой газетты. Дезинформаци парахат кæныны активондæртæ уыдысты газеттæ «Къомунисти», «Заря Востока», «Ахалгазрда Къомунисти», «Литературули Сакартвело» æмæ æндæртæ. Æппæт уыдæттæ арæзт цыдысты дунеон æхсæнады раз ирæтты дискредитацийы нысанæн.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ развæлгъау, Гуырдзыстоны ССР уынаффæмæ гæсгæ, Хуссар Ирыстоны цæрджытæй конфискацигонд æрцыдысты регистрацигонд цуангæнæн æхсæнгæрзтæ, кæцытæ ласт æрцыдысты Тбилисмæ. Уыимæ иумæ ма 1989 азы майы Хуссар Ирыстоны автономон областы Мидхъуыддæгты управленийы хæцæнгæрзты æфтауцдонæй байстæуыд æмæ Гуырдзыстоны ССР мидхъуыддæгты министрады æфтауцдонмæ аластæуыд службæйон хæцæнгæрзтæ. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты управленийы хæцæнгæрзтæ байсгæйæ æмæ «сабырадон митингуадзджыты» æмæ бынæттон гуырдзиæгты сгæрзифтонг кæнгæйæ, гуырдзиаг националисттæн «сабырадон митинг ауадзын» уыд Хуссар Ирыстоны бацахсынмæ фыццаг бахъавд.

Æппæт ацы фыдæвзарæнтæн Хуссар Ирыстоны адæм уымæн бафæрæзтой, æмæ уыцы рæстæджы уыдысты иумæ, æнгом, æмхъуыды, æмзонд. Хъыгагæн, алы хатт афтæ нæ вæййынц.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.