Нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли фембæлд нæ горæты Аивæдты лицейы ахуыргæнинаг Джыгкайты Георги æмæ хæрзаудæн фонд «Подари крылья»-йы къухдариуæггæнæг Цхуырбаты Татьянæимæ. Ацы аз апрелы мæйы Джыгкайты Георгийæн рабæрæг ис уæззау низ – лимфома Ходжкина, кæцыйы тыххæй йæ бахъуыд хос кæнын  Израилы. Уый тыххæй йæм  се ‘ххуысы къух фæдаргъ кодта фонд «Подари крылья» æмæ нæ республикæйы сæдæгай æмбæстæгтæ.

Георги куыд зæгъы, афтæмæй йын Израилы ауагътой æхсæзмæйон хосгæнæн курс, кæцыйы фæстæ йæ анализтæ равдыстой хорз бæрæггæнæн. Георги бузныг зæгъы, чидæриддæр ын баххуыс кодта, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр æмæ ныр йæхæдæг сфæнд кодта волонтер суæвын æмæ уæззау уавæры бахауæг сабитæн æххуыс кæнын.

Джыгкайты Георги бузныджы нысанæн Президентæн Иерусалимы Хуыцауы ингæны аргъуанæй лæварæн æрласта дзуарæвæрд æмæ цырæгътæ. «Уавæрæй пайда кæнгæйæ, мæн фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын дæуæн, Анатоли Ильяйы фырт, æмæ не ‘мбæстæгтæн се ‘ппæтæн дæр, мæн æмæ мæ бинонтæм зын рæстæджы уе ‘ххуысы къух кæй фæдаргъ кодтат, уый тыххæй, куыд финансон, афтæ моралон æгъдауæй дæр»,- загъта Георги.

Республикæйы сæргълæууæг дæр раарфæ кодта Георгийæн, йе ‘нæниздзинад кæй фæхуыздæр, уый тыххæй æмæ йын йæ цæст бауарзта дарддæр фидар æнæниздзинад. «Мæн уырны, фидæны ды де ‘нтыстытæй кæй рухс кæндзынæ не ‘ппæты зæрдæтæ дæр», – загъта Бибылты Анатоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.