РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид йæхимæ райста Хъырымы ирон диаспорæйы минæвар Битеты Эльбрусы.

«Мæнæн тынг æхсызгон у дæуæн арфæ ракæнын Хуссар Ирыстоны. Мах нæ хъус дарæм Хъырымы уавæрмæ æмæ цымыдисон уаид, абон уым нæ адæм куыд цæрынц, уый базонын», — загъта Тыбылты Леонид уазæгæн æгасцу зæгъгæйæ.

Йæхирдыгæй фарс Битеты Эльбрус банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ Хъырымы цæры Ирыстонæй рацæугæ бирæ цæрджытæ, кæцытæй ал-чидæр активонæй хæцы, Уæрæсейы Федераци цы политикæ уадзы, уый æвварс.

«Ирæтты ’хсæн ис депутаттæ дæр, кæцытæ архайынц Уæрæсейы Федерацийы хæрзиуæгæн æмæ активонæй æххуыс кæнынц, цы политикæ æххæст цæуы, уымæн. Иумиагæй сисгæйæ, нæ адæм цæрынц хорз уавæрты. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис ахæм бынæттæ, цыран нырма цард у цъус уæззаудæр, фæлæ алчидæр æмбары, уый кæй у рæстæгмæ æмæ тагъд рæстæджы цард кæй фæхуыздæр уыдзæн», — загъта Битеты Эльбрус.

Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсемæ æввахсдæр кæнын у хуссарирыстойнаг паддзахады политикон курс æмæ æвæрццаг аргъ скодта, Уæрæсейы Федераци цы политикæ æххæст кæны, уый æвварс ирæттæ кæй хæцынц, уыцы тенденцийæн кæм-фæнды ма цæрой, уæддæр.

«Уæрæсе махæн баххуыс кодта æмæ нæ фервæзын кодта нæ хуссайраг сыхæгты ’рдыгæй гарзджын агрессийы рæстæджы. Уыцы æххуысæн саргъгæнæн дæр нæй æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мах уымæн хъуамæ дзуапп дæттæм бузныджы ныхæстæй. Тынг æхсызгон мын у нæ адæм Хъырымы кæй аразынц æппæт дæр, цæмæй Уæрæсеимæ нæ æмархайд уа ноджы æнгомдæр», — банысан кодта уый.

Фембæлды рæстæджы ма уынаффæ цыдис 2016 азы Хъырыммæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты бæлвырд категорийы гæнæнуæвæн ацыды плæнттыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.