Алы ӕвӕрццаг хъуыддагыл ӕнувыд ӕмӕ иузӕрдион уӕвын, зӕрдæйӕ йӕ уарзын ӕмӕ йын аргъ ӕмӕ йын кад кӕнын – хорз ӕмӕ раппӕлинаг у. Фӕлӕ уӕддӕр ӕппӕты фыццӕгтӕй мадӕлон ӕвзагыл ӕнувыд уӕвын, кады бынаты йӕ ӕвӕрын сӕйраг ӕмӕ ахсджиаг у. Уыцы раппӕлинаг миниуджытӕй хайджын чи у, ирон мыхуырон дзырд йӕ зӕрдӕмӕ ӕввахс чи исы, уыдонæй сӕ иу у нӕ горӕты цӕрӕг Гаглойты Валя дӕр. Уӕздан ӕмӕ ирон сылгоймаджы раппӕлинаг миниуджытӕй хайджын чи фӕци, уыдонмӕ ма бафтауын хъӕуы, мадӕлон ӕвзагмӕ ӕгӕрон уарзт ӕдзухдӕр йӕ уӕнгты кӕй тӕлфы ӕмӕ уымӕй йе ‘взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ кӕй никуы фӕхицӕн, уый. Дзырдта сӕрыстырӕй ӕмӕ уыцы-иу рӕстӕджы мӕстыйӕ дӕр, сӕ ных къуырдта, йӕ мадӕлон ӕвзагмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй чи кæсы, йӕ размӕцыдыл чи нæ тыхсы æмæ   хъуыды кӕны, уыдон ныхмӕ. Ӕмӕ цӕмӕй афтæ ма уа, дидин ӕфтауа не ‘взаг, уый тыххӕй та сиды ӕмӕ курӕг у алы адӕймагӕй дӕр, цӕмӕй йыл хӕцой фидар, уа сӕм нымады, кӕсой ирон мыхуыр.

Гаглойты чызг гуыргӕ ӕмӕ хъомыл дӕр кодта Цхинвалы районы  Додоты хъӕуы. Ацы къаннӕг хъӕуӕй ракӕсгӕйӕ дӕм армытъӕпӕнау разындзысты Хуссар Ирыстоны бирӕ быдираг хъӕутӕ ӕмӕ чысыл сабийӕн сӕ уынд хаста ӕхцондзинад. Ирон нывӕфтыд литературӕ йӕ хӕрзгъӕд ӕмӕ бӕр-кадджын уацмыстӕй чи фӕхъӕздыгдӕр кодта, йӕ диссаджы сфӕлдисгӕ спектакльтӕм ӕзфӕраздӕронӕй чи тындзыдта, уыцы курдиатджын прозаик ӕмӕ драматург Гаглойты Владимиры хо Валяйӕ зӕгъын. Ацы бинонтӕн сӕ туджы уыд уарзт мадӕлон ӕвзагмӕ ӕмӕ уымӕй хайджын фӕци Валя дӕр.  4-ӕм къласы та  куы ахуыр кодта, уӕдӕй йын ссис уарзон ирон газет ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ нӕ ивы абоны онг дӕр. Хӕдзармӕ сӕм куы бахызтӕн, уыцы рӕстӕджы дӕр йӕ къухы уыд газет «Хурзӕрин», йе ‘рмӕджытӕ йын каст фӕуд кодта, фӕлӕ йӕ ӕз «бахъыгдардтон». Уӕд мын йӕ царды ӕрцӕугӕ  цаутӕй  чысыл  цыдӕртӕ  радзырдта. Астӕуккаг скъола каст фӕуыны фӕстӕ йӕ ахуыр адарддӕр кодта нӕхи хъӕууонхӕдзарадон техникумы бухгалтерийы хайады. Ӕнтысгӕйӕ йӕ каст фӕци ӕмӕ йӕ фӕллойадон архайд райдыдта Цхинвалы хъӕдкуыстгӕнӕн комбинаты йӕ дӕсныйадыл. Валя йӕ куыстыл уыд иузӕрдон уыимæ уыд, рӕстылдзурæг ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ кад кодтой йӕ хистӕртӕ ӕмӕ кусджытӕ дӕр. Гаглойты чызг ацы комбинаты  фӕфӕллой кодта пенсийы ацӕуыны бонмӕ. Йӕ хорз ӕмӕ цӕсгомджын куысты тыххӕй бынтон ӕвзонгӕй ӕвзӕрст ӕрцыд Гуырдзыстоны Сæйраг Советмӕ депутатӕй.

Валя куыд зӕгъы, афтӕмӕй йӕ бон нӕу ӕнӕ ирон газет, «Хурзӕрин»-ы алы номыры рацыдмӕ дӕр фенхъӕлмӕ кӕсы ӕнӕр-хъӕцӕй. Йӕ къухмӕ йӕ куы райсы, уӕд йӕхи афтӕ фӕхаты, цыма йыл хуры зӕрин тынтӕ баузӕлыдысты, нӕ дзы ныууадзы иу уац дӕр ӕнӕ бакӕсгӕ. Стӕй ма ноджы куыд кӕны, ома газет бакаст ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ ницӕмӕ уал ӕрдары, афтӕ нӕ кӕны. Йӕ бынат ссары иннӕ номырты фарсмӕ. Къорд азты сӕ ӕмбырд кӕны хӕдзары иу хатӕны бӕрӕг бынаты ӕмӕ уымӕй дӕр у раппӕлинаг. Уый бузныг ӕмӕ райгонд у, газет рухсмӕ фӕзыныныл чидӕриддӕр фыдӕбон кӕны, уыдонӕй се ‘ппӕтӕй дӕр, йӕ цӕст сын уарзы ӕнӕниздзинад ӕмӕ ног сфӕлдыстадон ӕнтыстытӕ. Валя, ныртӕккӕ чысыл хъӕрзгӕ дӕ ӕмӕ дын махӕн дӕр нӕ зӕрдӕ зӕгъы, цӕмӕй уӕнгтæрогӕй ӕмӕ хорз зӕрдӕйы уагимӕ бирӕ азты дӕ къухмӕ исай ӕмӕ кӕсай «Хурзӕрин».

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.