Беслæны стыр трагедийыл ссæдз азы сæххæсты фæлгæтты дарддæр цæуынц алыхуызон мадзæлттæ. Ацы фыдохы бонты нæ бæстæйы Президент Владимир Путин йæхицæн хæсыл банымадта ирон адæмы фарсмæ æрбалæууын, сæ хъыгæй сын иу чысыл хай йæхимæ райсын. Фыццаг хатт ахæм балцы æрцыд теракты хæд фæстæ, дыккаг хатт – 2008 азы.

Бæстæйы Президент йæ балц райдыдта, теракты амæттæгтæ се ‘нусон бынат кæм ссардтой, уырдыгæй – мемориалон комплекс «Зæдты горæтæй». Йæмæ уыдысты йæ Æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Рахисфарсы районы Сæргълæууæг Фрайты Сослан. «Зæдты горæты» Владимир Путин «Хъыггæнæг бæлас»-ы æмæ сæрмагонд нысаниуæджы къорды хæстонтæ-хъæбатырты цыртдзæвæнтыл дидинджытæ сæвæргæйæ æмæ сын йæ зонгуытыл æрлæугæйæ, йæ сæрæй ныллæг акуывта.

Уый фæстæ мадзæлттæ дарддæр цыдысты 1-æм скъола-музейы. Пырх залы азилгæйæ æмæ æдзард сывæллæтты, сæ мадæлты, ахуыргæнджыты, ирвæзынгæнджыты къамтæ феныны фæстæ, хайад райста фыд Пахомийы ракуывды.

Дарддæр йæ фембæлд уыд «Беслæны мадæлты» комитеты уæнгтæ Дудиаты Сусаннæ, Гæдиаты Анетæ æмæ Сидахъаты Ритæимæ. Бæстæйы разамонæг йæ ныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй знаг алы мадзæлттæй архайы Уæрæсейы ныддихтæ кæныныл, йæ адæмы йын кæрæдзи ныхмæ скæныныл. Уый тыххæй аразы æппæт дæр. «Абон та йæ уыцы фыдæх ныккалдта Украинæйыл. Уыдоны къухæй сæ фæнды Уæрæсейы скуынæг кæнын, фæлæ сын дзы ницы рауайдзæн. Нæ бæстæйы адæм æмзондæй сæ ныхмæ растадысты. Мах нæ хъуыддаг кæронмæ акæндзыстæм, цæмæй знаг куынæг æрцæуа. Беслæны стыр фыдбæллæх та рох никæд уыдзæн. Баззад историйы иууыл уæззаудæр цауæй. Æппæт дæр хъуамæ саразæм, цæмæй ахæм трагеди  мауал æрцæуа æмæ нæ сабитæ сыгъдæг арвы бын цæрой», – загъта Президент.  Уый фæстæ бардзырд радта, цæмæй комитеты уæнгты куырдиат адæттой прокуратурæмæ.

Бæстæйы Президент ма бабæрæг кодта Беслæны ног фыццæгæм скъола дæр. Уый арæзт æрцыд пырх скъолайы бæсты æмæ йæ алы къуым дæр æвдисы теракты стыр трагеди. Ис дзы сæрмагонд музей дæр уый тыххæй.

Йæ балцы кæрон Владимир Путин æмæ Сергей Меняйло æрдзырдтой республикæйы экономикон-социалон фарстаты тыххæй. Фæлæ уæддæр ныхас сæйрагдæр цыд Беслæны теракты æууæлтыл. Бæстæйы разамонæг бафæдзæхста Сергей Меняйлойы, цæмæй æдзухдæр бæрæг кæна слест кæныны мадзæлттæ æмæ йын хъусын кæна æппæт дæр.

Нæ уацх.     

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.