ТАБУ КÆНÆМ ХУЫЦАУÆН, ЗÆДТÆН, ДАУДЖЫТÆН

Ирон адæмы абоны кæстæр фæлтæртæ ахуырыл хæст сты, Интернеты, газетты цы кæсынц, телевизорæй цы уынынц, уый сæ зæрдыл хорз дарынц. Уый хыгъд иппæрд кæ-нынц сæ уидæгтæй. Æмæ хаттæй-хатт ирон хъуыддæгты, æвзаджы фæлгæты бахауынц къуырцдзæвæны. Тыхсын сæ кæны дзырд табу дæр. Ирон хистæртæ нæлгоймагæй, сылгоймагæй кувгæ-кувын, хи Хуыцауыл, зæдтыл, дауджытыл фæдзæхсгæйæ, сæ ныхас райдайынц табутæ кæнгæйæ. Табу у аргъуцы, нымд, кад кæныны уæлдæр къæпхæн. Нæ ахуыргонд фæлтæртæ та наукæйæ табу зонынц нæфæтчиагæй, æллойæ, тобæйæ, бар цы ми скæнæн нæй, ахæм мидисимæ. Ацы дзырд ахæм нысанимæ, мидисимæ ахуыргæндтæ раджы кæддæр фехъуыстой Полинезийы бынæттон цæрджытæй. Уæрæсейы наукæты академийы уагъд “Современный словарь иностранных слов”-ы кæсæм: “Табу неск. с/ полинез tави священный, запретный. 1. У первобытных народов религиозный запрет на какие-л. действия, предметы на их обозначения в языке. 2. перен. Вообще запрет чего-л. “Газетчики сняли запрет с этой темы”. Поли-нези ис Сабыр фурды астæу сакъадæхтыл. Цы бынæттон цæрджытæ дзы ис, уыдон хонынц полинезийæгтæ. Се ‘взагыл табу амоны тобæ, æлло, бар цы хъуыддаг, ми бакæнынæн нæй, уый. Куы йæ бакæнай, уæд дæ уæлдæр тыхты фыдæх баййафдзæн. Гъе ныр ма мын зæгъут, далæ кæм-дæр, Гандзайæ бирæ-бирæ дарддæр цавæрдæр ахуыргæндтæ цыдæр хъæддаг адæммæ нæ уæлвонг уаз дзырд табуйы хуызæн цыдæр фехъуыстой, наукæмæ йæ бахастой æмæ йæ уый тыххæй мауал дзурæм? Иуæй-иу хатт ацы æмæ æндæр дзырдты нысаниуæджы, йæ ирон цардæй, æгъдауæй чи фæиппæрд, уыдон адæмы, уæлдайдæр та кæстæрты сдыгъуырццæг кæнынц, сæхæдæг рæстмæ кæй нæ фæзонынц, уый амоныны басгуыхынц. Æмæ ахæмтæн ныхкъуырд дæттын хъæуы. – Табу Дунескæнæг Иунæг Стыр Хуыцауæн, йе сконд зæдтæ æмæ дауджытæн! Оммен!

 

КУСАРТЫ РИУЫ ГУЫДЫР

Нæ фыдæлтæ фылдæр фосдараг уыдысты æмæ иттæг хорз зыдтой фосы куыст. Абон уавæр æндæр у, кусарт акæ-нын дæр ма стæмтæ зонынц. Бирæтæ уæнггай кусарт цы у, цæмæй хицæн кæны, кæд æй кæнынц, уый дæр нал æвзарынц. Кусартæн йæ къубал æмæ йæ бæрзæй фæхицæн кæнынмæ нал арæхсынц. Æмæ хатт фынгыл хистæрты раз – цины уа, зианы – бæрзæйы бæсты къубал æрæвæрынц. Уымæй дæр ма йæ бирæгъы хай вæййы йæ уæлæ. Бæрзæй у, гал æфсондзыл размæ цæмæй хæцы, уый. Уымæй размæ та ис къубал. Йæ тæккæ кæрон ис бирæгъы хай – æнæ дзидза стæг. Кусартгæнæг уа, æви æргæвдæг-иу æй ралыг кодта æмæ-иу æй иуварс аппæрста. А, бирæгътæ, уый та уæ хай æмæ нын нæ фосмæ ма лæбурут, зæгъгæ. Ацы хабæрттæ кæд лыстæг хъуыддæгтæ сты, уæддæр æгъдæуттимæ баст сты, æмæ сæ базонын фæнды суанг нæ сылгоймæгтæй дæр бирæты. Æмæ куы иу фарст стынг кæнынц, куы – иннæ. Хæрзæрæджы бирæ рæтты, стæй телефонæй дæр фехъусæн уыд: “Кусарты риуæй цы æргъиу ралыг кæнынц, уый та куыд хуыйны?” Кусарты риуы гуыдыр, уæллаг фæрсчытæ фидаргонд кæуыл сты, уый хуыйны мурзæг, кæразимаг та – фæрсчытимæ. Ирон адæмон зарæджы ис ахæм ныхæстæ: “Кæразимагимæ дын физонæг”. Ома, физонæг кæразимаг æмæ фæрсчытимæ иумæ. Мурзæджы кæрон ис чысыл æргъиу. Уый та хуыйны гæркъуыр. Кусарт чи фæкæны, уый йæ ралыг кæны æмæ-иу æй раздæр хохаг хæдзары астæуккаг цæджындзыл батъæпп ласта, ныр та – дуары сæрмæ. Кæд, дам, хорз аныхæса, уæд хæдзары сиахс йæ каистыл иузæрдион у-иу дзырдтой. Æмæ йæ уымæ гæсгæ сиахсаггаг дæр хонын райдыдтой. Стæй ма – ныхасæггаг дæр. Кæй аныхæсы, уымæ гæсгæ. Ацы æгъдау кæнынц куывды, чындзæхсæвы рæстæг. Зианы фæдыл хъуыддаджы йæ къухмæ кард чи райсы, уый кусартгæнæг дæр нæ хуыйны, фæлæ æргæвдæг. Туг цæмæй суадзы, уый та æргæвдинаг, цины хъуыддаджы та – кусæрттаг, нывондаг. Къоста нын йæ æмдзæвгæ “Зонын”-ы хуымæтæджы нæ зæгъы: “Зонын æргæвддзыстут исты”.

 

ЦИНЫ ФЫНГЫЛ РУХСАГ

ЗÆГЪЫН НÆ ФÆТЧЫ

Ирон адæммæ ис дыууæ дзырды: фынгæвæрд æмæ фынджыдзаг. Фынгæвæрд вæййы цины хъуыддаджы, Стыр Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм скувын, хи сыл бафæдзæхсыны тыххæй, фынджыдзаг та – мæрдтæн рухсаг зæгъыны, æрымысыны тыххæй. Фынгæвæрд æмæ фынджыдзаг хицæн кæнынц, цы бæркад сыл вæййы, уымæй дæр. Фынджыдзаг æрцæттæ кæнынц сабатмæ, фынгæвæрд та – къуырийы иннæ бонтæй кæцыфæндыйы дæр. Цины фынгыл: куывды уа, чындзæхсæвы, чызгæрвысты ссарынц, бинонтæй чи фæхъуыд, уыдоны нæмттæ дæр. Цæмæй хæдзарыл цы хорз хъуыддаг æрцыд, ууыл уыдон дæр фæцин кæной, сæ фарн мæрдтæм ма ацæуа, фæлæ уæлæуыл баззайа, удæгæстæн æххуысæн, аудой сыл. Марды аудындзинад, дам, зæды аудындзинадæй къаддæр нæу, куы фæзæгъынц. Фæлæ сын цины фынджы бæркадæй рухсаг зæгъын нæ фæтчы! Уымæн æмæ фынг Стыр Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджыты номыл у. Уыдон сбуц кæнынæн сты, фынгыл цыдæриддæр æвæрд ис, уыцы хойраг, фыдызгъæл, нозт æмæ иннæтæ. Дæ мардмæ рухсаг зæгъынæй кæд дæ зæрдæ æхсайы, уæд ын хæстæгдæр мæрдты бон сабатмæ фынджыдзаг æрцæттæ кæн æмæ йын æй ныххæлар кæн. Зæдты æмæ дауджыты дæхимæ ма мæсты кæн, сæ фыдæхæй дæхи хъахъхъæн. Ацы хъуыддаг арæх фынгыл дзырддаг свæййы. Чидæртæ ныццæхгæр вæй-йынц, мæнæн мæ фыд афтæ кодта, зæгъгæ. Омæ, гормон, кæд дæ фыд рæдыд, уæд ды дæр хъуамæ рæдийай? Цы æгъдауимæ баст у, цы æвдисы, хæццæ-мæццæ кæнын йеддæмæ цы дæтты? Ницы. Табутæ цы хойрагимæ кæ-нæм, уый фарн цæмæн сафыс?!

 

АФÆДЗЫ КÆНДЫ ÆРТÆ ЧЪИРИЙЫ

Афæдзы кæнды фæстагмæ цы æртæ чъирийы рахæссынц, уыдоны æгъдау дæр та чидæртæ иннæрдæм здахынц. Уый фæдыл дæр нæ фæрсæг арæх вæййы. Зонæм æй: ирон адæймаг Стыр Хуыцауы ном ары æртæ уæливыхæй, стæй дыууæ уæливыхæй дæр. Цины æртæ хæбизджынæй, зианы – дыууæйæ. Æмæ йæм уымæн фæкувæм, фæкурæм дзы “Хуыцау, Стыр Хуыцау! Цытджын нын дæ æмæ дын дæ ном фылдæр æртыгай уæливыхтæй куыд арæм, уыцы ахъаз бакæн”. Æртæ хæбизджынæй куы фæкувæм, уæд сæ кæрæдзийæ фæхицæн кæнæм, уæлæмæ æртæйæ куыд зыной. Ома, Хуыцау, дунемæ нæ радтай æмæ дзы цæрæм зæххыл – бинаг уæливых, дон – астæуккаг æмæ хуры – уæллаг уæливыхы фæрцы. Чи амæлы, ууыл йæ хур аныгуылы æмæ зианы фынгтыл уæллаг уæливых нал æвæрæм. Дыууæ кæрдзынæй дзы арæм Хуыцауы ном, кæнæм рухсаджы æмæ цæрæнбоны рæгъытæ. Æрмæст хыссæйы, цыхты змæсты сæртæй æфсинтæ æртæ уæливыхы ракæнынц, сыхы æмæ мыггаджы хистæртæй дыууæмæ фæдзурынц. Уыдон сæ скувынц, бинонты Хуыцауы уазæг бакæнынц, цæмæй сыл нырæй фæстæмæ хорз хабæрттæ цæуа. Саходынц дзы, иннæ хойраг, нозт æфсинтæн баззайы. Фынгыл та æрæвæрынц дыууæ кæрдзыны. Зианы кæрдзынгæнджытæ афæдзы кæнды фынгмæ дæр æрцæттæ кæнынц æртæ уæливыхы. Æрмæст сæ уырдыглæууæг хистæрты фынгмæ æфсинты разæй арахъы æндæр гоцъоби æмæ агуывзæимæ рахæссы, хистæр марды Мæрдты бæсты æмæ йæ бинонты дæр Мыкалгабырыл куы бафæдзæхсы, уæд. Мыкалгабыр та у фыдбылызсафæг, бæркадæфтауæг æмæ йæ хъомыс Мæрдты бæстæм дæр æххæссы. Уырдыглæууæг рагацау хистæрты раз сæр æмæ бæрзæйæ уæлæмæ айафтид кæны, стæй дзы æртæ хæбизджыны æрæвæры. Агуывзæ арахъæй байдзаг кæны æмæ йæ хистæрмæ радты. Уый, бæркады рæгъ кæронмæ куы ахæццæ вæййы, уæд сысты. Сыстынц иууылдæр. Æмæ фынджы хистæр бинонтæн скувы Стыр Хуыцаумæ, йе сконд зæдтæ æмæ дауджытæм. Фæзæгъы, бинонтæ сæ мардæн афæдзæй-афæдзмæ æмбæлгæ æгъдæуттæ кæй фæкодтой. Æмæ сыл хæрзмæ аудæд. Нырæй фæстæмæ сæ кæстæртæн цины хъуыддæгтæм цæуыны, хъæлдзæг хабæрттæ кæныны бар ис. Сæ лæппутæн устытæ курынæн, сæ чызджытæн – чындзы цæуынæн. Хуыцау сæ хорздзинæдты бафтауæд. Уый фæстæ кувæггаг авæры сæ уæлхъус бинонты нæлгоймæгтæй чи æрбалæууы, кæнæ уырдыглæууæгмæ. Уый дзы ацаходы, уæливыхтæй саходы. Æмæ ууыл бадт ахицæн вæййы. Æртæ уæливыхы æмæ гоцъобийы арахъ агуывзæимæ уырдыглæууæг бахæссы, кæцæй сæ рахаста, уырдæм хæдзармæ. Ацы æгъдау сын сæ дыууæ кæрдзыны аивын кæны æртæйæ. Алы хистæр афтæ кæй нæ кæны, хæрнæджы фынгыл ма адæмы ногæй чи æрбадын кæны æмæ дзы рæгъыты бæсты сидтытæ – æртæ кæнæ фондз чи рауадзы, ахæмтæ дæр кæй вæййы, уый адæмы зæрдæмæ нæ цæуы, тыхсын сæ кæны æмæ сæ хъаст хæссынц “Рæстдзинад”-мæ. Ногæй æрбадын-иу æй æгъдауы не ‘мбæлы, иннæмæй ма уымæй фыдуынддæр цы уа, марды раз та – тæригъæд. Мардæн цы фынджы бæркад ныххæлар кодтой, ууыл сидтытæ уадзын нæ фæтчы. Ахæм хистæры дæле зын бадæн у. Æмæ кæд бæркады рæгъы фæстæ сыстадтæ, уæд мауал сбад. Уым æнæгъдау мийæ мур дæр ницы ис, хистæр у йæхæдæг æнæгъдау?

ЦГЪОЙТЫ Хазби

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.